Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 10:56

[1] Махмӕ цы цаутӕ ӕрцыд, уыдоны фӕдыл ныридӕгӕн бирӕтӕ ныффыстой.

[2] Уыцы цауты тыххӕй нын радзырдтой, тӕккӕ райдианӕй сӕ йӕхи цӕстӕй чи федта ӕмӕ Хуыцауы ныхас адӕммӕ хӕссыны куыст кӕмӕ ӕрхауд, уыдон.

[3] Ӕмӕ ӕз дӕр, ӕппӕт уыдӕттӕ сӕрӕй кӕронмӕ бӕстон раиртасыны фӕстӕ, сфӕнд кодтон дӕумӕ сӕ фӕд-фӕдыл ныффыссын, кадджын Феофил,

[4] Цӕмӕй базонай, цы ахуырад дын бацамындӕуыд, уымӕн йӕ фидар бындур.

[5] Иудейаг паддзах Ироды заман уыд иу сауджын, йӕ ном Захари – Авийы мыггагӕй чи уыд, уыцы сауджынты къордӕй. Йӕ ус дӕр уыд Аароны байзӕддагӕй, йӕ ном Елисаветӕ.

[6] Сӕ дыууӕ дӕр Хуыцауы раз уыдысты рӕстаг, ӕнаиппӕй ӕххӕст кодтой Хуыцауы ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ амындтӕ.

[7] Сывӕллӕттӕ сын нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ Елисаветӕ уыдис ӕнӕзӕнӕг; сӕ дыууӕ дӕр тынг базӕронд сты.

[8] Иухатт Захари лӕггад кодта Хуыцауы раз, уымӕн ӕмӕ ӕрӕййӕфта сӕ сауджынты къорды рад.

[9] Ӕмӕ Захарийӕн, сауджынты ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, схауд йӕ хал, ӕмӕ буд судзынмӕ бацыди Хуыцауы Кувӕндонмӕ.

[10] Буд судзыны афон кӕрты уыди бирӕ кувӕг адӕм.

[11] Уӕд Захаримӕ фӕзынд Хуыцауы зӕд. Зӕд лӕууыди будсудзӕн нывондхӕссӕны рахиз фарс.

[12] Захари йӕ куы федта, уӕд фӕджих ӕмӕ тынг фӕтарст.

[13] Фӕлӕ йын зӕд загъта: «Ма тӕрс, Захари, уымӕн ӕмӕ дӕ куывд фехъуыст Хуыцаумӕ. Дӕ ус Елисаветӕ дын ныййардзӕн фырт ӕмӕ йӕ схондзынӕ Иоанн.

[14] Дӕ фырт дын ӕрхӕсдзӕн стыр цин, йӕ райгуырдыл бацин кӕндзысты бирӕтӕ,

[15] Уымӕн ӕмӕ цытджын уыдзӕни Хуыцауы раз. Нӕ нуаздзӕн сӕн ӕмӕ ӕндӕр карз нозт, Сыгъдӕг Удӕй схайджын уыдзӕн йӕ мады гуыбынмӕ.

[16] Ӕмӕ израилаг адӕмӕй бирӕты раздахдзӕн сӕ Хицау Хуыцаумӕ.

[17] Илиайы уд ӕмӕ тыхимӕ цӕудзӕни Хицауы разӕй, цӕмӕй фыдӕлты зӕрдӕтӕ раздаха цотмӕ, хивӕндтӕн ратта рӕстгӕнджыты зонд, адӕмы ӕрцӕттӕ кӕна Хицауы ӕрцыдмӕ».

[18] Захари бафарста зӕды: «Ӕз ууыл куыд баууӕндон? Уымӕн ӕмӕ зӕронд дӕн, мӕ ус дӕр ӕгӕр базӕронд».

[19] Зӕд ын дзуапп радта: «Ӕз дӕн Хуыцауы раз лӕууӕг Гавриил ӕмӕ ӕрвыст дӕн дӕуӕн ацы хорз хабар зӕгъынмӕ.

[20] Афон куы ралӕууа, уӕд ӕнӕмӕнг чи сӕххӕст уыдзӕн, мӕ уыцы ныхӕстыл кӕй нӕ баууӕндыдтӕ, уый тыххӕй ныртӕккӕ багомыг уыдзынӕ, ӕмӕ цалынмӕ уыцы хъуыддаг ӕрцӕуа, уӕдмӕ не сдзурдзынӕ».

[21] Адӕм та ӕнхъӕлмӕ кастысты Захаримӕ ӕмӕ дис кодтой, Кувӕндоны кӕй ныффӕстиат, ууыл.

[22] Куы рацыд, уӕд та семӕ ныхас кӕнын йӕ бон нӕ уыд. Ӕмӕ бамбӕрстой, Кувӕндоны диссаг кӕй федта, уый. Йӕ зӕгъинӕгтӕ ӕмбарын кодта къухӕй, ӕмӕ баззад ӕгомыгӕй.

[23] Кувӕндоны йӕ лӕггад кӕныны бонтӕ куы фесты, уӕд ӕрбаздӕхт хӕдзармӕ.

[24] Уый фӕстӕ йӕ ус Елисаветӕ банхъӕлцау, фондз мӕйы йӕхи ӕмбӕхста ӕмӕ дзырдта:

[25] «Уый мын Хуыцау сарӕзта – ӕркаст мӕм, цӕмӕй адӕмы ӕхсӕн фидиссаг мауал уон».

[26] Елисаветӕ ӕхсӕзӕм мӕй ӕнхъӕлцау куы уыди, уӕд Хуыцау Йӕ зӕд Гавриилы арвыста галилейаг сахар Назаретмӕ,

[27] Ӕнӕцыд Чызгмӕ, Давиды байзӕддаг Иосифӕн куырдуаты Чи бадт, Уымӕ; Чызгӕн Йӕ ном – Мариа.

[28] Зӕд Ӕм бацыд ӕмӕ Йын загъта: «Цин кӕн, Фӕрнӕйдзаг! Хуыцау Демӕ ис. [Арфӕгонд дӕ сылгоймӕгты ӕхсӕн.]»

[29] Мариа зӕды ныхӕстӕй фӕджих ӕмӕ хъуыдыты бафтыд, уыцы арфӕ цы амона, зӕгъгӕ.

[30] Зӕд ын загъта: «Ма тӕрс, Мариа, уымӕн ӕмӕ Дӕ Хуыцау схайджын кодта йӕ хорзӕхӕй.

[31] Банхъӕлцау уыдзынӕ, ныййардзынӕ Фырт ӕмӕ Йӕ схондзынӕ Йесо.

[32] Уый уыдзӕни цытджын, схуындӕйӕуыдзӕн Дунедарӕджы Фырт, ӕмӕ Йын Хицау Хуыцау ратдзӕн Йӕ фыдӕл Давиды паддзахад.

[33] Иаковы байзӕддагӕн паддзахиуӕг кӕндзӕн мыггагмӕ, ӕмӕ Йӕ Паддзахадӕн кӕрон никуы ӕрцӕудзӕн».

[34] Мариа зӕдӕн загъта: «Ӕз мойы хъӕстӕ куы нӕ дӕн, уӕд уый куыд уыдзӕн?»

[35] Зӕд Ын дзуапп радта: «Ды схайджын уыдзынӕ Сыгъдӕг Удӕй, ӕмӕ Дунедарӕджы тых Дӕу бакӕндзӕн йӕ дӕлбазыр. Уымӕ гӕсгӕ Дын цы Хъӕбул райгуыра, Уый уыдзӕни сыгъдӕг ӕмӕ Йӕ схуындӕуыдзӕн Хуыцауы Фырт.

[36] Мӕнӕ Дӕ хӕстӕг Елисаветӕ дӕр ма зӕрондӕй куы банхъӕлцау ӕмӕ ныр ӕхсӕзӕм мӕй цӕуы лӕппуйыл, афтӕмӕй йӕ ӕнӕзӕнӕг хуыдтой.

[37] Уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн ӕппӕт дӕр Йӕ бон у».

[38] Уӕд Мариа загъта: «Ӕз Хицауы цагъар дӕн; ды цы загътай, уый Мыл ӕрцӕуӕд». Ӕмӕ Йӕ зӕд ныууагъта.

[39] Уыцы бонты Мариа бавдӕлд ӕмӕ атындзыдта хӕхбӕстӕм, иудейаг сахармӕ.

[40] Уым бацыд Захарийы хӕдзармӕ ӕмӕ салам радта Елисаветӕйӕн.

[41] Елисаветӕ Мариайы салам куы фехъуыста, уӕд сывӕллон йӕ гуыбыны базмӕлыд, Елисаветӕ схайджын Сыгъдӕг Удӕй

[42] Ӕмӕ хъӕрӕй загъта: «Арфӕгонд дӕ сылгоймӕгты ӕхсӕн, ӕмӕ арфӕгонд у, Дӕ гуыбыны цы Сывӕллон ис, Уый!

[43] Мӕ Хицауы Мад мӕм ӕрбацӕуа, ахӕм хорзӕх мӕм цӕмӕн ӕрхауд?

[44] Дӕ салам Дын куы фехъуыстон, уӕд мӕ гуыбыны сывӕллон цингӕнгӕ базмӕлыд.

[45] Тӕхудиаг у, Хуыцау Ын цы загъта, уый кӕй ӕрцӕудзӕн, ууыл баууӕндӕг Чызг».

[46] Уӕд Мариа загъта: «Стауы Мӕ зӕрдӕ Хицауы.

[47] Мӕ уд цин кӕны Хуыцауыл, Мӕ Ирвӕзынгӕнӕгыл –

[48] Уый ӕркаст Йӕ сӕрныллӕг цагъар Чызгмӕ; ӕппӕт фӕлтӕртӕ Мӕ нырӕй фӕстӕмӕ арфӕгонд хондзысты.

[49] Уымӕн ӕмӕ Ӕппӕтхъомыс стыр хъуыддаг сарӕзта Мӕнӕн. Сыгъдӕг у Йӕ ном!

[50] Чи Дзы тӕрсы, уыдон фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ Йӕ хорзӕхӕй хайджын сты.

[51] Стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта Йӕ къухӕй, ныххӕлиу кодта, сӕ зӕрдӕты хъал хъуыдытӕ чи нывӕнды, уыдоны,

[52] Тыхджынты раппӕрста сӕ бадӕнтӕй ӕмӕ сбӕрзонд кодта сӕрныллӕгты.

[53] Ӕххормӕгты бафсӕста хорзӕхтӕй, бонджынты та ауагъта ницӕимӕ.

[54] Ӕрцыд ӕххуысмӕ Йӕ лӕггадгӕнӕг Израилмӕ, нӕ Дзы ферох хорзӕхтӕй йӕ мыггагмӕ хайджын кӕнын,

[55] Нӕ фыдӕлтӕн – Авраамӕн ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн – зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ».

[56] Мариа Елисаветӕмӕ фӕци ӕртӕ мӕйы бӕрц ӕмӕ раздӕхт Йӕ хӕдзармӕ.

[57] Елисаветӕйӕн та ӕрхӕццӕ йӕ афон ӕмӕ ныййардта фырт.

[58] Хуыцау ыл стыр арфӕ кӕй бафтыдта, уый фехъуыстой йӕ сыхӕгтӕ, йӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ цин кодтой йемӕ.

[59] Ӕстӕм бон ӕрцыдысты сывӕллоны сунӕт кӕнынмӕ, ӕмӕ сӕ фӕндыд йӕ фыды ном Захари йыл сӕвӕрын.

[60] Фӕлӕ йӕ мад загъта: «Нӕ, схонӕм ӕй Иоанн».

[61] Уӕд ын загътой: «Дӕ хӕстӕджытӕй ахӕм ном никӕуыл ис».

[62] Нысӕнттӕй йын фарстой йӕ фыды, цы ном сӕвӕрын ӕй фӕнды, зӕгъгӕ.

[63] Уый ракуырдта фӕйнӕг ӕмӕ йыл ныффыста: «Йӕ ном Иоанн у». Ӕмӕ сеппӕт дӕр дисы бафтыдысты.

[64] Уайтӕккӕ райхӕлдысты Захарийы дзых ӕмӕ ӕвзаг, ӕмӕ райдыдта дзурын, Хуыцауы стауын.

[65] Сӕ алыварс цӕрджыты бацыди тас. Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй дзырдтой уӕлхох Иудейӕйы алы кӕрӕтты.

[66] Хабар чи фехъуыста, уыдон ӕй сӕ зӕрдыл бадардтой ӕмӕ дзырдтой: «Чи уыдзӕн ацы сывӕллон?» Ӕмӕ Хуыцау уыдис Иоаннимӕ.

[67] Иоанны фыд Захари схайджын Сыгъдӕг Удӕй, райдыдта пехуымпариуӕг кӕнын ӕмӕ дзырдта:

[68] «Арфӕгонд уӕд Израилы Хицау Хуыцау – ӕркаст Йӕ адӕммӕ ӕмӕ сын ӕрхаста сӕрибар.

[69] Йӕ цагъар Давиды байзӕддагӕй нын радта домбай Ирвӕзынгӕнӕджы,

[70] Рагзаманы сыгъдӕг пехуымпарты дзыхӕй куыд фехъусын кодта, афтӕ.

[71] Уый мах фервӕзын кӕндзӕн не знӕгтӕй, ӕмӕ ӕнӕуынон кӕмӕн стӕм, уыдоны къухӕй.

[72] Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, Йӕ хорзӕхӕй нӕ фыдӕлты кӕй схайджын кӕндзӕн, Йӕ сыгъдӕг фидыд Дзы кӕй нӕ ферох уыдзӕн, уымӕй.

[73] Расомы кодта нӕ фыдӕл Авраамӕн,

[74] Байсдзӕни нӕ знӕгты къухӕй, зӕгъгӕ,

[75] Ӕмӕ Йын нӕ цӕргӕбонты кусдзыстӕм ӕдасӕй, Йӕ цӕсты уыдзыстӕм сыгъдӕг ӕмӕ раст адӕм.

[76] Дӕу та, саби, схуындӕуыдзӕн Дунедарӕджы пехуымпар, уымӕн ӕмӕ цӕудзынӕ Хицауы разӕй фӕндаг Ын ӕрцӕттӕ кӕнынмӕ.

[77] Йӕ адӕммӕ ӕрхӕсдзынӕ уац сӕ фервӕзыны тыххӕй – сӕ тӕригъӕдтӕ уыдзысты хатыргонд,

[78] Уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау уарзӕгой ӕмӕ хорзӕхджын у. Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ уӕлӕрвтӕй ӕркӕсдзӕни Хур ӕмӕ нӕ бабӕрӕг кӕндзӕн,

[79] Ныррухс кӕндзӕни мӕлӕты талынг бӕстӕйы цӕрджыты, ӕмӕ нӕ сараздзӕн Хуыцауимӕ фидыды фӕндагыл».

[80] Сывӕллон рӕз хаста ӕмӕ фидар кодта удӕй. Цалынмӕ Израилы адӕмы размӕ рацыди, уӕдмӕ цардис ӕдзӕрӕг бӕстӕйы.

Лука — Chapters