Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 7:06

[1] Иухатт Йесо лӕууыди Геннисареты цады былыл ӕмӕ Йӕм бырстой адӕм, цӕмӕй байхъусой Хуыцауы ныхасмӕ.

[2] Уыцы рӕстӕг Йесо федта дыууӕ бӕлӕгъы цады лӕугӕ; кӕсагахсджытӕ рахызтысты бӕлӕгътӕй ӕмӕ ӕхсадтой сӕ хызтӕ.

[3] Йесо бахызт бӕлӕгътӕй иумӕ, Симоны бӕлӕгъмӕ, ӕмӕ йӕм бахатыди, былӕй иучысыл фӕхибар уӕм, зӕгъгӕ. Стӕй сбадт бӕлӕгъы ӕмӕ уырдыгӕй ахуыр кодта адӕмы.

[4] Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд загъта Симонӕн: «Арфдӕр кӕм у, уырдӕм бацу, баппарут уӕ хызтӕ ӕмӕ ӕрцахсдзыстут».

[5] Симон Ын дзуапп радта: «Хицау, мах фӕтухӕн кодтам ӕгас ӕхсӕв ӕмӕ ницы ӕрцахстам. Фӕлӕ Дӕ ныхасӕй баппардзынӕн хыз».

[6] Хыз куы баппӕрстой, уӕд ӕрцахстой афтӕ бирӕ кӕсӕгтӕ, ӕмӕ суанг сӕ хыз скъуыйын райдыдта.

[7] Иннӕ бӕлӕгъы чи уыди, сӕ уыцы ӕмбӕлттӕм фӕтылдтой сӕ къухтӕ, цӕмӕй сӕм ӕрбацӕуой ӕххуысмӕ. Ӕрбацыдысты сӕм ӕмӕ дыууӕ бӕлӕгъы дӕр афтӕ байдзаг кодтой, ӕмӕ сын райдыдтой дӕлдон кӕнын.

[8] Симон Петр уый куы федта, уӕд ӕрхауд Йесойы уӕрджытӕм ӕмӕ загъта: «Ныууадз мӕ, Хицау, ӕз тӕригъӕдджын адӕймаг дӕн».

[9] Петры, стӕй йемӕ чи уыди, уыдоны сеппӕты дӕр стыр тасы бафтыдта, уыйбӕрц кӕсӕгтӕ кӕй ӕрцахстой, уый.

[10] Тас бацыди Симоны ӕмбӕлтты дӕр – Зеведейы фырттӕ Иаков ӕмӕ Иоанны. Уӕд Йесо загъта Симонӕн: «Ма тӕрс. Нырӕй фӕстӕмӕ адӕмахсӕг уыдзынӕ».

[11] Дыууӕ бӕлӕгъы дӕр раластой былмӕ, ныууагътой ӕппӕт дӕр ӕмӕ ацыдысты Йесойы фӕдыл.

[12] Йесо сахартӕй иуы куы уыди, уӕд фембӕлд, йӕ буар ӕнӕхъӕнӕй дӕр хъотыры бын кӕмӕн фӕци, ахӕм лӕгыл. Уый Йесойы куы федта, уӕд ӕрхауди дӕлгоммӕ ӕмӕ Йын лӕгъстӕ кодта: «Хицау, кӕд Дӕ фӕнды, уӕд Дӕ бон у, ӕмӕ мӕ ссыгъдӕг кӕнай».

[13] Йесо радардта Йӕ къух, бандзӕвыд ыл ӕмӕ загъта: «Фӕнды Мӕ, ссыгъдӕг у». Ӕмӕ йӕ уыйадыл хъотыр ныууагъта.

[14] Йесо йын бафӕдзӕхста: «Макӕмӕн ӕй зӕгъ, фӕлӕ ацу, дӕхи фенын кӕн сауджынӕн, ӕмӕ кӕй ссыгъдӕг дӕ, уый тыххӕй ӕрхӕсс нывонд, Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ – кӕй сдзӕбӕх дӕ, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн» .

[15] Фӕлӕ уӕддӕр Йӕ кой хӕлиу кодта, цыдис Ӕм тынг бирӕ адӕм байхъусынмӕ ӕмӕ сӕ низтӕй дзӕбӕх кӕнынмӕ.

[16] Йесо та-иу ацыди хибар рӕттӕм ӕмӕ куывта.

[17] Иухатт Йесо ахуыр кодта адӕмы. Уым бадтысты фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ – ӕрцыдысты Галилейы ӕмӕ Иудейӕйы алы хъӕутӕй ӕмӕ Иерусалимӕй. Хуыцауы хъаруйӕ Йесо дзӕбӕх кодта рынчынты.

[18] Уӕд чидӕртӕ хуыссӕныл ӕрхастой уӕнгмард адӕймаджы, ӕмӕ архайдтой хӕдзармӕ йӕ бахӕссыныл ӕмӕ йӕ Йесойы раз ӕрӕвӕрыныл.

[19] Фӕлӕ дзы бирӕ адӕм кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ бахӕссын сӕ бон нӕ баци. Уӕд схызтысты уӕлхӕдзармӕ, систой ӕмбӕрзӕндуртӕй, ӕмӕ рынчыны ӕд хуыссӕн уаты хӕдастӕумӕ, Йесойы размӕ ӕруагътой.

[20] Йесо сын федта сӕ уырнындзинад ӕмӕ уӕнгмардӕн загъта: «Хорз лӕг, хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ».

[21] Уӕд динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ райдыдтой кӕрӕдзийӕн дзурын: «Уый Хуыцауы Чи фауы? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕнын кӕй бон у?»

[22] Йесо сын базыдта сӕ хъуыдытӕ, ӕмӕ сын загъта: «Цӕмӕн афтӕ хъуыды кӕнут?

[23] Цы ӕнцондӕр у – зӕгъын: „Хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ", ӕви: „Рабад ӕмӕ райдай цӕуын"?

[24] Фӕлӕ сымах хъуамӕ зонат, Адӕймаджы Фыртӕн кӕй ис зӕххыл тӕригъӕдтӕ хатыр кӕныны бар». Ӕмӕ загъта уӕнгмардӕн: «Дӕумӕ дзурын: рабад, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу дӕ хӕдзармӕ».

[25] Уӕнгмард уайтӕккӕ рабадти сӕ разы, систа йӕ хуыссӕн ӕмӕ, Хуыцауӕн кад кӕнгӕйӕ, ацыд йӕ хӕдзармӕ.

[26] Уӕд сеппӕт дӕр дисы бафтыдысты, ӕмӕ кад кодтой Хуыцауӕн. Тас сӕ бацыд ӕмӕ дзырдтой: «Диссаджы хъуыддӕгтӕ федтам абон».

[27] Уый фӕстӕ Йесо рацыд уырдыгӕй ӕмӕ федта иу хъалонисӕджы, йӕ ном – Левий; уый бадти хъалонисӕн бынаты. Йесо йын загъта: «Рацу Мӕ фӕдыл».

[28] Левий ныууагъта ӕппӕт дӕр, сыстад ӕмӕ ацыд Йӕ фӕдыл.

[29] Левий йӕ хӕдзары Йесойӕн ӕрӕвӕрдта хъӕздыг фынг. Фынгыл Йемӕ бадтысты бирӕ хъалонисджытӕ, стӕй ма бирӕ ӕндӕртӕ.

[30] Фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ хъуыр-хъуыр кодтой ӕмӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдтой: «Хъалонисджытимӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтимӕ цӕмӕн хӕрут ӕмӕ нуазут?»

[31] Йесо сын дзуапп радта: «Дохтыр ӕнӕнизты нӕ, фӕлӕ рынчынты хъӕуы.

[32] Ӕз ӕрцыдтӕн рӕстытӕм нӕ, фӕлӕ тӕригъӕдджынтӕм фӕсидынмӕ, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной».

[33] Уӕд Ын фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ загътой: «Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ ӕдзух дарынц ком ӕмӕ кувынц, уыдонау – фарисейты ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр; Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ та хӕрынц ӕмӕ нуазынц».

[34] Йесо сын загъта: «Сиахсаг чындзхӕсджытимӕ цалынмӕ уа, уӕдмӕ сӕ ком дарыныл бафтаудзыстут, мыййаг?

[35] Фӕлӕ ралӕудзӕн афон, ӕмӕ сын сиахсаджы куы байсой, уӕд дардзысты ком».

[36] Радзырдта сын фӕсномыг ныхас дӕр: «Ног дарӕсӕй гӕбаз ничи раскъуыны, цӕмӕй дзы зӕронд дарӕс бампъуза. Науӕд ног дарӕс дӕр ныскъуыдтӕ уыдзӕн, зӕронд дарӕсыл дӕр ног дарӕсӕй ӕмпъузӕн не сбаддзӕн.

[37] Ногдыгъд сӕн дӕр зӕронд лалымты ничи ныккӕны, науӕд ногдыгъд сӕн арӕмудздзӕни лалымтӕ, ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр акӕлдзӕни, лалымтӕ дӕр фесӕфдзысты.

[38] Ногдыгъд сӕн ног лалымты ныккӕнын хъӕуы. [Уӕд дыууӕ дӕр баззайынц ӕнӕхъӕнӕй.]

[39] Зӕронд сӕнӕй чи баназы, уый ногдыгъд сӕн нал фӕхъӕуы, уымӕн ӕмӕ фӕзӕгъы: „Зӕронд хуыздӕр у"».

Лука — Chapters