[1] Бахӕццӕ сты денджызы иннӕ фарсмӕ, Гадарӕйы бӕстӕмӕ.
[2] Йесо бӕлӕгъӕй куыддӕр рахызт, афтӕ зӕппӕдзтӕй Йӕ размӕ рацыди хӕйрӕджджын лӕг.
[3] Уый царди зӕппӕдзты. Суанг ӕй рӕхыстӕй сбӕттын дӕр ничиуал фӕрӕзта –
[4] Бирӕ хӕттыты-иу баст ӕрцыди хъадамантӕ ӕмӕ рӕхыстӕй, фӕлӕ-иу арӕдывта йӕ рӕхыстӕ ӕмӕ-иу ныссаста йӕ хъадамантӕ. Уый басӕттыны хъару никӕмӕ уыд.
[5] Иудадзыг, ӕхсӕвӕй-бонӕй, хъӕр кодта зӕппӕдзты ӕмӕ хӕхты, йӕхи хоста дуртыл.
[6] Йесойы дардмӕ куы ауыдта, уӕд Ӕм ӕрбазгъордта, ӕрзоныгыл
[7] Ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Цы Дӕ хъӕуы мӕнӕй, Йесо, Дунедарӕг Хуыцауы Фырт? Хуыцауы хатыр бакӕн, хъизӕмарӕй мӕ ма мар!»
[8] Уымӕн ӕмӕ йын Йесо афтӕ загъта: «Ӕнӕзӕгъинаг, рацу ацы адӕймагӕй».
[9] Йесо йӕ бафарста: «Дӕ ном куыд у?» Уый Йын загъта: «Мӕ ном – легион, уымӕн ӕмӕ мах бирӕ стӕм».
[10] Ӕмӕ лӕгъстӕ кодта Йесойӕн, цӕмӕй сӕ уыцы бӕстӕйӕ ма арвита.
[11] Уым уӕлхох хызти хуыты стыр дзуг,
[12] Ӕмӕ дӕлимонтӕ куырдтой Йесойӕ: «Хуытӕм нӕ барвит, цӕмӕй сӕ мидӕг бацӕуӕм».
[13] Йесо сын бар радта. Ӕнӕзӕгъинӕгтӕ рацыдысты уыцы лӕгӕй, ӕмӕ бацыдысты хуыты. Ӕмӕ уыцы дзуг (уыдаид дзы иу дыууӕ мины бӕрц) къардиуӕй денджызмӕ фехста йӕхи, ӕмӕ фӕдӕлдон.
[14] Хуыгӕстӕ азгъордтой, ӕмӕ хабар радзырдтой сахар ӕмӕ хъӕуты. Ӕмӕ цы ӕрцыд, уый фенынмӕ рацыдысты адӕм.
[15] Ӕрбацыдысты Йесомӕ, ӕмӕ дӕлимонты легион кӕй мидӕг уыд, уыцы хӕйрӕджджыны федтой йӕ дарӕсы бадгӕ, йӕ зонд йӕхимӕ уыд, афтӕмӕй. Ӕмӕ старстысты.
[16] Цы ӕрцыд, уый фенӕг адӕм сын ракодтой хӕйрӕджджыны ӕмӕ хуыты хабар.
[17] Уӕд Йесомӕ райдыдтой хатын, цӕмӕй ацӕуа сӕ зӕххӕй.
[18] Йесо бӕлӕгъмӕ куы бацӕйхызт, уӕд Дзы раздӕры хӕйрӕджджын куырдта, цӕмӕй йӕ уадза Йемӕ.
[19] Фӕлӕ Йесо не сразы ӕмӕ йын загъта: «Ацу дӕ хӕдзармӕ ӕмӕ дӕ бинонтӕн радзур, Хуыцау дын цы сарӕзта ӕмӕ дӕм Йӕ хорзӕх куыд равдыста, уый тыххӕй».
[20] Уый ацыд, ӕмӕ Дӕссахары райдыдта дзурын, Йесо йын цы сарӕзта, уый тыххӕй. Ӕмӕ иууылдӕр дисы ӕфтыдысты.
[21] Йесо бӕлӕгъы денджызы иннӕ фарсмӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд Ӕм ӕрӕмбырд бирӕ адӕм. Денджызы былгӕрон ма куы уыд,
[22] Уӕд Ӕм ӕрцыди синагогӕйы хицӕуттӕй иу, йӕ ном Иаир. Йесойы куы федта, уӕд Ын Йӕ къӕхтӕм йӕхи ӕрӕппӕрста,
[23] Ӕмӕ Йын тынг лӕгъстӕ кодта: «Мӕ чызг мӕлгӕ кӕны; ӕрцу ӕмӕ йыл ӕрӕвӕр Дӕ къухтӕ, цӕмӕй сдзӕбӕх уа ӕмӕ цӕра».
[24] Йесо араст йемӕ. Йӕ фӕдыл цыди бирӕ адӕм, ӕмӕ Йӕ цъист кодтой.
[25] Иу сылгоймагӕн дыууадӕс азы дӕргъы йӕ туг цӕуынӕй не 'нцад.
[26] Бирӕ дохтыртӕ йын бирӕ хъизӕмар бавзарын кодтой, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уый иууылдӕр бахардз кодта, фӕлӕ йын ницы феххуыс – ӕрцыди фыддӕр уавӕрмӕ.
[27] Йесойы тыххӕй куы фехъуыста, уӕд чъылдымырдыгӕй ӕрбацыд адӕмы ӕхсӕнты ӕмӕ Йын бандзӕвыд Йӕ дарӕсыл.
[28] Уымӕн ӕмӕ хинымӕр дзырдта: «Ӕрмӕст Йӕ дарӕсыл Ын куы бандзӕвон, уӕд дӕр сдзӕбӕх уыдзынӕн».
[29] Туг уайтӕккӕ банцад йӕ цӕуынӕй, ӕмӕ сылгоймаг буарӕй банкъардта, йӕ низӕй кӕй сдзӕбӕх, уый.
[30] Тых Дзы кӕй рацыд, уый Йесо уыйадыл банкъардта, разылд адӕммӕ ӕмӕ загъта: «Чи бандзӕвыд Мӕ дарӕсыл?»
[31] Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Адӕм Дӕ куыд цъист кӕнынц, уый уыныс, уӕддӕр ма фӕрсыс: „Чи Мыл бандзӕвыд?"»
[32] Фӕлӕ Йыл чи бандзӕвыд, уыцы сылгоймаджы феныны тыххӕй Йесо адӕмыл хаста Йӕ цӕст.
[33] Сылгоймаг та, цы йыл ӕрцыд, уый зонгӕйӕ, тӕрсгӕ-ризгӕйӕ бацыд Йесомӕ, Йӕ къӕхтӕм ӕрӕппӕрста йӕхи, ӕмӕ Йын ӕппӕт дӕр радзырдта, куыд уыд, афтӕ.
[34] Йесо йын загъта: «Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта. Цу фарнимӕ ӕмӕ ӕнӕниз у».
[35] Йесо Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ синагогӕйы хицаумӕ ӕрцыдысты йӕ хӕдзарӕй, ӕмӕ йын загътой: «Дӕ чызг амард. Ахуыргӕнӕджы ма цы фӕлмӕцын кӕныс?»
[36] Фӕлӕ Йесо, уыцы ныхӕстӕ ницӕмӕ даргӕйӕ, синагогӕйы хицауӕн загъта: «Ма тӕрс, ӕрмӕст ӕууӕнд».
[37] Петр, Иаков ӕмӕ Иаковы ӕфсымӕр Иоанны йеддӕмӕ Йесо никӕй бауагъта Йемӕ ацӕуын.
[38] Ӕрцыдысты синагогӕйы хицауы хӕдзармӕ. Йесо адӕмы федта тыхстӕй, кӕугӕйӕ, сӕ хъӕлӕсыдзаг дзыназгӕйӕ.
[39] Бацыди мидӕмӕ ӕмӕ сын загъта: «Цы стыхстыстут ӕмӕ цӕуыл кӕут? Саби мард нӕу, фынӕй у».
[40] Ӕмӕ Йыл худтысты. Фӕлӕ Йесо сеппӕты дӕр рарвыста ӕддӕмӕ, Йемӕ райста сабийы фыд ӕмӕ мады, стӕй Йе 'мбӕлццӕтты, ӕмӕ бацыди, саби кӕм уыд, уырдӕм.
[41] Ныххӕцыд сабийӕн йӕ къухыл, ӕмӕ йын загъта: «Талита, кум». Ома: «Чызгай, дӕумӕ дзурын, рабад».
[42] Чызг уайтӕккӕ рабадт ӕмӕ райдыдта цӕуын. Цыдаид ыл иу дыууадӕс азы. Сеппӕт дӕр стыр дисы бафтыдысты.
[43] Фӕлӕ сын Йесо тынг бафӕдзӕхста, уый тыххӕй мачи базонӕд, зӕгъгӕ. Стӕй ма сын загъта, цӕмӕй чызгӕн раттой хӕринаг.