[1] Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ноджыдӕр загъта: «Тӕригъӕдмӕ мондаггӕнӕнтӕ ӕнӕмӕнг хъуамӕ уой, фӕлӕ сар йӕ сӕр, кӕй аххосӕй ӕрцӕуой, уымӕн.
[2] Ацы кӕстӕртӕй иуы тӕригъӕды чи бафтауа, уымӕн фӕлтау йӕ хъуырыл куыройыфыд куы ӕрцауындзиккой ӕмӕ йӕ денджызы куы баппариккой, уӕд ын хуыздӕр уаид.
[3] Кӕсут уӕхимӕ. Де 'фсымӕр дӕ тӕригъӕды куы бацӕуа, уӕд ын бауайдзӕф кӕн, ӕмӕ кӕд ӕрфӕсмон кӕна, уӕд ын ныббар.
[4] Бон авд хатты дӕ тӕригъӕды куы бафта ӕмӕ дӕм бон авд хатты куы бацӕуа ӕмӕ дын куы зӕгъа: „Фӕсмон кӕнын", – уӕд ын ныххатыр кӕн».
[5] Апостолтӕ Йесойӕ куырдтой: «Фӕфылдӕр нын кӕн нӕ уырнындзинад».
[6] Йесо загъта: «Хъыцъыйы гагайыйас уырнындзинад уӕм куы уаид ӕмӕ ацы тутабӕласӕн куы зӕгъиккат: „Ӕд уидӕгтӕ дӕхи срӕдув ӕмӕ денджызы ныссӕдз", уӕд уӕм байхъусид.
[7] Зӕгъӕм, сымахӕй искӕмӕн ис, хуым чи кӕны кӕнӕ фос чи хизы, ахӕм цагъар. Ӕмӕ уый быдырӕй куы ӕрбацӕуа, уӕд ын зӕгъдзынӕ, мыййаг: „Рӕвдздӕр рацу ӕмӕ фынгыл ӕрбад"?
[8] Уый нӕ, фӕлӕ йын афтӕ, мыййаг, нӕ зӕгъдзынӕ: „Сцӕттӕ мын кӕн ӕхсӕвӕр, бафистӕг кӕн дӕхи ӕмӕ, цалынмӕ хӕрон ӕмӕ нуазон, уӕдмӕ мын лӕггад кӕн; уый фӕстӕ ды дӕр хӕр ӕмӕ нуаз"?
[9] Цы йын бафӕдзӕхстӕуыд, уый кӕй сарӕзта, уый тыххӕй уыцы цагъарӕн арфӕтӕ кӕндзынӕ? [Ӕнхъӕл нӕ дӕн.]
[10] Афтӕ сымах дӕр – цыдӕриддӕр уын бафӕдзӕхстӕуыд, уый куы бакӕнат, уӕд зӕгъут: „Мах ницӕйаг цагъартӕ стӕм – цы нын ӕмбӕлд, айдагъ уый сарӕзтам"».
[11] Йесо Иерусалиммӕ куы цыди, уӕд Йӕ фӕндаг уыди Самарийы ӕмӕ Галилейы ӕхсӕн арӕныл.
[12] Ӕмӕ Йыл иу хъӕуы сӕмбӕлдысты дӕс хъотырджын лӕджы. Уыдон дӕрддзӕф ӕрлӕууыдысты,
[13] Ӕмӕ хъӕр кодтой: «Хицау Йесо, батӕригъӕд нын кӕн!»
[14] Йесо сӕ куы федта, уӕд сын загъта: «Ацӕут, уӕхи фенын кӕнут сауджынтӕн». Ӕмӕ ма фӕндагыл куы уыдысты, уӕд ссыгъдӕг сты.
[15] Кӕй сдзӕбӕх, уый сӕ иу куы федта, уӕд раздӕхт ӕмӕ хъӕлӕсыдзагӕй кад кодта Хуыцауӕн.
[16] Адӕлгом Йесойы къӕхты раз ӕмӕ Йын арфӕ кодта. Уый уыди самариаг.
[17] Уӕд Йесо загъта: «Дӕсӕй не ссыгъдӕг сты, ӕви? Иннӕ фараст адӕймаджы кӕм сты?
[18] Ацы ӕндӕрбӕстаг куы раздӕхт, уӕд уыдон цӕуылнӕ раздӕхтысты Хуыцауӕн кад скӕнынмӕ?»
[19] Ӕмӕ йын загъта: «Сыст ӕмӕ ацу. Дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта».
[20] Иухатт фарисейтӕ Йесойы бафарстой, Хуыцауы Паддзахад кӕд ӕрцӕудзӕн, зӕгъгӕ. Уый сын дзуапп радта: «Хуыцауы Паддзахады ӕрцыдӕн цӕстӕй фенӕн нӕ уыдзӕн.
[21] Афтӕ ничи зӕгъдзӕн: „Мӕнӕ ам ис", кӕнӕ: „Уӕртӕ уым ис". Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад уӕ зӕрдӕйы ис».
[22] Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Скӕндзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ уӕ бафӕнддзӕн Адӕймаджы Фырты Паддзахады бонтӕй иу уӕддӕр фенын, фӕлӕ йӕ нӕ фендзыстут.
[23] Уӕд уын зӕгъдзысты: „Мӕнӕ ам ис", кӕнӕ: „Уӕртӕ уым ис". Ма цӕут уырдӕм, ма згъорут сӕ фӕдыл.
[24] Уымӕн ӕмӕ ӕрвӕрттывд арвы иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ куыд ныррухс кӕны, афтӕ уыдзӕн Адӕймаджы Фырты ӕрцыд дӕр.
[25] Фӕлӕ уал фыццаг хъуамӕ бавзара бирӕ хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ Йыл ацы фӕлтӕр йӕхи атигъ кӕна.
[26] Ӕмӕ Нойы бонты куыд уыдис, афтӕ уыдзӕн Адӕймаджы Фырты ӕрцыды рӕстӕг дӕр.
[27] Хордтой, нуӕзтой, хастой устытӕ, цыдысты моймӕ, цалынмӕ Ной наумӕ нӕ бацыд ӕмӕ доны хъаймӕт сеппӕты дӕр нӕ фесӕфта, уӕдмӕ.
[28] Афтӕ уыди Лоты бонты дӕр: хордтой, нуӕзтой, ӕлхӕдтой, уӕй кодтой, тыдтой хуымтӕ, арӕзтой.
[29] Фӕлӕ Лот Содомӕй куы рацыд, уыцы бон уӕларвӕй ӕруарыд цӕхӕр сондонимӕ ӕмӕ сеппӕты дӕр фесӕфта.
[30] Адӕймаджы Фырт куы ӕрцӕуа, уӕд дӕр афтӕ уыдзӕн.
[31] Уыцы бон уӕлхӕдзар чи уа, уый хӕдзармӕ ма ӕрхизӕд уырдыгӕй йӕ дзаумӕттӕ рахӕссынмӕ. Быдыры чи уа, уый дӕр ма раздӕхӕд.
[32] Уӕ зӕрдыл дарут Лоты усы.
[33] Йӕ цард бахъахъхъӕнынмӕ чи бӕллы, уый йӕ фесафдзӕн; йӕ цард чи фесафа, уый та йӕ бахъахъхъӕндзӕн.
[34] Зӕгъын уын: уыцы ӕхсӕв дыууӕ уыдзысты иу хуыссӕны – сӕ иу ист ӕрцӕудзӕн, иннӕ та баззайдзӕн.
[35] Дыууӕ сылгоймаджы иумӕ сдзысты хор – сӕ иу ист ӕрцӕудзӕн, иннӕ та баззайдзӕн.
[36] [Дыууӕ лӕджы уыдзысты быдыры – сӕ иу ист ӕрцӕудзӕн, иннӕ та баззайдзӕн.]»
[37] Уӕд Ӕй бафарстой: «Уый кӕм уыдзӕн, Хицау?» Йесо сын загъта: «Холы кӕм уа, цӕргӕстӕ дӕр уым ӕрӕмбырд уыдзысты».