Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 5:00

[1] Йесо Кувӕндонӕй куы рацӕйцыд, уӕд Ын Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иу загъта: «Ахуыргӕнӕг, акӕс-ма, мӕнӕ цы дуртӕ ӕмӕ бӕстыхӕйттӕ ис!»

[2] Йесо йын дзуапп радта: «Уыныс ацы стыр бӕстыхӕйттӕ? Уыдон афтӕ ныппырх уыдзысты, ӕмӕ дзы ам дур дурыл нал баззайдзӕн».

[3] Йесо Елеоны хохыл Кувӕндоны бакомкоммӕ куы бадт, уӕд Ӕй хибарӕй фарстой Петр, Иаков, Иоанн ӕмӕ Андрей:

[4] «Зӕгъ-ма нын, уый кӕд уыдзӕн, ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕн се 'рцыды афон цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?»

[5] Йесо сын райдыдта дзурын: «Уӕхи хизут, цӕмӕй уӕ мачи фӕсайа.

[6] Бирӕтӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: „Ӕз Чырысти дӕн", ӕмӕ бирӕты фӕсайдзысты.

[7] Ӕввахс ӕмӕ дард хӕстыты тыххӕй куы фехъусат, уӕд ма фӕтӕрсут – ӕппӕтт уыдӕттӕн ӕнӕрцӕугӕ нӕй, фӕлӕ уый кӕрон нӕма уыдзӕни.

[8] Сыстдзысты адӕм адӕмы ныхмӕ ӕмӕ паддзахад паддзахады ныхмӕ, ранӕй-рӕтты уыдзӕни зӕххӕнкъуыстытӕ, скӕндзӕни стонг рӕстӕг. Ӕппӕт уыдӕттӕ арӕг сылгоймаджы хъизӕмӕртты райдайӕнау уыдзысты.

[9] Фӕлӕ сымах цӕттӕ дарут уӕхи: дӕтдзысты уӕ тӕрхондӕттӕм ӕмӕ уӕ нӕмдзысты синагогӕты; Мӕн тыххӕй уӕ кӕндзысты хицӕуттӕм ӕмӕ паддзӕхтӕм, цӕмӕй Мын уыдоны раз уат ӕвдисӕнтӕ.

[10] Фӕлӕ уал уыдӕтты размӕ ӕппӕт адӕмтӕм хъуамӕ фӕхӕццӕ уа фарны уац.

[11] Тӕрхонмӕ уӕ куы кӕной, уӕд цы зӕгъдзыстут, ууыл-иу рагацау ма мӕт кӕнут, фӕлӕ-иу дзурут, уайтӕккӕ уын цы рардӕуа, уый. Уымӕн ӕмӕ сымах нӕ дзурдзыстут, фӕлӕ уӕ дзыхӕй дзурдзӕни Сыгъдӕг Уд.

[12] Ратдзӕн ӕфсымӕр ӕфсымӕры ӕмӕ фыд хъӕбулы мӕлӕтмӕ; сыстдзысты зӕнӕг сӕ ныййарджыты ныхмӕ ӕмӕ сӕ амарын кӕндзысты.

[13] Мӕ номы тыххӕй алкӕмӕн дӕр уыдзыстут ӕнӕуынон; фӕлӕ кӕронмӕ чи бафӕраза, уый фервӕздзӕн.

[14] Кӕм не 'мбӕлы, уым „ӕлгъаг гӕныстон" куы фенат, – чиныгкӕсӕг ӕй бамбарӕд, – уӕд Иудейӕйы чи уа, уыдон лидзӕнт хӕхтӕм.

[15] Уӕлхӕдзар чи уа, уый йӕ хӕдзармӕ ма ӕрхизӕд уырдыгӕй исты рахӕссынмӕ.

[16] Быдыры чи уа, уый дӕр ма раздӕхӕд йӕ дарӕс рахӕссынмӕ.

[17] Уӕд додоййаг уыдзысты сывӕрджынтӕ ӕмӕ дзидзидарджытӕ.

[18] Кувут, цӕмӕй уӕ ма бахъӕуа зымӕджы лидзын.

[19] Уымӕн ӕмӕ уыцы бонты уыдзӕни, Хуыцау дуне куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ чи нӕма уыд ӕмӕ нал уыдзӕн, ахӕм стыр бӕллӕх.

[20] Ӕмӕ Хицау уыцы бонтӕ куы нӕ фӕцыбыр кодтаид, уӕд иу адӕймаг дӕр нӕ фервӕзтаид. Фӕлӕ Йӕхӕдӕг кӕй сӕвзӕрста, уыдоны сӕраппонд сӕ фӕцыбыр кодта.

[21] Уӕд уын исчи куы зӕгъа: „Мӕнӕ ам ис Чырысти", кӕнӕ: „Уым ис", – ма уӕ бауырнӕд.

[22] Уымӕн ӕмӕ фӕзындзысты мӕнгчырыститӕ ӕмӕ мӕнгпехуымпартӕ, равдисдзысты ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ, цӕмӕй, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, асайой ӕвзӕрстыты.

[23] Уӕхи хизут – ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй уын Ӕз загътон рагацау.

[24] Уӕд, уыцы бӕллӕхты фӕстӕ, баталынг уыдзӕни хур, мӕй нал ратдзӕн йӕ рухс,

[25] Стъалытӕ хаудзысты арвӕй, ӕмӕ уӕларвон тыхтӕ нынкъуысдзысты.

[26] Уӕд Адӕймаджы Фырты фендзысты стыр тых ӕмӕ намысимӕ ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ.

[27] Рарвитдзӕн зӕдты ӕмӕ Йе 'взӕрстыты ӕрӕмбырд кӕндзӕн алы рӕттӕй – зӕххы кӕронӕй арвы кӕронмӕ.

[28] Райсут цӕвиттонӕн легъуибӕлас: йӕ къалиутӕ куы сфӕлмӕн вӕййынц ӕмӕ сыфтӕр куы рафтауынц, уӕд фӕзонут, сӕрд кӕй ӕрӕввахс.

[29] Уӕдӕ сымах ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕстгӕнгӕ куы фенат, уӕд-иу зонут, афон кӕй ӕрӕввахс, ныридӕгӕн къӕсӕрыл кӕй ис, уый.

[30] Ӕцӕг уын зӕгъын: ацы фӕлтӕр нӕма аивгъуыйдзӕни, цалынмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцӕуой.

[31] Арв ӕмӕ зӕхх нал уыдзысты, Мӕ ныхӕстӕ та мыггагмӕ дӕр уыдзысты сӕ тыхы.

[32] Уыцы боны кӕнӕ сахаты тыххӕй ничи зоны: нӕдӕр уӕларвон зӕдтӕ, нӕдӕр Фырт – ӕрмӕст ӕй Фыд зоны.

[33] Цырд лӕуут ӕмӕ фынӕй ма кӕнут, уымӕн ӕмӕ уыцы афон кӕд ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут.

[34] Цӕвиттон, иу лӕг цыди балцы ӕмӕ йӕ хӕдзар ныууагъта йӕ цагъарты ӕвджид, алкӕмӕн дӕр дзы бахӕс кодта бӕлвырд хъуыддаг ӕмӕ дуаргӕсӕн бафӕдзӕхста къӕрцхъусӕй лӕууын.

[35] Уӕдӕ сымах дӕр ут къӕрцхъус, уымӕн ӕмӕ нӕ зонут, хӕдзары хицау кӕд ӕрцӕудзӕн, уый: изӕры, ӕмбисӕхсӕв, кӕркуасӕнты ӕви райсомӕй.

[36] Ӕваст куы ӕрцӕуа, уӕд уӕ фынӕйӕ цӕмӕй ма ӕрӕййафа.

[37] Сымахӕн цы зӕгъын, уый хауы алкӕмӕ дӕр: ут къӕрцхъус».

Марк — Chapters