[1] Йесо ногӕй амонын райдыдта денджызы былыл. Уыйас бирӕ адӕм ӕрӕмбырд, ӕмӕ Уый бахызти бӕлӕгъмӕ ӕмӕ дзы ӕрбадт; адӕм та иууылдӕр денджызы былгӕрон уыдысты.
[2] Бирӕ сын амыдта фӕсномыг ныхӕстӕй ӕмӕ сӕ ахуыр кодта:
[3] «Байхъусут: мӕнӕ тауӕг рацыди тауынмӕ.
[4] Таугӕ-тауын иугай нӕмгуытӕ ӕрхаудысты фӕндаггӕрон, ӕртахтысты мӕргътӕ ӕмӕ сӕ рауыгътой.
[5] Иуӕй-иутӕ дзы ӕрхаудысты, сыджыт бирӕ кӕм нӕ уыд, ахӕм дурджын ран, ӕмӕ уайтагъд сӕвзӕрдысты, уымӕн ӕмӕ зӕхх арф нӕ уыд.
[6] Ӕмӕ хур куы скаст, уӕд сӕ басыгъта ӕмӕ бахус сты, уымӕн ӕмӕ сын уидаг нӕ уыд.
[7] Иуӕй-иутӕ дзы ӕрхаудысты сындзыты ӕхсӕн, сындзытӕ сзадысты, ныххурх сӕ кодтой, ӕмӕ нӕмгуытӕ тыллӕг нӕ радтой.
[8] Иуӕй-иутӕ та дзы ӕрхаудысты бӕзнаг мӕрыл, схӕцыдысты сӕхиуыл, сырӕзыдысты ӕмӕ радтой: иу – дӕс ӕмӕ ссӕдз хатты, иннӕ – ӕртиссӕдз хатты, ӕртыккаг – фондзыссӕдз хатты фылдӕр тыллӕг».
[9] Ӕмӕ сын ноджы загъта: «Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!»
[10] Адӕм куы ацыдысты, уӕд дыууадӕс ахуыргӕнинаджы, стӕй ма уым чи баззади, уыдон дӕр Ӕй фӕсномыг ныхӕсты тыххӕй бафарстой.
[11] Йесо сын загъта: «Сымахӕн Хуыцауы Паддзахады сусӕгдзинад зонын лӕвӕрд у, уыдонӕн та, ӕддагӕттӕн, ӕппӕт дӕр фӕсномыг ныхӕстӕй амындӕуы,
[12] Цӕмӕй „цӕстӕй кӕсой, фӕлӕ ма уыной, хъусӕй хъусой, фӕлӕ ма ӕмбарой, ӕмӕ ма раздӕхой Хуыцаумӕ ӕмӕ сын барст ма уой сӕ тӕригъӕдтӕ"».
[13] Загъта ма сын: «Ацы фӕсномыг ныхас не 'мбарут, ӕви? Уӕд иннӕ фӕсномыг ныхӕстӕ та куыд бамбардзыстут?
[14] Тауӕг ныхас тауы.
[15] Мӕнӕ фӕндаггӕрон чи ӕрхауд, уыдон: куыддӕр ныхас фехъусынц, афтӕ ӕрцӕуы хӕйрӕг ӕмӕ сын ахӕссы сӕ зӕрдӕйы тыд ныхас.
[16] Мӕнӕ дурджын ран кӕй байтыдӕуыд, уыдон дӕр: ныхас куы фехъусынц, уӕд ӕй уыйадыл цингӕнгӕ айсынц сӕ зӕрдӕмӕ,
[17] Фӕлӕ ӕнӕуидаг сты ӕмӕ бирӕ нӕ бафӕразынц. Тыхст рӕстӕг куы ралӕууы, кӕнӕ Хуыцауы ныхасы тыххӕй ӕфхӕрын куы райдайынц, уӕд уайтагъд ныууадзынц сӕ уырнындзинад.
[18] Иннӕтӕ та сты, сындзыты ӕхсӕн кӕй байтыдӕуыд, уыдон: ныхас фехъусынц,
[19] Фӕлӕ сын зӕххон царды мӕт, мулчы бӕллиц ӕмӕ ӕндӕр мондӕгтӕ бацахсынц сӕ зӕрдӕ, ныххурх кӕнынц ныхас, ӕмӕ пайда нӕ ратты.
[20] Мӕнӕ бӕзнаг мӕрыл кӕй байтыдӕуыд, уыдон дӕр: фехъусынц ныхас ӕмӕ йӕ айсынц сӕ зӕрдӕмӕ; ӕмӕ сӕ иу ратты дӕс ӕмӕ ссӕдз хатты, иннӕ – ӕртиссӕдз хатты, аннӕ та – фондзыссӕдз хатты фылдӕр пайда».
[21] Йесо сын загъта: «Цырагъ агъуыстмӕ уый тыххӕй, мыййаг, бахӕссынц, цӕмӕй йӕ дурыны кӕнӕ сынтӕджы бын бавӕрой? Цырагъдарӕныл ӕй нӕ сӕвӕрынц, ӕви?
[22] Цы нӕ раргом уа, ахӕм сусӕггаг нӕй, ӕмӕ цы нӕ рахъӕр уа, ахӕм сусӕгдзинад нӕ вӕййы.
[23] Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!»
[24] Ӕмӕ сын загъта: «Цы хъусут, ууыл-иу ахъуыды кӕнут. Цы барӕнӕй барут, ахӕмӕй сымахӕн дӕр сбарстӕуыдзӕн ӕмӕ ма уын ноджыдӕр рардӕуыдзӕн.
[25] Уымӕн ӕмӕ кӕмӕ ис, уымӕн рардӕуыдзӕн; кӕмӕ нӕй, уымӕй та ист ӕрцӕудзӕн, цы йӕм ис, уый дӕр».
[26] Йесо загъта: «Уӕларвон Паддзахад ахӕм у. Адӕймаг зӕххы байтауы йӕ тауинаг,
[27] Ӕхсӕвыгон вӕййы фынӕй, бонӕй та сысты; уӕдмӕ мыггаг суадзы ӕвзар ӕмӕ рӕзы. Куыд рӕзы, уый та адӕймаг нӕ зоны.
[28] Уымӕн ӕмӕ зӕхх йӕхӕдӕг ратты тыллӕг: фыццаг ӕвзар, стӕй ӕфсир, уый фӕстӕ та – нарст нӕмыг ӕфсирыл.
[29] Ӕмӕ хуым куы фӕбур вӕййы, уӕд адӕймаг уайтагъд рауадзы йе 'хсырф, уымӕн ӕмӕ ралӕууыд кӕрдыны афон».
[30] Йесо дарддӕр дзырдта: «Цӕуыл абарӕм Хуыцауы Паддзахад? Кӕнӕ йӕ цавӕр фӕсномыг ныхасӕй равдисӕм?
[31] Уый хъыцъыйы нӕмыгау у. Таугӕ йӕ куы фӕкӕнынц, уӕд зӕххыл цы мыггӕгтӕ ис, ӕппӕт уыдонӕн сӕ къаддӕр вӕййы.
[32] Фӕлӕ йӕ куы байтауынц, уӕд сзайы ӕмӕ цӕхӕрадоны ӕппӕт зайӕгойтӕй дӕр фӕбӕрзонддӕр вӕййы, рауадзы стыр къалиутӕ, ӕмӕ йӕ аууоны уӕларвон мӕргътӕн сӕ бон вӕййы ахстӕттӕ аразын».
[33] Ахӕм фӕсномыг ныхӕстӕй сын Йесо амыдта бирӕ, сӕ бон бамбарын цас уыд, уыйас.
[34] Ӕнӕ фӕсномыг ныхасӕй сын ницы дзырдта, Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн та хибарӕй ӕмбарын кодта ӕппӕт дӕр.
[35] Уыцы бон изӕрӕй Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ахизӕм денджызы фаллаг фарсмӕ».
[36] Ахуыргӕнинӕгтӕ ауагътой адӕмы ӕмӕ, Йесо цы бӕлӕгъы уыди, уым араст сты Йемӕ. Йесоимӕ ма рацыд ӕндӕр бӕлӕгътӕ дӕр.
[37] Сыстади тыхджын уад, уылӕнтӕ бӕлӕгъыл афтӕ тынг цавтой сӕхи, ӕмӕ бӕлӕгъ фӕцӕйдзаг кодта донӕй.
[38] Йесо та фӕстаг къуымы кодта фынӕй, Йӕ сӕр базыл ӕрӕвӕргӕйӕ. Райхъал Ӕй кодтой ӕмӕ Йын загътой: «Ахуыргӕнӕг, сӕфгӕ кӕй кӕнӕм, уый Дӕм нӕ хъары, ӕви?»
[39] Йесо сыстади, бардзырд радта уадӕн ӕмӕ загъта денджызӕн: «Банцай, ныссабыр у». Уад банцад, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр.
[40] Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Цӕмӕн афтӕ тӕппуд стут? Нырма дӕр уӕм уырнындзинад нӕма ис?»
[41] Уыдон тынг фӕтарстысты, ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уый Чи уа, уад ӕмӕ денджыз Кӕй коммӕ кӕсынц?»