[1] Йесомӕ ӕрӕмбырд сты фарисейтӕ, стӕй ма цалдӕр динамонӕджы, Иерусалимӕй чи рацыд, ахӕмтӕ.
[2] Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй Йын иуӕй-иуты федтой чъизи, ома, ӕнӕхсад къухтӕй, хӕринаг хӕргӕ.
[3] Фарисейтӕ та, ӕппӕт иудейтау, сӕ фыдӕлты ӕгъдауыл хӕст сты, ӕмӕ сӕ къухтӕ цалынмӕ бӕстон цӕхсой, уӕдмӕ нӕ хӕрынц.
[4] Базарӕй куы ӕрцӕуынц, уӕд дӕр нӕ хӕрынц, цалынмӕ сӕхи цӕхсой, уӕдмӕ. Ӕмӕ ма хӕст сты бирӕ ӕндӕр ӕгъдӕуттыл дӕр: ӕхсынц къустӕ, дурынтӕ, ӕгтӕ ӕмӕ бандӕттӕ.
[5] Ӕмӕ фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ бафарстой Йесойы: «Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фыдӕлты ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цӕуылнӕ цӕрынц, чъизи къухтӕй цӕмӕн хӕрынц?»
[6] Йесо сын дзуапп радта: «Цӕстмӕхъустӕ, сымах тыххӕй Исай-пехуымпар Сыгъдӕг Фысты хорз загъта: „Ацы адӕм Мын кад кӕнынц дзыхӕй, сӕ зӕрдӕ та дард у Мӕнӕй.
[7] Дзӕгъӕлы Мӕм кувынц; цӕуыл ахуыр кӕнынц, уыдон адӕймаджы ӕрхъуыдыгонд ӕгъдӕуттӕ сты".
[8] Сымах ныууагътат Хуыцауы фӕдзӕхст, ӕмӕ хӕст стут адӕймаджы ӕрхъуыдыгонд ӕгъдӕуттыл».
[9] Ноджыдӕр сын загъта: «Уӕхи ӕгъдау ӕххӕст кӕныны сӕраппонд Хуыцауы фӕдзӕхст аивын хорз зонут.
[10] Уымӕн ӕмӕ Моисей загъта: „Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады", ӕмӕ: „Йӕ фыды кӕнӕ йӕ мады ӕфхӕрӕг амӕлӕд".
[11] Сымах та куыд дзурут? Йӕ фыдӕн кӕнӕ йӕ мадӕн афтӕ чи зӕгъа, мӕнӕй цы хъуамӕ айстаис, уый корбан (ома, Хуыцауӕн лӕвар) у, зӕгъгӕ,
[12] Уымӕн нал дӕттут йӕ фыдӕн кӕнӕ йӕ мадӕн хорз ракӕныны бар.
[13] Афтӕмӕй Хуыцауы ныхас баивут, иннӕты дӕр кӕуыл ахуыр кӕнут, уӕ уыцы ӕгъдауӕй. Ноджы ма аразут бирӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтӕ дӕр».
[14] Йесо ногӕй басидт адӕммӕ ӕмӕ сын загъта: «Байхъусут Мӕм уеппӕт дӕр ӕмӕ бамбарут!
[15] Адӕймаджы ӕддейӕ цы бацӕуы, уый йӕ нӕ чъизи кӕны, фӕлӕ дзы ӕддӕмӕ цы рацӕуы, уый йӕ кӕны чъизи.
[16] [Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!]»
[17] Йесо адӕмы куы ныууагъта ӕмӕ хӕдзармӕ куы бацыд, уӕд Ӕй Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бафарстой, цы фӕсномыг ныхас загъта, уымӕй.
[18] Уый сын дзуапп радта: «Ау, сымах дӕр афтӕ ӕнӕмбаргӕ стут? Ӕви йӕ нӕ зонут, адӕймаджы ӕддейӕ цы бацӕуы, уый йӕ кӕй нӕ чъизи кӕны?
[19] Уымӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ нӕ бацӕуы, фӕлӕ йӕ гуыбынмӕ ныфты, стӕй рацӕуы ӕддӕмӕ». Афтӕмӕй Йесо алы хӕринагӕй дӕр загъта, сыгъдӕг у, зӕгъгӕ.
[20] Ноджы ма загъта: «Зӕрдӕйӕ цы рацӕуы, уый чъизи кӕны адӕймаджы.
[21] Уымӕн ӕмӕ адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйӕ рацӕуынц фыдвӕндтӕ, хӕтын, давын, марын,
[22] Кӕрӕф, фыдӕх, фӕлывд, ӕлгъаг хъуыддӕгтӕ, хӕлӕгцӕст, хахуыр, сӕрыстырдзинад, ӕдылы митӕ.
[23] Ӕппӕт уыцы хӕрам рацӕуы зӕрдӕйӕ ӕмӕ чъизи кӕны адӕймаджы».
[24] Йесо араст уырдыгӕй, ӕмӕ ӕрцыди Тиры зӕхмӕ. Уым бацыд иу хӕдзармӕ. Фӕндыд Ӕй, уым кӕй ис, уый куыд мачи базона, фӕлӕ Йӕ къухы нӕ бафтыд.
[25] Йесойы тыххӕй уайтӕккӕ фехъуыста, йӕ чызг хӕйрӕджджын кӕмӕн уыд, иу ахӕм сылгоймаг; ӕрцыд ӕмӕ йӕхи Уый къӕхтӕм ӕрӕппӕрста.
[26] Уыцы сылгоймаг та уыди муртат, Сириаг Финикийӕ. Ӕмӕ Йесойӕн лӕгъстӕ кодта йӕ чызгӕй йын дӕлимоны расурыны тыххӕй.
[27] Йесо йын загъта: «Уадз ӕмӕ уал сывӕллӕттӕ бафсӕдой. Хорз нӕу сывӕллӕтты къӕбӕр райсын ӕмӕ йӕ куыйтӕн аппарын».
[28] Сылгоймаг Ын дзуапп радта: «О, Хицау, фӕлӕ куыйтӕ дӕр фынджы бын фӕхӕрынц, сывӕллӕтты фынгӕй цы муртӕ ӕрхауы, уыдон».
[29] Уӕд ын Йесо загъта: «Ахӕм дзуаппы фӕстӕ цу, дӕлимон рацыди дӕ чызгӕй».
[30] Сылгоймаг хӕдзармӕ куы ӕрцыд, уӕд федта: йӕ хъӕбул хуыссы хуыссӕныл, дӕлимон дзы рацыд.
[31] Йесо Тиры зӕххӕй рацыди Сидоныл, ӕмӕ, Дӕссахарыл цӕугӕйӕ, рахызти Галилейаг денджызмӕ.
[32] Ӕркодтой Йӕм гуылӕвзаг къуырмайы ӕмӕ Дзы куырдтой, цӕмӕй йыл Йӕ къух ӕрӕвӕра.
[33] Йесо йӕ фӕхибар кодта, Йе 'нгуылдзтӕ къуырмайы хъусты фӕтъыста, ӕрту кодта ӕмӕ йын бавнӕлдта йе 'взагмӕ.
[34] Стӕй скаст уӕларвмӕ, арф ныуулӕфыд ӕмӕ загъта: «Эффата». Ома: «Байгом у».
[35] Ӕмӕ уайтӕккӕ байгом сты къуырмайы хъустӕ, йе 'взаг суӕгъд, ӕмӕ райдыдта сыгъдӕг дзурын.
[36] Йесо сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй уый тыххӕй макӕмӕн зӕгъой. Фӕлӕ сын цас фылдӕр фӕдзӕхста, уыйас фылдӕр хӕлиу кодтой уыцы хабар.
[37] Адӕм стыр дисы ӕфтыдысты ӕмӕ дзырдтой: «Ӕппӕт дӕр хорз кӕны. Къуырматӕн гом кӕны сӕ хъустӕ, ӕгомыгтӕн дӕтты ӕвзаг».