Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 7:12

[1] Йесо адӕмӕн райдыдта фӕсномыг ныхӕстӕй дзурын: «Иу адӕймаг ныссагъта сӕнӕфсирдон, йӕ алыварс ын сарӕзта ӕмбонд, скъахта дзы сӕндуцӕн, самадта дзы мӕсыг, радта йӕ ӕххуырст кусджытӕм ӕмӕ ацыд балцы.

[2] Афон куы ралӕууыди, уӕд ӕххуырст кусджытӕм йӕ сӕнӕфсиры хай райсынмӕ арвыста йӕ цагъары.

[3] Уыдон ӕй ӕрцахстой, фӕнадтой йӕ ӕмӕ йӕ афтидармӕй раздӕхтой.

[4] Арвыста сӕм ӕндӕр цагъары, ӕмӕ уымӕн дӕр асастой йӕ сӕр ӕмӕ дзы фӕхынджылӕг кодтой.

[5] Арвыста ма сӕм ӕндӕры дӕр, ӕмӕ йӕ амардтой. Ноджы ма сӕм бирӕты арвыста, ӕмӕ уыдонӕй дӕр кӕй нӕмгӕ фӕкодтой, кӕй та дзы маргӕ акодтой.

[6] Иу ма йын баззад – йӕ уарзон фырт; ӕмӕ сӕм ӕппынфӕстаг уый дӕр арвыста, мӕ фыртӕй мын фефсӕрмы уыдзысты, зӕгъгӕ.

[7] Фӕлӕ ӕххуырст кусджытӕ загътой кӕрӕдзийӕн: „Уый йӕ бындар у. Цом, амарӕм ӕй, ӕмӕ мах бауыдзысты йӕ бынтӕ".

[8] Ӕрцахстой йӕ ӕмӕ йӕ амардтой, ӕмӕ йын йӕ мард сӕнӕфсирдонӕй раппӕрстой.

[9] Цы бакӕндзӕни сӕнӕфсирдоны хицау? Ӕрцӕудзӕн, амардзӕн ӕххуырст кусджыты ӕмӕ сӕнӕфсирдон ратдзӕн ӕндӕртӕм.

[10] Ау, Сыгъдӕг Фысты нӕ бакастыстут: „Аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси сӕрӕвӕрӕн.

[11] Уый Хуыцауы фӕндӕй у, ӕмӕ уыцы диссаг мах уынӕм"?»

[12] Йесо фӕсномыг ныхас уыдоны тыххӕй кӕй загъта, уый бамбӕрстой, ӕмӕ Йӕ хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты. Уӕд Ӕй ныууагътой ӕмӕ ацыдысты.

[13] Ӕмӕ Йӕм барвыстой фарисейтӕй ӕмӕ Ироды фарсдарджытӕй кӕйдӕрты, цӕмӕй Йӕ ракъахой ӕмӕ Йын Йӕ ныхӕстӕ Йӕхи ныхмӕ фӕцаразой.

[14] Уыдон Ӕм ӕрцыдысты ӕмӕ Йын загътой: «Ахуыргӕнӕг, мах зонӕм, Ды раст кӕй дӕ ӕмӕ искӕй зӕрдӕ балхӕныныл кӕй нӕ архайыс, уымӕн ӕмӕ никӕй хъулон кӕныс, фӕлӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ амоныс Хуыцауы фӕндаг. Кесӕрӕн хъалон фидын ӕмбӕлы ӕви нӕ? Фидӕм ын ӕви йын ма фидӕм?»

[15] Йесо сын зыдта сӕ цӕстмӕхъусдзинад ӕмӕ сын загъта: «Цы Мӕ къахут? Рахӕссут-ма Мӕм динар ӕмӕ йӕм ӕркӕсон».

[16] Ӕрбахастой Йӕм. Ӕмӕ сын загъта: «Кӕй ныв ӕмӕ йыл кӕй ном ис?» Уыдон Ын дзуапп радтой: «Кесӕры».

[17] Йесо сын загъта: «Кесӕры цы у, уый дӕттут кесӕрӕн, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн». Ӕмӕ Йыл дис кодтой.

[18] Уӕд Йесомӕ ӕрбацыдысты саддукейтӕ (саддукейтӕ дзурынц, мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, зӕгъгӕ), ӕмӕ Йӕ бафарстой:

[19] «Ахуыргӕнӕг, Моисей махӕн ныффыста: „Искӕмӕн йӕ усджын ӕфсымӕр куы амӕла, зӕнӕг та йын куы нӕ баззайа, уӕд ын йе 'фсымӕр ракурӕд йӕ усы ӕмӕ цот рауадзӕд йе 'фсымӕрӕн".

[20] Уыд авд ӕфсымӕры. Хистӕр ӕрхаста ус ӕмӕ ӕнӕзӕнӕгӕй амард.

[21] Ракуырдта йӕ дыккаг ӕфсымӕр ӕмӕ уый дӕр амарди, йӕ фӕстӕ зӕнӕг нӕ ныууадзгӕйӕ. Афтӕ рауад ӕртыккаджы хабар дӕр.

[22] Авдӕй йӕ алчидӕр ракуырдта, фӕлӕ дзы зӕнӕг ничи ныууагъта. Сеппӕты фӕстӕ ус дӕр амард.

[23] Ныр мӕрдтӕ куы райгас уой, уӕд сӕ кӕй ус уыдзӕни? Сӕ авды ус дӕр куы уыд».

[24] Йесо сын дзуапп радта: «Нӕдӕр Сыгъдӕг Фыст, нӕдӕр Хуыцауы тых кӕй нӕ зонут, уый уӕ нӕ рӕдийын кӕны, ӕви?

[25] Уымӕн ӕмӕ мӕрдтӕ куы райгас уой, уӕд нӕдӕр ус курдзысты, нӕдӕр мой кӕндзысты, фӕлӕ уыдзысты уӕларвон зӕдтау.

[26] Мӕрдтӕ райгас уыдзысты, зӕгъгӕ, уый тыххӕй та Моисейы чиныджы нӕ бакастыстут, Хуыцау ӕм сындзкъутӕрӕй цы радзырдта, уый: „Ӕз дӕн Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау"?

[27] Хуыцау мӕрдты Хуыцау нӕу, удӕгӕсты Хуыцау у. Уӕдӕ сымах тынг рӕдийут».

[28] Динамонджытӕй сын иу фехъуыста сӕ ныхас ӕмӕ бафиппайдта, Йесо уыдонӕн хорз дзуапп кӕй радта, уый. Ӕмӕ бацыд Йесомӕ ӕмӕ Йӕ бафарста: «Ӕппӕт фӕдзӕхстытӕй сӕйрагдӕр кӕцы у?»

[29] Йесо йын дзуапп радта: «Тӕккӕ сӕйрагдӕр мӕнӕ ацы фӕдзӕхст у: „Байхъус, Израил! Нӕ Хицау Хуыцауы йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй.

[30] Ӕмӕ уарз дӕ Хицау Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ".

[31] Дыккаг фӕдзӕхст та ахӕм у: „Уарз хионы, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ". Уыдонӕй ахсджиагдӕр фӕдзӕхст нӕй».

[32] Динамонӕг Ын загъта: «Раст зӕгъыс, Ахуыргӕнӕг. Хуыцау иу кӕй у ӕмӕ ӕндӕр Хуыцау кӕй нӕй, уымӕй иттӕг раст зӕгъыс.

[33] Ӕмӕ Уый ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт зондӕй, ӕппӕт хъаруйӕ уарзын, хионы дӕр, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ уарзын у ӕппӕт иууылсудзинаг нывондтӕй ӕмӕ ӕппӕт иннӕ нывондтӕй дӕр ахсджиагдӕр».

[34] Йесо йын йӕ раст дзуапп куы фехъуыста, уӕд ын загъта: «Хуыцауы Паддзахадӕй дард нӕ дӕ». Уый фӕстӕ Йесойы бафӕрсынмӕ йӕ ныфс ничиуал хаста.

[35] Йесо Кувӕндоны дарддӕр ахуыр кодта адӕмы ӕмӕ дзырдта: «Динамонджытӕ куыд зӕгъынц Чырыстийӕ, Давиды байзӕддаг у, зӕгъгӕ?

[36] Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй Давид йӕхӕдӕг куы дзырдта: „Хуыцау загъта мӕ Хицауӕн: сбад Мӕ рахиз фарс, цалынмӕ Дын Де знӕгты Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрон, уӕдмӕ".

[37] Давид Ӕй кӕд Хицау хоны, уӕд Уый йӕ байзӕддаг куыд у?» Адӕм хъуыстой Йесомӕ зӕрдиагӕй.

[38] Ӕмӕ сӕ Йесо ахуыр кодта: «Уӕхи хизут динамонджытӕй. Уыдон уарзынц даргъ дарӕс дарын ӕмӕ сахарты фӕзты адӕмы арфӕтӕм хъусын;

[39] Уарзынц синагогӕты раззаг бынӕтты ӕмӕ минасы фынгтыл уӕле бадын;

[40] Хӕрынц идӕдзты хӕдзӕрттӕ, цӕстмӕ кувынц бирӕ. Уыдон баййафдзысты карз ӕфхӕрд».

[41] Йесо ӕрбадти Кувӕндоны хӕзнадоны бакомкоммӕ ӕмӕ каст, адӕм дзы ӕхца куыд ӕвӕрдтой, уымӕ. Бирӕ хъӕздгуытӕ дзы ӕвӕрдтой бирӕ ӕхца.

[42] Ӕрцыд иу мӕгуыр идӕдз ус ӕмӕ нывӕрдта дыууӕ лептӕйы – иу кодрант.

[43] Йесо басидт Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын, ацы мӕгуыр идӕдз ус, ӕппӕт адӕм цас нывӕрдтой, уымӕй фылдӕр нывӕрдта хӕзнадоны.

[44] Иннӕтӕ иууылдӕр сӕ исбоны уӕлдайӕ нывӕрдтой; ацы мӕгуыр сылгоймаг та нывӕрдта, цыдӕриддӕр ӕм уыдис, уый, йӕ хойраджы аргъ».

Марк — Chapters