Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 9:25

[1] Йесо уырдыгӕй араст Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ӕмӕ ӕрцыд Йӕ сахармӕ.

[2] Сабат куы ралӕууыд, уӕд райдыдта амонын синагогӕйы, ӕмӕ Йӕм цы бирӕ адӕм хъуыста, уыдон дисы ӕфтыдысты ӕмӕ дзырдтой: «Ӕппӕт адӕттӕ Йын кӕцӕй сты? Уагӕр Ын цавӕр зонд рардӕуыд, ӕмӕ ахӕм диссӕгтӕ аразын Йӕ бон куыд у?

[3] Ай хъӕддӕсны нӕу, мыййаг, Мариайы фырт, Иаковы, Иосифы, Иудӕйы ӕмӕ Симоны ӕфсымӕр? Йӕ хотӕ дӕр ам, не 'хсӕн, не сты, ӕви?» Ӕмӕ Йыл не 'ууӕндыдысты.

[4] Йесо сын загъта: «Пехуымпар йӕ фыдыбӕстӕ, йӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ йӕ хӕдзарӕй дарддӕр ӕгад никуы вӕййы».

[5] Ӕмӕ уым иу диссаг саразын дӕр Йӕ бон нӕ уыд; ӕрмӕст Йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта цалдӕр рынчыныл ӕмӕ сӕ сдзӕбӕх кодта.

[6] Дисы Йӕ ӕфтыдта се 'нӕуырнындзинад. Уый фӕстӕ зылди хӕстӕг хъӕутыл ӕмӕ ахуыр кодта адӕмы.

[7] Йесо басидт Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагмӕ, арвыста сӕ дыгӕйттӕй, ӕмӕ сын радта тых, цӕмӕй сӕ бар цӕуа ӕнӕзӕгъинӕгтыл.

[8] Ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Лӕдзӕг йеддӕмӕ фӕндагмӕ уемӕ мацы райсут – нӕдӕр хойраг, нӕдӕр хордзен, нӕдӕр ӕхца уӕ роны.

[9] Фӕлӕ дзабыртӕ дарын уӕ бон у, ӕрмӕст-иу уӕ уӕлӕ дыгай хӕдӕттӕ ма скӕнут».

[10] Загъта ма сын: «Цы хӕдзармӕ-иу бацӕуат, уым-иу баззайут, цалынмӕ уырдыгӕй рацӕуат, уӕдмӕ.

[11] Кӕм уӕ не суазӕг кӕной ӕмӕ уӕм кӕм нӕ байхъусой, уырдыгӕй куы рацӕуат, уӕд та-иу ацӕгъдут уӕ къӕхты рыг – аххосджын кӕй сты, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн. [Ӕцӕг уын зӕгъын: Содом ӕмӕ Гоморрӕйӕн тӕрхоны бон уыцы сахарӕй ӕнцондӕр уыдзӕн.]»

[12] Ахуыргӕнинӕгтӕ ацыдысты ӕмӕ адӕмӕн дзырдтой, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной сӕ тӕригъӕдтыл.

[13] Адӕмӕй-иу расырдтой бирӕ дӕлимонты, бирӕ рынчынты сӕрстой зетийӕ ӕмӕ сӕ дзӕбӕх кодтой.

[14] Паддзах Ирод фехъуыста Йесойы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ Йӕ кой айхъуыст дардыл. Иутӕ дзырдтой: «Аргъауӕг Иоанн райгас мӕрдтӕй ӕмӕ уый тыххӕй аразы диссӕгтӕ»;

[15] Иннӕтӕ дзырдтой: «Уый Илиа у»; аннӕтӕ та дзырдтой: «Уый раздӕры пехуымпарты хуызӕн пехуымпар у».

[16] Фӕлӕ Ирод, уыдӕттӕ фехъусгӕйӕ, загъта: «Ӕз кӕй сӕр акъуырдтон, уыцы Иоанн райгас».

[17] Уымӕн ӕмӕ уымӕй размӕ Ирод арвыста Иоаннмӕ, ӕрцахста йӕ, ӕмӕ йӕ бакодта ахӕстоны йе 'фсымӕр Филиппы ус Иродиадӕйы тыххӕй. Ирод ракуырдта Иродиадӕйы,

[18] Ӕмӕ йын Иоанн дзырдта: «Де 'фсымӕры усимӕ цӕрын дын не 'мбӕлы».

[19] Иродиадӕ йӕм мӕстӕй марди, фӕндыд ӕй йӕ амарын, фӕлӕ ницы йӕ бон уыд.

[20] Уымӕн ӕмӕ Ирод тарст Иоаннӕй; раст ӕмӕ сыгъдӕг адӕймаг кӕй у, уый зыдта, ӕмӕ йӕ хъахъхъӕдта. Кӕд-иу ӕй Иоанны ныхӕстӕ фӕкъӕмдзӕстыг кодтой, уӕддӕр ӕм хъуыста зӕрдиагӕй.

[21] Иродиадӕйӕн фӕзынди фадат. Ирод йӕ райгуырӕн боны фӕдыл йе 'лдӕрттӕн, ӕфсӕддон хицӕуттӕн ӕмӕ Галилейы уӕздӕттӕн скодта куывд.

[22] Иродиадӕйы чызг сӕм бацыд ӕмӕ кафыд. Уымӕй балхӕдта Ироды ӕмӕ уазджыты зӕрдӕ, ӕмӕ паддзах загъта чызгӕн: «Цы дӕ хъӕуы, уый ракур, ӕмӕ дын ӕй ратдзынӕн».

[23] Ирод ын расомы кодта: «Цыдӕриддӕр мӕ ракурай, уый дын ратдзынӕн, суанг мӕ паддзахады ӕмбисы онг».

[24] Чызг рацыд ӕмӕ бафарста йӕ мады: «Цы ракурон?» Уый йын загъта: «Аргъауӕг Иоанны сӕр».

[25] Чызг уайтагъд бацыди паддзахмӕ ӕмӕ йын загъта: «Фӕнды мӕ, цӕмӕй мын гъертӕккӕ тӕбӕгъы ӕрбахӕссай Аргъауӕг Иоанны сӕр».

[26] Паддзах ӕрӕнкъард, фӕлӕ йӕ сомымӕ гӕсгӕ ӕмӕ йемӕ минасгӕнджыты ӕфсӕрмӕй чызгӕн «нӕ» зӕгъын не сфӕрӕзта.

[27] Уайтӕккӕ йӕ хъахъхъӕнджытӕй иуы арвыста Иоанны сӕр ӕрбахӕссыны бардзырдимӕ.

[28] Хъахъхъӕнӕг ацыд, ахӕстоны Иоаннӕн акъуырдта йӕ сӕр, ӕмӕ йӕ тӕбӕгъы ӕрбахаста чызгӕн, чызг та йӕ радта йӕ мадмӕ.

[29] Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд ӕрцыдысты, йӕ мард ын ахастой ӕмӕ йӕ зӕппадзы бавӕрдтой.

[30] Апостолтӕ ӕрӕмбырд сты Йесомӕ ӕмӕ Йын радзырдтой, цы сарӕзтой ӕмӕ адӕмы цӕуыл сахуыр кодтой, ӕппӕт уыдӕттӕ.

[31] Йесо сын загъта: «Хибар ранмӕ иунӕгӕй ацӕут ӕмӕ иучысыл уӕ фӕллад суадзут». Уымӕн ӕмӕ ӕрцӕуӕг ӕмӕ фӕстӕмӕ здӕхӕг адӕм уыйас бирӕ уыдысты, ӕмӕ сӕ суанг хӕрынмӕ дӕр не 'вдӕлд.

[32] Йесо ӕмӕ апостолтӕ иунӕгӕй бӕлӕгъы араст сты хибар ранмӕ.

[33] Уӕддӕр сӕ бирӕтӕ федтой фӕцӕйцӕугӕ ӕмӕ сӕ базыдтой. Уӕд ӕппӕт сахартӕй азгъордтой фистӕгӕй ӕмӕ сӕ разӕй фесты.

[34] Йесо былмӕ куы рахызт, уӕд федта бирӕ адӕм ӕмӕ сын фӕтӕригъӕд кодта, уымӕн ӕмӕ уыдысты ӕнӕфыййау фыстау. Ӕмӕ сын бирӕ фӕцамыдта.

[35] Бонӕй бирӕ куы нал баззади, уӕд Йесомӕ бацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йын загътой: «Ам фӕсвӕд ран у, бон та фӕивгъуыйы.

[36] Ауадз адӕмы, ацӕуой хӕстӕг хъӕутӕм ӕмӕ сӕхицӕн хӕринаг балхӕной».

[37] Йесо сын дзуапп радта: «Сымах сын раттут хӕринаг». Загътой Йын: «Уӕд та фӕцӕуӕм ӕмӕ дзул дыууӕсӕдӕ динары аргъ балхӕнӕм, утӕппӕт адӕмы бафсадынӕн?»

[38] Йесо сӕ бафарста: «Цал дзулы уӕм ис? Ацӕут ӕмӕ фенут». Уыдон федтой ӕмӕ загътой: «Фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы».

[39] Уӕд сын бафӕдзӕхста ӕппӕт адӕмы дӕр цъӕх кӕрдӕгыл къордгай ӕрбадын кӕнын.

[40] Адӕм ӕрбадтысты къордгай – фондзыссӕдзгӕйттӕй ӕмӕ дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзгӕйттӕй.

[41] Йесо райста фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы, скаст уӕларвмӕ, арфӕ ракодта, асаста дзултӕ ӕмӕ сӕ радта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм адӕмӕн байуарынмӕ. Дыууӕ кӕсаджы дӕр байуӕрста сеппӕтыл дӕр.

[42] Сеппӕт дӕр бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты.

[43] Ӕмӕ ма дзул ӕмӕ кӕсагӕй цы баззад, уыдонӕй байдзаг дыууадӕс чыргъӕды.

[44] Хӕргӕ чи кодта, уыдоны ӕхсӕн айдагъ лӕгтӕ уыди фондз мины.

[45] Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгты уайтагъд сбадын кодта бӕлӕгъы ӕмӕ сӕ арвыста денджызы иннӕ фарсмӕ, Вифсаидӕмӕ; Йӕхӕдӕг уал баззади, цалынмӕ адӕмы ауадза, уӕдмӕ.

[46] Ӕмӕ адӕмы куы ауагъта, уӕд хохмӕ ссыди бакувынмӕ.

[47] Изӕрдалынгты бӕлӕгъ бахӕццӕ денджызы хӕдастӕумӕ, Йесо та иунӕгӕй уыди денджызы был.

[48] Ӕмӕ федта, ахуыргӕнинӕгтӕ бӕлӕгъ зынтӕй кӕй тардтой, уый, уымӕн ӕмӕ дымгӕ дымдта сӕ ныхмӕ. Боныцъӕхты размӕ сӕм Йесо денджызыл бацыди къахӕй, ӕмӕ Йӕ фӕндыди сӕ иувӕрсты аивгъуыйын.

[49] Уыдон Ӕй денджызыл цӕугӕ куы федтой, уӕд Ын цӕстылуайӕн ӕнхъӕл уыдысты, ӕмӕ хъӕр систой.

[50] Уымӕн ӕмӕ Йӕ сеппӕт дӕр федтой ӕмӕ фӕтарстысты. Фӕлӕ сӕм Йесо уайтӕккӕ сдзырдта: «Фидар фӕлӕуут, уый Ӕз дӕн! Ма тӕрсут».

[51] Бахызт сӕм бӕлӕгъмӕ, ӕмӕ дымгӕ банцади. Уыдон стыр дисы бафтыдысты,

[52] Уымӕн ӕмӕ не 'мбӕрстой, дзултимӕ цы диссаг сарӕзтӕуыд, уый; сӕ зӕрдӕтӕ ӕхгӕд уыдысты.

[53] Бахӕццӕ сты денджызы иннӕ фарсмӕ, Геннисареты цурмӕ, ӕмӕ уым ӕрлӕууыдысты.

[54] Бӕлӕгъӕй куы рахызтысты, уӕд адӕм уайтагъд базыдтой Йесойы,

[55] Рӕвдз ӕрзылдысты ӕппӕт бӕстӕйыл, ӕмӕ-иу Йесо Йӕ коймӕ гӕсгӕ кӕм уыд, уырдӕм хуыссӕнтыл ӕрхастой сӕ рынчынты.

[56] Кӕдӕмфӕнды ма ӕрцыдаид Йесо, хъӕутӕм кӕнӕ сахартӕм, рынчынты-иу ӕрӕвӕрдтой фӕзты, хатыдысты Йӕм, цӕмӕй сӕ бауадза уӕд та Йӕ пӕлӕзы коцорайыл бандзӕвын; ӕмӕ-иу Ыл чидӕриддӕр бандзӕвыд, уыдон-иу сдзӕбӕх сты.

Марк — Chapters