[1] Йесо басидт Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагмӕ ӕмӕ сын радта тых, цӕмӕй сӕ бар цӕуа ӕппӕт дӕлимонтыл дӕр ӕмӕ адӕмы дзӕбӕх кӕной сӕ низтӕй.
[2] Ӕмӕ сӕ арвыста Хуыцауы Паддзахады уац адӕммӕ фӕхӕссынмӕ ӕмӕ рынчынты дзӕбӕх кӕнынмӕ.
[3] Йесо сын бафӕдзӕхста: «Мацы райсут фӕндагмӕ – нӕдӕр лӕдзӕг, нӕдӕр хордзен, нӕдӕр хойраг, нӕдӕр ӕхца, нӕдӕр дыгай хӕдӕттӕ.
[4] Кӕцыфӕнды хӕдзармӕ дӕр куы бацӕуат, уӕд-иу дзы баззайут, цалынмӕ уырдыгӕй рацӕуат, уӕдмӕ.
[5] Исчи уӕ куы не суазӕг кӕна, уӕд та-иу, уыцы сахарӕй рацӕугӕйӕ, ацӕгъдут уӕ къӕхты рыг – аххосджын кӕй сты, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн».
[6] Ахуыргӕнинӕгтӕ ацыдысты ӕмӕ зылдысты хъӕутыл, алы ран дӕр хъусын кодтой фарны уац ӕмӕ дзӕбӕх кодтой рынчынты.
[7] Ӕппӕт уыцы цауты тыххӕй фехъуыста ӕлдариуӕггӕнӕг Ирод, ӕмӕ цытӕ цыди, уый бамбарын йӕ бон нӕ уыд. Уымӕн ӕмӕ иутӕ дзырдтой, уый Иоанн райгас мӕрдтӕй, зӕгъгӕ;
[8] Иннӕтӕ – Илиа, дам, ӕрцыд; аннӕтӕ та дзырдтой, рагон пехуымпартӕй, дам, чидӕр райгас.
[9] Фӕлӕ Ирод загъта: «Иоаннӕн ӕз йӕ сӕр куы акъуырдтон, уӕд уыдӕттӕ Кӕй тыххӕй хъусын, Уый та чи у?» Ӕмӕ архайдта Йесойы феныныл.
[10] Апостолтӕ куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд Йесойӕн радзырдтой, цы сарӕзтой, уыдӕттӕ. Йесо сӕ Йемӕ рахуыдта, ӕмӕ хибарӕй ацыдысты, Вифсаидӕ кӕй хуындӕуыд, уыцы сахарырдӕм.
[11] Фӕлӕ адӕм уый куы базыдтой, уӕд ацыдысты Йӕ фӕдыл. Йесо фембӕлд семӕ, дзырдта сын Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ дзӕбӕх кодта, дзӕбӕх кӕнын кӕй хъуыд, уыдон.
[12] Бон изӕрырдӕм фӕкъул. Ӕрбацыдысты Йӕм дыууадӕс ахуыргӕнинаджы ӕмӕ Йын загътой: «Ауадз адӕмы ацӕуын хӕстӕг хъӕутӕм бахсӕвиуат кӕнынмӕ ӕмӕ сӕхицӕн хойраг самал кӕнынмӕ. Уымӕн ӕмӕ ам фӕсвӕд ран стӕм».
[13] Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Сымах сын раттут хӕринаг». Уыдон дзуапп радтой: «Махмӕ фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы йеддӕмӕ ницы ис. Ӕмӕ ныр утӕппӕт адӕмы фаг хойраг балхӕнынмӕ хъуамӕ ацӕуӕм?»
[14] (Уым уыди фондз мин лӕджы бӕрц.) Фӕлӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ӕрбадын сӕ кӕнут къордгай – алы къорды дӕр дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзы бӕрц куыд уа».
[15] Сеппӕты дӕр ӕрбадын кодтой, куыд загъд сын уыд, афтӕ.
[16] Йесо райста фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы, скаст уӕларвмӕ, арфӕ ракодта, асаста сӕ, ӕмӕ сӕ ахуыргӕнинӕгтӕм радта адӕмӕн байуарынмӕ.
[17] Бахордтой сеппӕт дӕр ӕмӕ бафсӕстысты. Ӕмӕ ма цы уӕлдӕйттӕ баззад, уыдонӕй байдзаг дыууадӕс чыргъӕды.
[18] Иухатт Йесо куывта хибарӕй; Йемӕ уыдысты ӕрмӕстдӕр Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ. Йесо сӕ бафарста: «Кӕуыл Мӕ нымайынц адӕм?»
[19] Уыдон дзуапп радтой: «Иутӕ – Аргъауӕг Иоанныл, иннӕтӕ – Илиайыл, аннӕтӕ та зӕгъынц, рагон пехуымпартӕй чидӕр райгас, зӕгъгӕ».
[20] Йесо сӕ бафарста: «Сымах та Мӕ кӕуыл нымайут?» Петр Ын дзуапп радта: «Хуыцауы Чырыстийыл».
[21] Ӕмӕ сын Йесо тынг бафӕдзӕхста, цӕмӕй уый тыххӕй макӕмӕн дзурой.
[22] Загъта ма сын: «Адӕймаджы Фырт хъуамӕ бавзара бирӕ хъизӕмӕрттӕ; адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ ӕмӕ Йӕ динамонджытӕ бафхӕрдзысты, амардӕйӕуыдзӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн».
[23] Уый фӕстӕ сеппӕтӕн дӕр загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи ферох кӕнӕд, алы бон дӕр-иу райсӕд йӕ дзуар ӕмӕ цӕуӕд Мӕ фӕдыл.
[24] Уымӕн ӕмӕ йӕ цард бахъахъхъӕнын кӕй фӕнды, уый йӕ фесафдзӕн; йӕ цард Мӕ сӕраппонд чи фесафа, уый та йӕ бахъахъхъӕндзӕн.
[25] Адӕймаг ӕгас дуне йӕхи куы бакӕна, йӕхи та куы фесафа, кӕнӕ йӕхиуыл зиан куы ӕруадза, уӕд ын уый цы пайда у?
[26] Мӕнӕй ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕй чи фефсӕрмы уа, уымӕй фефсӕрмы уыдзӕн Адӕймаджы Фырт дӕр, Йӕхи, Йӕ Фыды ӕмӕ сыгъдӕг зӕдты намысимӕ куы ӕрцӕуа, уӕд.
[27] Ӕцӕг уын зӕгъын: ам чи лӕууы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ нӕ амӕлдзысты, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахад феной, уӕдмӕ».
[28] Уыцы ныхӕстыл аст боны бӕрц куы рацыд, уӕд Йесо Йемӕ рахуыдта Петры, Иоанны ӕмӕ Иаковы, ӕмӕ хохмӕ ссыди бакувынмӕ.
[29] Куы куывта, уӕд Йӕ цӕсгомы хуыз аивта, Йӕ дарӕс та сси сӕнтурс ӕмӕ калдта тӕмӕнтӕ.
[30] Ӕмӕ дын мӕнӕ дыууӕ лӕджы ныхас кӕнынц Йемӕ; уыдон уыдысты Моисей ӕмӕ Илиа.
[31] Фӕзындысты уӕларвон намысимӕ, ӕмӕ дзырдтой Йесойы ахицӕныл – Уый Хуыцауы фӕндон Иерусалимы куыд сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл.
[32] Петрыл ӕмӕ йе 'мбӕлццӕттыл та хуыссӕг фӕтых. Куы райхъал сты, уӕд федтой Йесойы намыс, ӕмӕ дыууӕ лӕджы Йемӕ лӕугӕйӕ.
[33] Ӕмӕ уыдон Йесойӕ хицӕн куы кодтой, уӕд Ын Петр загъта: «Хицау, ам кӕй стӕм, уый цы хорз у! Саразӕм ӕртӕ халагъуды: иу Дӕуӕн, иу Моисейӕн, иу Илиайӕн». Цы дзырдта, уый йӕхӕдӕг дӕр не 'мбӕрста.
[34] Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ фӕзынд ӕврагъ ӕмӕ сӕ ӕрӕмбӕрзта. Ӕврагъы куы аныгъуылдысты, уӕд фӕтарстысты.
[35] Ӕмӕ ӕврагъӕй райхъуысти хъӕлӕс: «Ай, Кӕй сӕвзӕрстон, Мӕ уыцы Фырт у. Хъусут Ӕм».
[36] Хъӕлӕс куы райхъуыст, уӕд Йесоимӕ ничиуал уыд. Ахуыргӕнинӕгтӕ цы федтой, уый басусӕг кодтой, ӕмӕ йӕ уыцы бонты никӕмӕн радзырдтой.
[37] Дыккаг бон хохӕй куы ӕрцыдысты, уӕд Йесойы размӕ рацыд бирӕ адӕм.
[38] Адӕмы ӕхсӕнӕй чидӕр рахъӕр кодта: «Ахуыргӕнӕг, лӕгъстӕ Дын кӕнын, баххуыс кӕн мӕ фыртӕн, иунӕг хъӕбул мын у!
[39] Дӕлимон ӕй ӕрцахсы, лӕппу ӕваст ныхъхъӕр кӕны, йӕ гӕндзӕхтӕ ныццӕгъды ӕмӕ йӕ комӕй фынк ракӕлы. Дӕлимон ӕй хъизӕмарӕй куы амары, уӕд ма йӕ тыххӕйты ныууадзы.
[40] Ӕз куырдтон Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕй, цӕмӕй дӕлимоны расурой, фӕлӕ сӕ бон нӕ баци».
[41] Йесо дзуапп радта: «Ӕнӕуырнӕг ӕмӕ хӕлд фӕлтӕр! Кӕдмӕ уыдзынӕн уемӕ ӕмӕ уын кӕдмӕ быхсдзынӕн? Ӕрбакӕн ардӕм дӕ фырты».
[42] Лӕппу Йесомӕ нӕма бахӕццӕ, афтӕ йӕ дӕлимон ныццавта зӕххыл, ӕмӕ лӕппу йӕ гӕндзӕхтӕ цагъта. Фӕлӕ Йесо бардзырд радта ӕнӕзӕгъинагӕн, сдзӕбӕх кодта лӕппуйы ӕмӕ йӕ радта йӕ фыдмӕ.
[43] Адӕм иууылдӕр дисы бафтыдысты, Хуыцау куыд хъомысджын у, ууыл. Йесо цыдӕриддӕр арӕзта, уыдоныл сеппӕт дӕр куы дис кодтой, уӕд Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта:
[44] «Ныртӕккӕ цы зӕгъдзынӕн, уымӕ байхъусут лӕмбынӕг: Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн адӕмы къухтӕм».
[45] Фӕлӕ уыдон уыцы ныхӕстӕ не 'мбӕрстой – ӕргом сын нӕ уыдысты ӕмӕ сӕм нӕ бахъардтой; уыцы ныхӕстӕй Йӕ бафӕрсын та нӕ уӕндыдысты.
[46] Ахуыргӕнинӕгтӕм рауад быцӕу, уӕлдӕр сӕ чи у, уый тыххӕй.
[47] Йесо сын зыдта сӕ мидхъуыды, ӕмӕ ӕрбахуыдта сывӕллоны, ӕрлӕууын ӕй кодта Йӕ фарсмӕ,
[48] Ӕмӕ сын загъта: «Ацы сывӕллоныл Мӕ номы сӕраппонд зӕрдиаг чи уа, уый Мӕныл у зӕрдиаг; Мӕныл зӕрдиаг чи уа, уый та Мӕ Рарвитӕгыл у зӕрдиаг. Уеппӕты ӕхсӕн тӕккӕ къаддӕр чи у – цытджын уый у».
[49] Уӕд Ын Иоанн загъта: «Хицау, мах федтам, Дӕ номӕй дӕлимонты чи суры, ахӕм адӕймаджы, ӕмӕ йын бар нӕ лӕвӕрдтам, уымӕн ӕмӕ немӕ нӕ цӕуы».
[50] Йесо йын загъта: «Ма йӕ хъыгдарут, уымӕн ӕмӕ уӕ ныхмӕ чи нӕу, уый уӕ фарс у».
[51] Уӕлӕрвтӕм Йӕ сисыны афон куы ӕрхӕстӕг, уӕд Йесо скарста Иерусалиммӕ фӕцӕуын.
[52] Йӕ разӕй арвыста минӕвӕрттӕ, ӕмӕ уыдон бацыдысты самариаг хъӕумӕ, цӕмӕй Йесойы ӕрцыдмӕ ӕрцӕттӕ кӕной ӕппӕт дӕр.
[53] Фӕлӕ Йӕ не суазӕг кодтой, Иерусалиммӕ кӕй цыди, уый тыххӕй.
[54] Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Иаков ӕмӕ Иоанн уый куы федтой, уӕд загътой: «Хицау, фӕнды Дӕ, уӕд зӕгъӕм, ӕмӕ уӕларвӕй ӕрцӕуа арт ӕмӕ сӕ фесафа [Илиа куыд бакодта, афтӕ]?»
[55] Фӕлӕ сӕм Йесо Йе 'ргом разылдта ӕмӕ сын бауайдзӕф кодта. [Загъта сын: «Цавӕр уд уӕм ис, уый нӕ зонут.
[56] Адӕймаджы Фырт адӕмы сафынмӕ не 'рцыд, фӕлӕ сӕ фервӕзын кӕнынмӕ».] Ӕмӕ ацыдысты ӕндӕр хъӕумӕ.
[57] Фӕндагыл куы уыдысты, уӕд Йесойӕн чидӕр загъта: «Ды кӕдӕм цӕуай, уырдӕм ӕз дӕр ацӕудзынӕн Дӕ фӕдыл».
[58] Йесо йын дзуапп радта: «Рувӕстӕн ис хуыккӕмттӕ, уӕларвон мӕргътӕн – ахстӕттӕ. Адӕймаджы Фыртӕн та, Йӕ сӕр кӕм ӕркъул кӕна, уый дӕр нӕй».
[59] Иннӕмӕн Йесо загъта: «Рацу Мӕ фӕдыл». Уый Йын дзуапп радта: «Хицау, мӕ фыды баныгӕнынмӕ уал мӕ ауадз».
[60] Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Мӕрдтӕ сӕхӕдӕг баныгӕнӕнт сӕ мӕрдты. Ды та цу ӕмӕ хъусын кӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй».
[61] Иннӕ дӕр Ын загъта: «Хицау, ӕз ацӕудзынӕн Дӕ фӕдыл, фӕлӕ уал мӕ ауадз мӕ бинонтӕн хӕрзбон зӕгъынмӕ».
[62] Фӕлӕ йын Йесо дзуапп радта: «Гутоныл хӕцгӕйӕ фӕстӕмӕ чи кӕсы, уый Хуыцауы Паддзахадӕн нӕ бӕззы».