Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 9:59

[1] Ӕрхӕстӕг Донгонд дзулты бӕрӕгбон, Куадзӕн кӕй хуындӕуы, уый.

[2] Алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕ агуырдтой, цӕсты сӕ чи нӕ бафтауа, Йесойы амарыны ахӕм фадат, уымӕн ӕмӕ адӕмӕй тӕрсгӕ кодтой.

[3] Хӕйрӕг бацыд, Искариот кӕй хуындӕуыд, уыцы Иудӕйы – дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иуы.

[4] Ӕмӕ Иудӕ ацыд, Йесойы куыд ауӕй кӕна, уый тыххӕй алчертимӕ ӕмӕ Кувӕндон хъахъхъӕнджыты хицӕуттимӕ баныхас кӕнынмӕ.

[5] Уыдон бацин кодтой ӕмӕ сразы сты Иудӕйӕн ӕхца раттыныл.

[6] Уый сын зӕрдӕ бавӕрдта ӕмӕ агуырдта, Йесо адӕмимӕ куыд нӕ уа, афтӕмӕй сын Ӕй сӕ къухтӕм раттыны фадат.

[7] Ӕрхӕццӕ Донгонд дзулты бӕрӕгбон, Куадзӕны уӕрыкк ӕргӕвдыны бон.

[8] Йесо арвыста Петр ӕмӕ Иоанны ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут ӕмӕ нын ӕрӕвӕрут Куадзӕны фынг».

[9] Уыдон Ӕй бафарстой: «Куыд Дӕ фӕнды, кӕм ӕй ӕрӕвӕрӕм?»

[10] Уый сын загъта: «Сахармӕ куы бацӕуат, уӕд уыл сӕмбӕлдзӕн иу адӕймаг доны дурынимӕ. Цы хӕдзармӕ бацӕуа, уырдӕм-иу бацӕут йӕ фӕдыл,

[11] Ӕмӕ-иу хӕдзары хицауӕн зӕгъут: „Ахуыргӕнӕг дын зӕгъы: Мӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ Куадзӕн кӕм бахӕрон, уыцы уат кӕм ис?"

[12] Ӕмӕ уын уый уӕллаг уӕладзыджы фенын кӕндзӕн стыр ӕфснайд уат; уым-иу ӕрӕвӕрут фынг».

[13] Уыдон ацыдысты ӕмӕ ӕппӕт дӕр ссардтой, Йесо сын куыд загъта, афтӕ; ӕмӕ ӕрӕвӕрдтой Куадзӕны фынг.

[14] Афон куы ӕрцыд, уӕд Йесо ӕмӕ апостолтӕ ӕрбадтысты фынгыл.

[15] Йесо сын загъта: «Мӕ хъизӕмары размӕ Мӕ тынг фӕндыд ацы Куадзӕн уемӕ бахӕрын.

[16] Уымӕн ӕмӕ уын зӕгъын: нал бахӕрдзынӕн Куадзӕн, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахады алцӕмӕй дӕр сӕххӕст уа, уӕдмӕ».

[17] Райста сӕны кӕхц, арфӕ ракодта ӕмӕ загъта: «Айсут ӕй ӕмӕ дзы алчидӕр баназӕд.

[18] Уымӕн ӕмӕ уын зӕгъын, нал баназдзынӕн сӕнӕфсиры сӕнӕй, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа, уӕдмӕ».

[19] Уый фӕстӕ райста дзул, арфӕ ракодта, асаста йӕ, радта сын ӕй ӕмӕ загъта: «Ай Мӕ Буар у, ӕмӕ уӕ сӕраппонд лӕвӕрд цӕуы мӕлӕтмӕ. Афтӕ кӕнут Мӕ ӕрымысынӕн».

[20] Ӕхсӕвӕры фӕстӕ райста сӕны кӕхц дӕр ӕмӕ загъта: «Ацы кӕхц у ног фидыд – уый фидаргонд цӕуы, сымах сӕраппонд чи акӕлдзӕни, Мӕ уыцы Тугӕй.

[21] Фӕлӕ мӕнӕ Мӕ уӕйгӕнӕг Мемӕ иу фынгыл бады.

[22] Адӕймаджы Фырт фӕивгъуыйы, нысангонд Ын цы фӕндаг у, ууыл. Фӕлӕ сар йӕ сӕр, гадзрахатӕй Йыл цы адӕймаг рацӕуа, уымӕн».

[23] Уӕд райдыдтой кӕрӕдзи фӕрсын, Йӕ уӕйгӕнӕг чи уыдзӕни, зӕгъгӕ.

[24] Рауад сӕм быцӕу дӕр, уӕлдӕрыл нымад сӕ чи хъуамӕ уа, ууыл.

[25] Йесо сын загъта: «Паддзӕхтӕ хицауиуӕг кӕнынц адӕмтӕн, ӕмӕ адӕмтыл барджын чи у, уыдоны хӕрзгӕнджытӕ хуындӕуы.

[26] Сымахмӕ та афтӕ ма уӕд, фӕлӕ уе 'хсӕн уӕлдӕр чи у, уый уын уӕд кӕстӕрау, хистӕр та – лӕггадгӕнӕгау.

[27] Чи у уӕлдӕр – фынгыл бадӕг ӕви кӕстӕриуӕггӕнӕг? Фынгыл бадӕг уӕлдӕр нӕу, ӕви? Ӕз та уын кӕстӕриуӕггӕнӕгау дӕн.

[28] Сымах Мӕ фӕлварӕнты Мемӕ уыдыстут.

[29] Мӕ Фыд Мын Паддзахад куыд радта, афтӕ уын ӕй Ӕз дӕр дӕттын,

[30] Цӕмӕй Мӕ Паддзахады хӕрат ӕмӕ нуазат Мӕ фынгыл. Ӕмӕ сбаддзыстут уӕле Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн тӕрхон кӕнынмӕ.

[31] Симон, Симон, хӕйрӕг ракуырдта, цӕмӕй уӕ балуӕрстӕуа мӕнӕуау.

[32] Фӕлӕ Ӕз куывтон дӕу тыххӕй, цӕмӕй дӕ уырнындзинад ма слӕмӕгъ уа. Ӕмӕ Мӕм куы раздӕхай, уӕд-иу сфидар кӕн де 'фсымӕрты уырнындзинад».

[33] Петр Ын дзуапп радта: «Хицау, ӕз цӕттӕ дӕн Демӕ цӕуынмӕ ахӕстонмӕ дӕр ӕмӕ амӕлынмӕ дӕр».

[34] Фӕлӕ Йесо загъта: «Зӕгъын дын, Петр, ахсӕв уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи, ӕз Ӕй нӕ зонын, зӕгъгӕ».

[35] Йесо сӕ бафарста: «Ӕз уӕ ӕнӕ ӕхцайы дзӕкъулӕй, ӕнӕ хордзенӕй, ӕнӕ дзабыртӕй куы ӕрвыстон, уӕд истӕмӕй хъуаг ӕййӕфтат?» Уыдон дзуапп радтой: «Ницӕмӕй».

[36] Уӕд сын загъта: «Ныр та ӕхцайы дзӕкъул кӕмӕ ис, уый йӕ айсӕд йемӕ; хордзен кӕмӕ ис, уый дӕр ӕй айсӕд йемӕ. Ӕхца кӕмӕ нӕй, уый та ауӕй кӕнӕд йӕ пӕлӕз ӕмӕ балхӕнӕд кард.

[37] Зӕгъын уын, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый Мыл хъуамӕ ӕрцӕуа: „Фыдгӕнджыты хыгъдмӕ Йӕ бахастӕуыд". Мӕн тыххӕй фыст цы ис, уый рӕхджы сӕххӕст уыдзӕн».

[38] Уыдон загътой: «Хицау, мӕнӕ ам ис дыууӕ карды». Уый сын загъта: «Ӕгъгъӕд у!»

[39] Йесо рацыд ӕмӕ иннӕ хӕттытау ныр дӕр та араст Елеоны хохмӕ. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр ацыдысты Йӕ фӕдыл.

[40] Бынатмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд сын загъта: «Кувут, цӕмӕй фӕлварӕны ма бахауат».

[41] Дур кӕйонг фехсӕн ис, Йесо уыйбӕрц фӕхибар, ӕрзоныгыл ӕмӕ куывта:

[42] «Мӕ Фыд, кӕд Дын фӕндон разына, уӕд Мын ацы хъизӕмӕртты кӕхц ма бадар. Ӕниу, Мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ Дӕу куыд фӕнды, афтӕ фӕуӕд».

[43] [Уӕд Ӕм уӕларвӕй ӕрцыди зӕд ӕмӕ Йӕ удвидар кодта.

[44] Утӕхсӕн кӕнгӕйӕ, Йесо куывта зӕрдиагдӕрӕй; ӕмӕ Йӕ хид туджы ӕртӕхтау тагъди зӕхмӕ.]

[45] Куывд куы фӕци, уӕд бацыд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сӕ баййӕфта фынӕйӕ, уымӕн ӕмӕ сын мӕт сӕ тых асаста.

[46] Йесо сын загъта: «Цы фынӕй кӕнут? Сыстут ӕмӕ кувут, цӕмӕй фӕлварӕны ма бахауат».

[47] Йесо Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ фӕзындысты адӕм; дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу, Иудӕ, цыди сӕ разӕй. Уый бацыд Йесомӕ аба Йын кӕнынмӕ.

[48] Йесо йын загъта: «Иудӕ, байӕ гадзрахатӕй цӕуыс Адӕймаджы Фыртыл?»

[49] Хъуыддаг цӕмӕ цӕуы, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы федтой, уӕд Ын загътой: «Хицау, кардӕй цӕвӕм?»

[50] Ӕмӕ сӕ иу кардӕй ныццавта алчеры цагъары ӕмӕ йын йӕ рахиз хъус ахауын кодта.

[51] Уӕд Йесо загъта: «Ӕрсабыр ут». Бавнӕлдта цагъары хъусмӕ ӕмӕ йын ӕй сдзӕбӕх кодта.

[52] Йе 'рцахсынмӕ ӕрцӕуӕг алчертӕн, Кувӕндон хъахъхъӕнджыты хицӕуттӕн ӕмӕ адӕмы хистӕртӕн Йесо загъта: «Цыма абырӕджы ахсут, уыйау Мӕм кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ куы рацыдыстут.

[53] Ӕз ӕрвылбон Кувӕндоны уемӕ уыдтӕн, ӕмӕ Мыл уӕ къух нӕ андзӕвыд. Фӕлӕ ныр уӕ рӕстӕг ӕрцыд – талынг хицауиуӕг кӕны».

[54] Уӕд Йесойы ӕрцахстой ӕмӕ Йӕ акодтой алчеры хӕдзармӕ. Петр дӕрддзӕф цыди сӕ фӕдыл.

[55] Кӕрты астӕу арт куы скодтой ӕмӕ куы сбадтысты, уӕд Петр дӕр сбадти семӕ.

[56] Иу лӕггадгӕнӕг сылгоймаг Петры федта арты рухсмӕ, ӕдзынӕг ӕм ныккаст ӕмӕ загъта: «Ай дӕр Йемӕ уыд».

[57] Фӕлӕ Йыл Петр атигъ кодта йӕхи: «Хорз ус, ӕз Ӕй нӕ зонын».

[58] Чысыл фӕстӕдӕр ӕй федта ӕндӕр чидӕр ӕмӕ йын загъта: «Ды дӕр уыдонӕй дӕ». Петр уымӕн дӕр загъта: «Нӕ дӕн».

[59] Рацыд сахаты бӕрц, ӕмӕ та иу ӕндӕр адӕймаг дӕр фидарӕй дзырдта: «Ай дӕр ӕнӕмӕнг Йемӕ уыд, уымӕн ӕмӕ галилейаг у».

[60] Фӕлӕ Петр уымӕн дӕр загъта: «Цы дзурыс, уый нӕ зонын». Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ уасӕг ныууасыд.

[61] Уӕд Хицау Йе 'ргом разылдта ӕмӕ бакаст Петрмӕ. Ӕмӕ Петр ӕрымысыд, Хицау ын цы загъта, уый: «Ахсӕв уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи».

[62] Петр рацыд ӕддӕмӕ ӕмӕ судзаг цӕссыгтӕй ныккуыдта.

[63] Йесойы чи хъахъхъӕдта, уыцы адӕм Дзы хынджылӕг кодтой ӕмӕ Йӕ надтой.

[64] Сӕхгӕдтой-иу Ын Йӕ цӕстытӕ ӕмӕ Йӕ фарстой: «Кӕд пехуымпар дӕ, уӕд Дӕ чи ныццавта, уый базон».

[65] Ӕмӕ Йын дзырдтой бирӕ ӕндӕр фауӕн ныхӕстӕ.

[66] Куы сбон, уӕд ӕрӕмбырд сты адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ, динамонджытӕ, ӕмӕ Йӕ бакодтой сӕ синедрионмӕ.

[67] Бафарстой Йӕ: «Зӕгъ-ма нын, Ды дӕ Чырысти?» Уый сын загъта: «Куы уын зӕгъон, уӕд дӕр уӕ нӕ бауырндзӕн;

[68] Куы уӕ бафӕрсон, уӕд дӕр Мын дзуапп нӕ ратдзыстут.

[69] Нырӕй фӕстӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрбаддзӕн Ӕппӕтхъомыс Хуыцауы рахиз фарс».

[70] Уӕд сеппӕт дӕр загътой: «Уӕдӕ Ды Хуыцауы Фырт дӕ?» Уый сын дзуапп радта: «Уӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъут, Ӕз Хуыцауы Фырт кӕй дӕн, уый».

[71] Уыдон загътой: «Цавӕр ӕвдисӕйнаг ма нӕ хъӕуы? Йӕхи дзыхӕй йын ӕй куы фехъуыстам!»

Лука — Chapters