Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 7:59

[1] Загъта ма сын: «Ӕцӕг уын зӕгъын: ам чи лӕууы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ нӕ амӕлдзысты, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахад хъомысджынӕй ӕрцӕугӕ феной, уӕдмӕ».

[2] Ӕхсӕз боны фӕстӕ Йесо Йемӕ рахуыдта Петры, Иаковы ӕмӕ Иоанны, скодта сӕ бӕрзонд хохмӕ, ӕмӕ уым уыдысты хибарӕй. Сӕ разы Йӕ хуыз аивта;

[3] Йӕ дарӕс сӕрттывта ӕмӕ Йын фестади сӕнтурс – зӕххыл иу адӕймагӕн дӕр хъуымац афтӕ сурс кӕнын йӕ бон нӕ бауыдзӕн.

[4] Фӕзындысты сӕм Илиа ӕмӕ Моисей, ӕмӕ ныхас кодтой Йесоимӕ.

[5] Уӕд Петр загъта Йесойӕн: «Равви, ам кӕй стӕм, уый цы хорз у! Саразӕм ӕртӕ халагъуды: иу Дӕуӕн, иу Моисейӕн, иу Илиайӕн».

[6] Цы загътаид, уый нӕ зыдта, уымӕн ӕмӕ тынг фӕтарстысты.

[7] Ӕмӕ фӕзынд ӕврагъ, ӕрӕмбӕрзта сӕ, ӕмӕ ӕврагъӕй райхъуысти хъӕлӕс: «Ай Мӕ уарзон Фырт у. Хъусут Ӕм».

[8] Ахуыргӕнинӕгтӕ фӕйнӕрдӕм акастысты ӕмӕ никӕйуал ауыдтой – ӕрмӕст ма Йесо баззади семӕ.

[9] Хохӕй куы ӕрцӕйцыдысты, уӕд сын Йесо бафӕдзӕхста, цӕмӕй, цы федтой, уый тыххӕй макӕмӕн радзурой, цалынмӕ Адӕймаджы Фырт мӕрдтӕй раста, уӕдмӕ.

[10] Йесойы фӕдзӕхст сӕ зӕрдыл бадардтой, кӕрӕдзи та фарстой, цы амоны «мӕрдтӕй растын», зӕгъгӕ.

[11] Ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Уӕдӕ динамонджытӕ цӕмӕн дзурынц, Чырыстийы размӕ Илиа хъуамӕ ӕрцӕуа, зӕгъгӕ?»

[12] Йесо сын дзуапп радта: «Раст у, раздӕр Илиа хъуамӕ ӕрцӕуа ӕмӕ ӕппӕт дӕр банывыл кӕна. Ӕмӕ уӕдӕ Фыст цӕмӕн афтӕ зӕгъы, Адӕймаджы Фырт хъуамӕ бавзара бирӕ удхар ӕмӕ хынджылӕггаг фӕуа, зӕгъгӕ?

[13] Фӕлӕ уын зӕгъын: Илиа ныридӕгӕн ӕрцыд, ӕмӕ сӕ цы фӕндыд, уый йын бакодтой, Фыст дзы куыд зӕгъы, афтӕ».

[14] Иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕм куы ӕрцыдысты, уӕд сын сӕ алыварс федтой бирӕ адӕм, стӕй динамонджыты ахуыргӕнинӕгтимӕ быцӕугӕнгӕ.

[15] Адӕм Йесойы куыддӕр федтой, афтӕ сеппӕт дӕр скатай сты, згъордтой Йӕм ӕмӕ Йын салам лӕвӕрдтой.

[16] Йесо сӕ бафарста: «Цӕуыл у уӕ быцӕу?»

[17] Адӕмӕй Йын иу дзуапп радта: «Ахуыргӕнӕг, ӕз Дӕм ӕркодтон, ӕнӕзӕгъинаг кӕй багомыг кодта, мӕ уыцы лӕппуйы.

[18] Кӕм ӕй ӕрцахсы, уым ӕй зӕххыл ныццӕвы, ӕмӕ лӕппуйӕн йӕ комы фынк скӕлы, йӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс ссӕуы, нындзыг вӕййы. Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загътон, цӕмӕй расурой дӕлимоны, фӕлӕ сӕ бон нӕ баци».

[19] Йесо дзуапп радта: «Ӕнӕуырнӕг фӕлтӕр! Кӕдмӕ уыдзынӕн уемӕ? Кӕдмӕ уын быхсдзынӕн? Ӕрбакӕнут Мӕм ӕй».

[20] Ӕмӕ Йӕм ӕй ӕрбакодтой. Дӕлимон куыддӕр Йесойы ауыдта, афтӕ лӕппуйы йӕ гӕндзӕхтӕ цӕгъдыныл бафтыдта; лӕппу адӕргъ и зӕххыл ӕмӕ, йӕ комы фынк калгӕйӕ, ратул-батул кодта.

[21] Йесо йын бафарста йӕ фыды: «Рагӕй афтӕ у?» Уый Йын дзуапп радта: «Сывӕллонӕй нырмӕ.

[22] Дӕлимон ӕй бирӕ хӕттыты ӕппӕрста арты ӕмӕ доны, цӕмӕй йӕ фесафа. Кӕд Дӕ бон у, уӕд нын батӕригъӕд кӕн ӕмӕ нын баххуыс кӕн».

[23] Йесо йын загъта: «Кӕд Дӕ бон у, зӕгъыс? Уырнӕгӕн ӕппӕт дӕр у йӕ бон».

[24] Лӕппуйы фыд [цӕссыгкалгӕ] уайтӕккӕ хъӕрӕй загъта: «Уырны мӕ! Баххуыс кӕн мӕ лӕмӕгъ уырнындзинадӕн».

[25] Йесо адӕмы ӕрбацӕйзгъоргӕ куы федта, уӕд ӕнӕзӕгъинагӕн радта бардзырд: «Ӕгомыг ӕмӕ къуырма уд! Ӕз дын зӕгъын: рацу уымӕй ӕмӕ дзы макуыуал бацу».

[26] Уӕд дӕлимон ныхъхъӕр кодта, тынг ныууыгъта лӕппуйы, ӕмӕ дзы рацыд. Лӕппу мардау фӕци, ӕмӕ бирӕтӕ дзырдтой, амарди, зӕгъгӕ.

[27] Фӕлӕ йын Йесо схӕцыд йӕ къухыл, рабадын ӕй кодта, ӕмӕ лӕппу сыстад.

[28] Йесо хӕдзармӕ куы бацыд, уӕд Ӕй Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хибарӕй бафарстой: «Дӕлимоны расурын нӕ бон цӕуылнӕ баци?»

[29] Йесо сын загъта: «Ацы уды мыггагӕн ӕрмӕст кувын ӕмӕ ком дарыны фӕрцы ис фӕсурӕн».

[30] Рацыдысты уырдыгӕй ӕмӕ сӕ фӕндаг акодтой Галилейыл. Ӕрмӕст Йесойы нӕ фӕндыд, уым кӕй ис, уый исчи базона.

[31] Уымӕн ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн амыдта ӕмӕ сын дзырдта: «Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн адӕмы къухтӕм, амардзысты Йӕ, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн».

[32] Фӕлӕ уыдон уыцы ныхӕстӕ не 'мбӕрстой, бафӕрсын та Йӕ нӕ уӕндыдысты.

[33] Ӕрцыдысты Капернауммӕ. Хӕдзары куы уыдысты, уӕд сӕ Йесо бафарста: «Фӕндагыл цӕй тыххӕй быцӕу кодтат?»

[34] Уыдон ныхъхъус сты, уымӕн ӕмӕ фӕндагыл фӕбыцӕу сты, уӕлдӕр сӕ чи у, уый тыххӕй.

[35] Йесо ӕрбадти, басидти дыууадӕсмӕ ӕмӕ сын загъта: «Уӕлдӕр уӕвын кӕй фӕнды, уый ӕппӕтӕй дӕлдӕр уӕд ӕмӕ лӕггад кӕнӕд алкӕмӕн дӕр».

[36] Стӕй сын сӕ размӕ ӕрбахуыдта сывӕллоны, ӕрбахъӕбыс ӕй кодта, ӕмӕ сын загъта:

[37] «Ахӕм сывӕллӕттӕй иуыл Мӕ номы сӕраппонд зӕрдиаг чи уа, уый Мӕныл у зӕрдиаг; Мӕныл зӕрдиаг чи уа, уый та Мӕныл зӕрдиаг нӕу, фӕлӕ Мӕ Рарвитӕгыл».

[38] Уӕд Ын Иоанн загъта: «Ахуыргӕнӕг, мах федтам, Дӕ номӕй дӕлимонты чи суры, ахӕм адӕймаджы, ӕмӕ йын бар нӕ лӕвӕрдтам, уымӕн ӕмӕ нӕ фӕдыл нӕ цӕуы».

[39] Йесо загъта: «Ма йӕ хъыгдарут. Мӕ номӕй диссаг чи равдиса, уымӕн уыйадыл Мӕнӕй ӕвзӕр зӕгъын йӕ бон нӕ бауыдзӕн.

[40] Уымӕн ӕмӕ нӕ ныхмӕ чи нӕу, уый нӕ фарс у.

[41] Чырыстийы кӕй стут, уый тыххӕй уын Мӕ номы сӕраппонд доны къус чи ратта, уый, ӕцӕг уын зӕгъын, ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй нӕ баззайдзӕн.

[42] Фӕлӕ ацы кӕстӕртӕй – Мӕныл ӕууӕндджытӕй – иуы дӕр тӕригъӕды чи бафтауа, уымӕн йӕ бӕрзӕйыл куыройыфыд куы ӕрцауындзиккой ӕмӕ йӕ денджызы куы баппариккой, уӕд ын хуыздӕр уаид.

[43] Дӕ къух дын тӕригъӕды хос куы уа, уӕд ӕй акъуыр: хуыздӕр дын у уӕнгхъуагӕй цардмӕ бацӕуын, цӕйнӕфӕлтау дыууӕ къухимӕ зындоны ӕнӕхуысгӕ артмӕ бацӕуай.

[44] [Уым сӕ къуыдыркалм нӕ мӕлы ӕмӕ дзы арт нӕ хуыссы.]

[45] Ӕмӕ дын дӕ къах тӕригъӕды хос куы уа, уӕд ӕй акъуыр: хуыздӕр дын у уӕнгхъуагӕй цардмӕ бацӕуын, цӕйнӕфӕлтау дӕ дыууӕ къахимӕ зындонмӕ баппӕрстӕуа.

[46] [Уым сӕ къуыдыркалм нӕ мӕлы ӕмӕ дзы арт нӕ хуыссы.]

[47] Ӕмӕ дын дӕ цӕст тӕригъӕды хос куы уа, уӕд ӕй фелвас: хуыздӕр дын у иу цӕстимӕ Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуын, цӕйнӕфӕлтау дӕ дыууӕ цӕстимӕ зындонмӕ баппӕрстӕуа.

[48] Уым сӕ къуыдыркалм нӕ мӕлы ӕмӕ дзы арт нӕ хуыссы.

[49] Уымӕн ӕмӕ алчидӕр фӕлвӕрд ӕрцӕудзӕн артӕй, Хуыцауӕн хаст нывонд цӕххӕй ссыгъдӕггӕнӕгау.

[50] Цӕхх хорз у. Фӕлӕ цӕхх цӕхджын куы нӕ уа, уӕд ӕй цӕмӕй сцӕхджын кӕндзынӕ? Ӕдзӕхх ма ут ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ цӕрут фидыдӕй».

Марк — Chapters