[1] Куыддӕр сбон, афтӕ алчертӕ, адӕмы хистӕртӕ, динамонджытӕ ӕмӕ ӕппӕт синедрион рахастой уынаффӕ. Йесойы сбастой, акодтой Йӕ ӕмӕ Йӕ радтой Пилаты къухтӕм.
[2] Пилат Ӕй бафарста: «Ды дӕ иудейаг Паддзах?» Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс».
[3] Ӕмӕ Йӕ алчертӕ зылын кодтой бирӕ хъуыддӕгты.
[4] Пилат та Йӕ бафарста: «Ницы дзуапп дӕттыс? Уыныс, куыд бирӕ азым Дӕм хӕссынц».
[5] Фӕлӕ йын Йесо дзуапп нал радта, ӕмӕ Пилат дисы бафтыд.
[6] Пилат-иу бӕрӕгбоны рауагъта, адӕм кӕй куырдтой, иу ахӕм ахӕсты.
[7] Уӕд ахӕстоны уыд иучидӕр, йӕ ном – Вараввӕ; бадти, змӕсты рӕстӕг туг чи ныккалдта, уыцы змӕнтджытимӕ.
[8] Адӕм ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Пилатӕй райдыдтой курын, цӕмӕй та ацы хатт дӕр сараза, куыд-иу сын кодта, афтӕ.
[9] Уый сын загъта: «Фӕнды уӕ, цӕмӕй уын иудейаг Паддзахы рауадзон?»
[10] Пилат зыдта, алчертӕ йын Йесойы йӕ къухтӕм сӕ хӕлӕгӕй кӕй радтой, уый.
[11] Фӕлӕ алчертӕ сардыдтой адӕмы, Вараввӕйы сын рауадзыныл куыд дзурой, афтӕ.
[12] Пилат сын ногӕй загъта: «Уӕдӕ сымах иудейаг Паддзах Кӕй хонут, Уымӕн та цы бакӕнон?»
[13] Уӕд уыдон ныхъхъӕр кодтой: «Байтындз Ӕй!»
[14] Пилат сын загъта: «Уагӕр ӕвзӕрӕй цы ракодта?» Фӕлӕ уыдон ноджы тынгдӕр ныхъхъӕр кодтой: «Байтындз Ӕй!»
[15] Пилаты фӕндыд адӕмы зӕрдӕ балхӕнын, ӕмӕ сын рауагъта Вараввӕйы, Йесойы та ехсӕй фӕнӕмын кодта ӕмӕ Йӕ радта дзуарыл байтындзынмӕ.
[16] Ӕфсӕддонтӕ Йесойы акодтой бӕстӕйы хицауы галуаны мидӕггаг кӕртмӕ, ӕмӕ ӕрӕмбырд кодтой ӕгас ӕфсӕддон хай.
[17] Скодтой Йыл сӕнтсырх дарӕс, сбыдтой сындзын кадыхуд ӕмӕ Йыл ӕй ӕркодтой.
[18] Ӕмӕ Йын райдыдтой арфӕ кӕнын: «Ӕгас цӕуӕд иудейаг Паддзах!»
[19] Йӕ сӕр Ын цавтой лӕдзӕгӕй, тутӕ Йыл кодтой, Йӕ разы-иу ӕрлӕууыдысты сӕ зонгуытыл ӕмӕ Йын куывтой.
[20] Куы Йӕ бафхӕрдтой, уӕд сӕнтсырх дарӕс раластой, скодтой Йыл Йӕхи дарӕс ӕмӕ Йӕ акодтой байтындзынмӕ.
[21] Уыцы рӕстӕг фӕссахарӕй ӕрбацӕйцыд иу кириниаг лӕг Симон, Александр ӕмӕ Руфы фыд; ӕмӕ йын ахӕссын кодтой Йесойы дзуар.
[22] Йесойы ӕркодтой, Голгофӕ (ома, Сӕргӕхцы бынат) чи хуыйны, уырдӕм.
[23] Ӕмӕ Йын лӕвӕрдтой сӕн смирнӕимӕ хӕццӕйӕ, фӕлӕ йӕ Йесо нӕ бакуымдта.
[24] Дзуарыл Ӕй байтыгътой, ӕмӕ Йын Йӕ дарӕстыл ӕппӕрстой хӕлттӕ, кӕмӕ дзы цы ӕрхауа, ууыл, ӕмӕ сӕ се 'хсӕн байуӕрстой.
[25] Куы Йӕ байтыгътой, уӕд цыди ӕртыккаг сахат.
[26] Йӕ азымы тыххӕй фыст уыди фӕйнӕгыл: «Иудейаг Паддзах».
[27] Йемӕ Йын байтыгътой дыууӕ абырӕджы, иуы Йӕ рахиз фарс, иннӕйы та Йӕ галиу фарс.
[28] [Ӕмӕ сӕххӕст, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый: «Фыдгӕнджыты хыгъдмӕ Йӕ бахастӕуыд».]
[29] Йӕ цурты чи цыди, уыдон тылдтой сӕ сӕртӕ ӕмӕ Йӕ фаудтой: «Гъей, Кувӕндон халӕг ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ аразӕг!
[30] Дӕхи фервӕзын кӕн – дзуарӕй ӕрхиз».
[31] Афтӕ Дзы хынджылӕг кодтой алчертӕ дӕр динамонджытимӕ, ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Иннӕты ирвӕзын кодта, Йӕхи фервӕзын кӕнын та Йӕ бон нӕу!
[32] Чырысти, Израилы Паддзах, ныр дзуарӕй ӕрхизӕд, цӕмӕй йӕ фенӕм нӕхи цӕстӕй ӕмӕ Йыл баууӕндӕм». Йемӕ тыгъд чи уыд, уыдон дӕр Ӕй фаудтой.
[33] Ӕхсӕзӕм сахат куы ралӕууыд, уӕд бӕстӕ ӕгасӕй дӕр баталынг, ӕмӕ афтӕ ахаста фарӕстӕм сахаты онг.
[34] Фарӕстӕм сахатыл Йесо хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Элои, Элои, лема сабахтани?» Ома: «Мӕ Хуыцау, Мӕ Хуыцау, цӕмӕн Мӕ ныууагътай?»
[35] Уым чи лӕууыд, уыдонӕй чидӕртӕ уый фехъуыстой ӕмӕ дзырдтой: «Илиамӕ дзуры».
[36] Иучидӕр та азгъордта, губкӕ стылдта туаг сӕны ӕмӕ йӕ ӕрсагъта лӕдзӕгыл. Баназынмӕ Йӕм ӕй бадардта ӕмӕ загъта: «Фӕлӕуут-ма, бакӕсӕм, кӕддӕра Илиа ӕрцӕуид дзуарӕй Йӕ ӕрисынмӕ».
[37] Йесо та хъӕрӕй ныууынӕргъыдта ӕмӕ Йӕ уд систа.
[38] Ӕмӕ Кувӕндоны мидӕг ӕмбӕрзӕн дыууӕ дихы фӕци уӕлейӕ бынмӕ.
[39] Йесо хъӕрӕй куыд ныууынӕргъыдта ӕмӕ Йӕ уд куыд систа, уый Йӕ разы лӕууӕг сӕдӕйыхицау куы федта, уӕд загъта: «Ацы Адӕймаг ӕцӕгӕй Хуыцауы Фырт уыди».
[40] Уым уыдысты ӕмӕ дӕрддзӕфӕй кастысты сылгоймӕгтӕ дӕр; уыдонимӕ – магдалӕйаг Мариа, кӕстӕр Иаковы ӕмӕ Иосийы мад Мариа, стӕй Саломи.
[41] Ацы сылгоймӕгтӕ цыдысты Йӕ фӕдыл ӕмӕ Йын лӕггад кодтой, Йесо ма Галилейы куы уыди, уӕд. Уыди ма дзы, Иерусалиммӕ Йемӕ чи ӕрцыд, бирӕ ахӕм сылгоймӕгтӕ дӕр.
[42] Ныридӕгӕн баизӕр, ӕмӕ майрӕмбон кӕй уыд – сабатмӕ цӕттӕ кӕныны бон, –
[43] Уымӕ гӕсгӕ синедрионы дзырддзӕугӕ уӕнг, аримафейаг Иосиф (уый дӕр Хуыцауы Паддзахадмӕ ӕнхъӕлмӕ каст), йӕ ныфс бахаста Пилатмӕ бацӕуынмӕ ӕмӕ Йесойы мард ракурынмӕ.
[44] Йесо ныридӕгӕн кӕй амарди, уый Пилатмӕ диссаг фӕкаст, басидт сӕдӕйыхицаумӕ ӕмӕ йӕ бафарста: «Раджы амард?»
[45] Ӕмӕ сӕдӕйыхицауӕй хабар куы базыдта, уӕд Йесойы мард раттын кодта Иосифӕн.
[46] Иосиф балхӕдта уӕздан кӕттаг, ӕриста Йесойы, батыхта Йӕ кӕттаджы ӕмӕ Йӕ бавӕрдта, къӕдзӕхы цы зӕппадз къахт уыди, уым; ӕмӕ йын йӕ бацӕуӕныл бафӕлдӕхта дур.
[47] Магдалӕйаг Мариа ӕмӕ Иосийы мад Мариа уыдтой, кӕм Ӕй бавӕрдтой, уый.