[1] Уӕд сыстадысты сеппӕт дӕр ӕмӕ Йӕ акодтой Пилатмӕ.
[2] Уым Ӕй райдыдтой зылын кӕнын: «Мах сбӕлвырд кодтам, Ай нын халы нӕ адӕмы, кесӕрӕн хъалон фидын нӕ уадзы ӕмӕ Йӕхи хоны Чырысти, ома, Паддзах».
[3] Пилат Ӕй бафарста: «Ды дӕ иудейаг Паддзах?» Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс».
[4] Пилат алчертӕн ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Ӕз ацы Адӕймагмӕ ницы азым арын».
[5] Фӕлӕ уыдон сӕ фӕнд тардтой, зӕгъгӕ, Йӕ ахуырадӕй адӕмы змӕнты ӕппӕт Иудейӕйы – Галилейӕ райдай, ӕмӕ суанг мӕнӕ ацы бынаты онг.
[6] Пилат уый куы фехъуыста, уӕд бафарста: «Ацы Лӕг галилейаг у?»
[7] Ӕмӕ Ироды дӕлбар бӕстӕйӕ кӕй у, уый куы базыдта, уӕд Йесойы арвыста Иродмӕ – уыцы рӕстӕг Ирод дӕр Иерусалимы уыд.
[8] Ирод Йесойы куы федта, уӕд тынг бацин кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ рагӕй фӕндыд Йӕ фенын. Йесойы тыххӕй бирӕ хӕттыты фехъуыста, стӕй Йӕм ӕнхъӕлмӕ каст исты диссаг равдисынмӕ.
[9] Ӕмӕ Йӕ фарста бирӕ цӕмӕйдӕрты, фӕлӕ йын Йесо ницы дзуапп радта.
[10] Алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕ та лӕууыдысты уым ӕмӕ Йӕ тынг зылын кодтой.
[11] Ирод Ӕй бафхӕрдта йе 'фсӕддонтимӕ, фӕхынджылӕг Дзы кодтой, зынаргъ дарӕс Ыл скодтой ӕмӕ Йӕ фӕстӕмӕ арвыстой Пилатмӕ.
[12] Ӕмӕ уыцы бон Пилат ӕмӕ Ирод балымӕнтӕ сты, уымӕй размӕ та кӕрӕдзимӕ фыдӕх хастой.
[13] Пилат басидт алчертӕм, хицӕуттӕм ӕмӕ адӕммӕ,
[14] Ӕмӕ сын загъта: «Сымах мӕм ӕркодтат ацы Лӕджы, цыма адӕмы халы. Ӕз уӕ разы равзӕрстон хъуыддаг, ӕмӕ ацы Лӕджы цы фыдракӕндты азымджын кӕнут, ахӕмӕй Йӕм ницы ссардтон.
[15] Ирод дӕр Ӕм ницы азым ссардта ӕмӕ нӕм Ӕй раздӕхта. Гъемӕ уӕдӕ, мӕлӕтмӕ Йӕ цӕй тыххӕй рардӕуа, ахӕмӕй ницы сарӕзта.
[16] Ныр Ӕй фӕнӕмын кӕндзынӕн ехсӕй, ӕмӕ Йӕ рауадздзынӕн».
[17] [Пилаты та бӕрӕгбоны тыххӕй уыдонӕн иу ахӕсты рауадзын хъуыд.]
[18] Фӕлӕ адӕм сеппӕт дӕр хъӕр систой: «Амар Ӕй! Вараввӕйы нын рауадз!»
[19] Вараввӕйы та ахӕстонмӕ баппӕрстӕуыд, сахары цавӕрдӕр змӕст кӕй сарӕзта ӕмӕ туг кӕй ныккалдта, уый тыххӕй.
[20] Пилат адӕмимӕ ногӕй райдыдта ныхас кӕнын – фӕндыд ӕй Йесойы рауадзын.
[21] Фӕлӕ уыдон хъӕр кодтой: «Байтындз Ӕй, байтындз Ӕй!»
[22] Пилат сын ӕртыккаг хатт загъта: «Уагӕр ӕвзӕрӕй цы ракодта? Мӕлӕтмӕ Йӕ цӕй тыххӕй рардӕуа, ахӕмӕй Йӕм ницы ссардтон. Гъемӕ Йӕ фӕнӕмын кӕндзынӕн ехсӕй, ӕмӕ Йӕ рауадздзынӕн».
[23] Фӕлӕ хъӕрӕй сӕ фӕнд тардтой – домдтой Йесойы байтындзын. Сӕ хъӕрӕй басастой Пилаты,
[24] Ӕмӕ Пилат хъуыддаг алыг кодта, уыдон куыд домдтой, афтӕ:
[25] Змӕсты ӕмӕ туг ныккалыны азымимӕ ахӕстонмӕ кӕй баппӕрстӕуыд ӕмӕ адӕм кӕй тыххӕй хатыдысты, уыцы Вараввӕйы рауагъта; Йесойы та сын сӕ бар бакодта.
[26] Ӕмӕ Йӕ куы акодтой, уӕд ӕрурӕдтой, фӕссахарӕй чи ӕрбацӕйцыд, иу ахӕм кириниаг лӕг Симоны; ӕмӕ йӕ бафтыдтой дзуар Йесойы фӕдыл ӕккойӕ хӕссыныл.
[27] Йесойы фӕстӕ цыди дзӕвгар адӕм; се 'хсӕн уыди, чи Йыл дзынӕзта ӕмӕ хъарӕг кодта, бирӕ ахӕм сылгоймӕгтӕ.
[28] Йесо сӕм разылд ӕмӕ сын загъта: «Иерусалимы чызджытӕ, Мӕныл ма кӕут, фӕлӕ кӕут уӕхиуыл ӕмӕ уӕ сывӕллӕттыл.
[29] Уымӕн ӕмӕ мӕнӕ ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ дзурдзысты: „Тӕхудиаг сты ӕнӕзӕнӕгтӕ, чи нӕ ныййардта, уыцы гуыбынтӕ, сывӕллонӕн ӕхсыр чи нӕ дардта, уыцы риутӕ!"
[30] Уӕд хӕхтӕм райдайдзысты хатын: „Ӕркӕлут ныл!", ӕмӕ къуыбыртӕм: „Бамбӕхсут нӕ!"
[31] Уымӕн ӕмӕ кӕд цъӕхсыф бӕласӕн афтӕ кӕнынц, уӕд уагӕр хуыскъ бӕласыл та цы ӕрцӕудзӕн?»
[32] Йемӕ ма Йын марынмӕ кодтой дыууӕ фыдгӕнӕджы дӕр.
[33] Ӕмӕ Сӕргӕхц чи хуыйны, уыцы бынатмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд уым дзуарыл байтыгътой Йесойы ӕмӕ фыдгӕнджыты: иуы рахизырдыгӕй, иннӕйы та галиуырдыгӕй.
[34] Йесо дзырдта: «Мӕ Фыд, ныббар сын, уымӕн ӕмӕ цы аразынц, уый нӕ зонынц». Йӕ дарӕстыл Ын хӕлттӕ сӕппӕрстой ӕмӕ сӕ се 'хсӕн байуӕрстой.
[35] Адӕм лӕууыдысты ӕмӕ кастысты. Худтысты Йыл хицӕуттӕ дӕр: «Иннӕты ирвӕзын кодта; ныр Йӕхи фервӕзын кӕнӕд, кӕд Хуыцауы ӕвзӕрст Чырысти у, уӕд».
[36] Хынджылӕг Дзы кодтой ӕфсӕддонтӕ дӕр – бацыдысты-иу Ӕм, Йӕ дзыхмӕ-иу Ын схастой туаг сӕн,
[37] Ӕмӕ дзырдтой: «Кӕд иудейаг Паддзах дӕ, уӕд Дӕхи фервӕзын кӕн».
[38] Йӕ сӕрмӕ [бердзенагау, ромагау ӕмӕ дзуттагау] фыст уыди: «Ай у иудейаг Паддзах».
[39] Тыгъд фыдгӕнджытӕй иу фаудта Йесойы: «Чырысти нӕ дӕ, ӕви? Фервӕзын кӕн Дӕхи дӕр ӕмӕ мах дӕр».
[40] Иннӕ та йын уайдзӕф кодта: «Ау, Хуыцауӕй нӕ тӕрсыс, дӕуӕн дӕр ахӕм тӕрхон куы рахастӕуыд?
[41] Махӕн раст тӕрхон рахастой – нӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йӕ райстам; уый та ӕвзӕрӕй ницы сарӕзта».
[42] Ӕмӕ загъта: «Йесо, Дӕ Паддзахадмӕ куы бацӕуай, уӕд-иу мӕ ӕрымыс!»
[43] Йесо йын загъта: «Ӕцӕг дын зӕгъын, тӕккӕ абон Мемӕ уыдзынӕ дзӕнӕты».
[44] Уыдис ӕхсӕзӕм сахатмӕ хӕстӕг. Бӕстӕ ӕгасӕй дӕр баталынг, ӕмӕ афтӕ ахаста фарӕстӕм сахаты онг,
[45] Уымӕн ӕмӕ хур рухс нал кодта. Кувӕндоны мидӕг ӕмбӕрзӕн аскъуыд йӕ хӕдастӕуыл.
[46] Йесо хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Мӕ Фыд, Дӕ къухтӕм Дын дӕттын Мӕ уд». Ӕмӕ афтӕ куы загъта, уый фӕстӕ Йӕ уд систа.
[47] Цы ӕрцыди, уый сӕдӕйыхицау куы федта, уӕд кад кодта Хуыцауӕн ӕмӕ загъта: «Ацы Адӕймаг, ӕнӕмӕнг, рӕстгӕнӕг уыди».
[48] Бакӕсынмӕ цы адӕм ӕрбамбырд сты, уыдон хабар куы федтой, уӕд, сӕ риутӕ хойгӕйӕ, здӕхтысты сӕхимӕ.
[49] Йесойы зонгӕтӕ та сеппӕт дӕр, стӕй Йӕ фӕдыл Галилейӕ чи рацыд, уыцы сылгоймӕгтӕ дӕр лӕууыдысты дӕрддзӕф ӕмӕ кастысты, цытӕ цӕуы, уымӕ.
[50] Уыд иу лӕг, йӕ ном – Иосиф, синедрионы уӕнг, хорз ӕмӕ раст адӕймаг,
[51] Иудейаг сахар Аримафейӕ; ӕнхъӕлмӕ каст Хуыцауы Паддзахадмӕ. Уый разы нӕ уыд, синедрион цы уынаффӕ рахаста ӕмӕ цы сарӕзта, уыимӕ.
[52] Иосиф бацыди Пилатмӕ Йесойы мард ракурынмӕ.
[53] Ӕриста йӕ, батыхта йӕ уӕздан кӕттаджы ӕмӕ йӕ бавӕрдта, къӕдзӕхы цы зӕппадз къахт уыди, уым; ӕвӕрд дзы ничима уыд.
[54] Уыди майрӕмбон, сабатмӕ бирӕ нал уыд.
[55] Йесойӕн Галилейӕ Йӕ фӕстӕ цы сылгоймӕгтӕ рацыд, уыдон дӕр ацыдысты ӕмӕ федтой зӕппадз, стӕй дзы Йесойы мард куыд бавӕрдтой, уый дӕр.
[56] Куы раздӕхтысты, уӕд ӕрцӕттӕ кодтой хӕрздӕфгӕнӕнтӕ. Сабат сын, иудейаг Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, уыди ӕнцойбон.