[1] Сабат куы аивгъуыдта, уӕд магдалӕйаг Мариа, Иаковы мад Мариа ӕмӕ Саломи балхӕдтой хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, цӕмӕй ацӕуой ӕмӕ байсӕрдой Йесойы.
[2] Ӕмӕ къуырийӕн йӕ фыццаг бон, сӕумӕйӕ, хур куыддӕр скаст, афтӕ ӕрцыдысты зӕппадзмӕ.
[3] Кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Зӕппадзмӕ бацӕуӕнӕй нын дур чи афӕлдахдзӕн?»
[4] Фӕлӕ куы бакастысты, уӕд ӕй федтой фӕлдӕхтӕй; дур тынг стыр уыди.
[5] Зӕппадзмӕ куы бацыдысты, уӕд уым федтой урс дарӕсджын лӕппуйы рахизырдыгӕй бадгӕ; ӕмӕ фӕтарстысты.
[6] Фӕлӕ сын уый загъта: «Ма тӕрсут. Дзуарыл тыгъд Назаретаг Йесойы агурут сымах – ам нӕй, райгас и. Мӕнӕ, кӕм Ӕй бавӕрдтой, уыцы бынат.
[7] Фӕлӕ ацӕут, зӕгъут Ын Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕмӕ Петрӕн, уӕ разӕй цӕуы Галилеймӕ, зӕгъгӕ. Уым Ӕй фендзыстут, куыд уын загъта, афтӕ».
[8] Сылгоймӕгтӕ рацыдысты зӕппадзӕй ӕмӕ згъорынмӕ фесты. Фыртӕссӕй сӕхи дӕр нал ӕмбӕрстой ӕмӕ никӕмӕн ницы загътой, уымӕн ӕмӕ сӕ тас бацыд.
[9] [Къуырийӕн йӕ фыццаг бон, сӕумӕраджы, Йесо куы райгас, уӕд фыццаг фӕзынд, авд дӕлимоны кӕмӕй расырдта, уыцы магдалӕйаг Мариамӕ.
[10] Мариа ацыд ӕмӕ хабар радзырдта, раздӕр Йесоимӕ чи уыд, ныр та кӕугӕ ӕмӕ ӕрдиаг чи кодта, уыдонӕн.
[11] Фӕлӕ Йесо кӕй райгас ӕмӕ Йӕ Мариа кӕй федта, уый куы фехъуыстой, уӕд сӕ нӕ бауырныдта.
[12] Уый фӕстӕ уыдонӕй дыууӕ хъӕумӕ куы фӕцӕйцыдысты, уӕд сӕм Йесо Йӕхи равдыста ӕндӕр хуызы.
[13] Уыдон раздӕхтысты ӕмӕ уый тыххӕй радзырдтой иннӕтӕн дӕр. Фӕлӕ адоныл дӕр нӕ баууӕндыдысты.
[14] Ӕппынфӕстаг Йесо фӕзынд иуӕндӕс ахуыргӕнинагмӕ, фынгыл куы бадтысты, уӕд. Ӕмӕ сын уайдзӕф кодта, уырнындзинад сӕм кӕй нӕ уыди, сӕ зӕрдӕтӕ ӕхгӕд кӕй разындысты ӕмӕ, Йӕ райгасы фӕстӕ Йӕ чи федта, уыдоныл кӕй нӕ баууӕндыдысты, уый тыххӕй.
[15] Йесо сын загъта: «Ӕрзилут ӕгас дунейыл ӕмӕ хъусын кӕнут фарны уац ӕппӕт адӕмӕн.
[16] Чи баууӕнда ӕмӕ кӕуыл саргъуыдӕуа, уый фервӕздзӕни; чи нӕ баууӕнда, уый та уыдзӕни тӕрхонгонд.
[17] Уырнджытӕ та ӕвдисдзысты ахӕм диссӕгтӕ: Мӕ номӕй сурдзысты дӕлимонты, дзурдзысты ног ӕвзӕгтыл,
[18] Сӕ къухтӕм исдзысты кӕлмытӕ, марг куы баназой, уӕд сын ницы уыдзӕн; рынчынтыл ӕвӕрдзысты сӕ къухтӕ, ӕмӕ-иу уыдон сдзӕбӕх уыдзысты».
[19] Семӕ фӕныхас кӕныны фӕстӕ Йесойы систӕуыд уӕларвмӕ, ӕмӕ ӕрбадти Хуыцауы рахиз фарс.
[20] Ахуыргӕнинӕгтӕ ацыдысты ӕмӕ алы ран дӕр хъусын кодтой фарны уац. Хицау сын ӕххуыс кодта ӕмӕ, сӕ ныхас раст кӕй у, уый ӕвдыста, Йӕ фӕрцы кӕй арӕзтӕуыд, уыцы диссӕгтӕй.]