[1] Уыцы рӕстӕг кесӕр Август бафӕдзӕхста ӕппӕт бӕстӕйы адӕмы сфыссын.
[2] Ацы сфыст уыди фыццаг; арӕзт ӕрцыди, Квирини Сирийӕн хицауиуӕг куы кодта, уыцы заман.
[3] Ӕмӕ алчидӕр йӕхи ныффыссын кӕнынмӕ ацыд йӕ сахармӕ.
[4] Иосиф дӕр галилейаг сахар Назаретӕй ацыд Иудейӕмӕ, Вифлеем кӕй хонынц, Давиды уыцы сахармӕ, уымӕн ӕмӕ Давиды къонайӕ уыди, йӕ байзӕддаг.
[5] Ныффыссын кӕнынмӕ ацыди куырдуаты йын бадӕг Мариаимӕ; Мариа та ӕнхъӕлцау уыди.
[6] Вифлеемы куы уыдысты, уӕд Мариайӕн ӕрхӕццӕ арынафон.
[7] Ӕмӕ ныййардта Йӕ Фыццаг Фырты, батыхта Йӕ хӕцъилты ӕмӕ Йӕ нывӕрдта кӕвдӕсы, уымӕн ӕмӕ сын фысымуаты бынат нӕ разынд.
[8] Уыцы ран, быдыры, уыдысты фыййӕуттӕ. Уыдон ӕхсӕвы хъахъхъӕдтой сӕ дзуг.
[9] Фыййӕутты раз февзӕрд Хуыцауы зӕд; Хуыцауы намыс сӕ ныррухс кодта, ӕмӕ стыр тасы бафтыдысты.
[10] Фӕлӕ сын зӕд загъта: «Ма тӕрсут, ӕз уӕм ӕрхастон, ӕппӕт адӕм кӕмӕй схайджын уыдзысты, ахӕм стыр цин:
[11] Абон уын Давиды сахары райгуырд Ирвӕзынгӕнӕг – Хицау Чырысти.
[12] Мӕнӕ Йӕ уымӕй базондзыстут: Сывӕллоны ссардзыстут хӕцъилты тыхтӕй, кӕвдӕсы хуысгӕйӕ».
[13] Зӕдимӕ ӕваст баиу ӕнӕнымӕц уӕларвон ӕфсад, ӕмӕ кад кодтой Хуыцауӕн:
[14] «Намыс Хуыцауӕн уӕлӕрвты, зӕххыл та фӕрнджын уӕнт, Хуыцау кӕуыл ауды, уыдон».
[15] Зӕдтӕ сӕ цурӕй уӕларвмӕ куы сивгъуыдтой, уӕд фыййӕуттӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Уӕдӕ фӕцӕуӕм Вифлееммӕ ӕмӕ фенӕм, цы ӕрцыди – Хуыцау нын цӕй тыххӕй фехъусын кодта, уый».
[16] Атындзыдтой уырдӕм; куы бахӕццӕ сты, уӕд дзы баййӕфтой Мариа ӕмӕ Иосифы, ӕмӕ Сывӕллоны кӕвдӕсы хуысгӕйӕ.
[17] Куы Йӕ федтой, уӕд радзырдтой, уыцы Сывӕллоны тыххӕй сын цы загъдӕуыд, уый.
[18] Фыййӕуттӕ сын цы загътой, уый дисы бафтыдта, чи сӕ фехъуыста, уыдоны сеппӕты дӕр.
[19] Мариа та ӕппӕт уыдӕттӕ дардта Йӕ зӕрдӕйы, ӕмӕ сыл нывӕзта Йӕ хъуыдытӕ.
[20] Фыййӕуттӕ раздӕхтысты, ӕмӕ цы фехъуыстой, цы федтой, уый тыххӕй кад кодтой Хуыцауӕн. Ӕппӕт дӕр рауади, куыд сын загъдӕуыд, афтӕ.
[21] Аст боны фӕстӕ, Сывӕллонӕн сунӕты афон куы ралӕууыд, уӕд Ӕй схуыдтой Йесо. Зӕд Ын уыцы ном рагацау радта, Йӕ Мады гуыбыны дӕр куы нӕма уыд, уӕд.
[22] Моисейы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ се ссыгъдӕг кӕныны бонтӕ куы аивгъуыдтой, уӕд Йесойы ӕрхастой Иерусалиммӕ, Хуыцауы раз Ӕй ӕрлӕууын кӕнынмӕ,
[23] Хуыцауы Ӕгъдауы куыд фыст у, афтӕ: «Фыццаг сывӕллон лӕппу куы уа, уӕд лӕвӕрд ӕрцӕуӕд Хуыцауӕн».
[24] Стӕй Хуыцауы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нывондӕн хъуамӕ ӕрхастаиккой дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ лӕппын бӕлоны.
[25] Уӕды заман Иерусалимы уыд иу лӕг, йӕ ном – Симеон. Уый уыди раст ӕмӕ Хуыцауыл ӕнувыд адӕймаг, ӕнхъӕлмӕ каст, Хуыцау Израилы кӕд барӕвдаудзӕн, уымӕ; хайджын уыди Сыгъдӕг Удӕй.
[26] Сыгъдӕг Уд ын раргом кодта, Хуыцау Кӕй рарвита, цалынмӕ уыцы Чырыстийы фена, уӕдмӕ нӕ амӕлдзӕн, зӕгъгӕ.
[27] Ӕмӕ йын Сыгъдӕг Уд йӕ зӕрдӕйы нывӕрдта Кувӕндонмӕ ӕрцӕуын. Моисейы Ӕгъдау бакӕныны тыххӕй ныййарджытӕ Саби Йесойы Кувӕндонмӕ куы ӕрхастой,
[28] Уӕд Ӕй Симеон райста йӕ хъӕбысмӕ, арфӕ ракодта Хуыцауӕн ӕмӕ загъта:
[29] «Зӕрдӕ мын куыд бавӕрдтай, Дунедарӕг, афтӕ ныр Дӕ цагъары ӕрвитыс фарнимӕ,
[30] Уымӕн ӕмӕ мӕхи цӕстӕй федтон Дӕуӕй лӕвӕрд ирвӕзындзинад.
[31] Ӕрцӕттӕ йӕ кодтай ӕппӕт адӕмтӕн;
[32] Муртаттӕн уый уыдзӕни Дӕу ӕргомгӕнӕг рухс, Дӕ адӕмӕн, Израилӕн та – намыс».
[33] Йесойы тыххӕй цы загъдӕуыд, уый диссаг фӕкасти Сабийы фыд ӕмӕ Мадмӕ.
[34] Симеон сыл Хуыцауы арфӕ бафтыдта, ӕмӕ Йесойы Мад Мариайӕн загъта: «Мӕнӕ ацы Сывӕллоны тыххӕй израилаг адӕмӕй бирӕтӕ фӕкӕлдзысты, бирӕтӕ та сбӕрзонд уыдзысты. Уый расайдзӕн быцӕутӕ,
[35] Ӕмӕ афтӕмӕй бирӕтӕн раргом уыдзысты сӕ зӕрдӕты арф ӕвӕрд хъуыдытӕ; Дӕуӕн та Дӕ риуы ахиздзӕни цирхъ».
[36] Уым уыд Аннӕ-пехуымпар дӕр, Фануилы чызг, Асиры хӕдзарвӕндагӕй. Уыди тынг зӕронд; йӕ лӕгимӕ фӕцард авд азы,
[37] Баззад идӕдзӕй ӕмӕ йыл ныр цыди цыппар ӕмӕ цыппарыссӕдз азы. Кувӕндон никуы ныууагъта, ком дардта ӕмӕ куывта, ӕхсӕвӕй-бонӕй куыста Хуыцауӕн.
[38] Уый дӕр сӕм бацыд уыцы рӕстӕг, кад кодта Хуыцауӕн, Иерусалимы ссӕрибармӕ чи ӕнхъӕлмӕ каст, уыдонӕн дзырдта Йесойы тыххӕй.
[39] Иосиф ӕмӕ Мариа Хуыцауы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ӕппӕт дӕр куы бакодтой, уӕд раздӕхтысты Галилеймӕ, сӕ сахар Назаретмӕ.
[40] Сывӕллон та рӕзыд ӕмӕ фидар кодта, ӕфтыд Йӕ зондыл, хайджын уыди Хуыцауы фарнӕй.
[41] Йӕ ныййарджытӕ Куадзӕны бӕрӕгбонмӕ ӕрвылаз Иерусалиммӕ цыдысты.
[42] Йесойыл дыууадӕс азы куы сӕххӕст, уӕд дӕр бӕрӕгбонмӕ ацыдысты Иерусалиммӕ.
[43] Бӕрӕгбоны фӕстӕ сӕхимӕ куы здӕхтысты, уӕд ӕнахъом Йесо баззади Иерусалимы, ӕмӕ уый Йӕ ныййарджытӕ нӕ бафиппайдтой.
[44] Ӕнхъӕл уыдысты, иннӕтимӕ ӕрбацӕуы, зӕгъгӕ, ӕмӕ иу бонцау куы ацыдысты, уӕд Ӕй агурын райдыдтой хӕстӕджыты ӕмӕ зонгӕты ӕхсӕн.
[45] Куы нӕ Йӕ ссардтой, уӕд Йӕ агурӕг аздӕхтысты Иерусалиммӕ.
[46] Ӕртӕ боны фӕстӕ Йӕ ссардтой Кувӕндоны. Йесо бадтис ахуыргӕнджыты ӕхсӕн, хъуыста сӕм ӕмӕ сӕ алцӕмӕйты фарста.
[47] Чи Йӕм хъуыста, уыдон сеппӕт дӕр дис кодтой Йӕ зонд ӕмӕ дзуаппытыл.
[48] Ныййарджытӕ Йӕ куы федтой, уӕд бафтыдысты дисы. Йӕ Мад Ын загъта: «Хъӕбул, ай нын цы бакодтай? Дӕ фыдимӕ Дӕ стыр тыхстӕй агуырдтам».
[49] Йесо сын загъта: «Цӕмӕ Мӕ агуырдтат? Ӕви сымах нӕ зыдтат, Ӕз Мӕ Фыды хӕдзары кӕй хъуамӕ уон, уый?»
[50] Фӕлӕ сын цы загъта, уый нӕ бамбӕрстой.
[51] Йесо араст семӕ, ӕрцыд Назаретмӕ ӕмӕ сын уыди коммӕгӕс. Цы ӕрцыд, ӕппӕт уыдӕттӕ Йӕ Мад дардта йӕ зӕрдӕйы.
[52] Йесо та кодта зондджынӕй-зондджындӕр, рӕз хаста Хуыцауӕн ӕмӕ адӕмӕн уарзонӕй.