Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 6:01

[1] Уыцы рӕстӕг ногӕй ӕрӕмбырд бирӕ адӕм, ӕмӕ цы бахордтаиккой, уый сӕм нӕ уыд. Уӕд Йесо басидт Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сын загъта:

[2] «Тӕригъӕд кӕнын ацы адӕмӕн, ныр ӕртӕ боны дӕргъы Мемӕ сты, ӕмӕ цы бахӕрой, уый сӕм нӕй.

[3] Сӕ хӕдзӕрттӕм сӕ ӕххормагӕй куы ауадзон, уӕд фӕндагыл бастайдзысты, уымӕн ӕмӕ дзы бирӕтӕ дардӕй ӕрцыдысты».

[4] Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Чи самал кӕндзӕн ацы ӕдзӕрӕг ран сӕ бафсадыны фаг дзултӕ?»

[5] Йесо сӕ бафарста: «Цал дзулы уӕм ис?» Уыдон Ын загътой: «Авд».

[6] Уӕд Йесо адӕмы ӕрбадын кодта зӕххыл, райста авд дзулы, арфӕ ракодта, асаста сӕ ӕмӕ сӕ радта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм адӕмӕн байуарынмӕ. Уыдон сӕ байуӕрстой.

[7] Уыди ма сӕм цалдӕр гыццыл кӕсаджы дӕр. Йесо раарфӕ кодта, ӕмӕ бафӕдзӕхста уыдоны дӕр байуарын.

[8] Адӕм бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты. Ӕмӕ ма цы уӕлдӕйттӕ баззад, уыдонӕй байдзаг авд чыргъӕды.

[9] Хӕргӕ чи кодта, уыдон та уыдысты цыппар мины бӕрц. Йесо сӕ ауагъта,

[10] Уайтӕккӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ бахызт бӕлӕгъмӕ, ӕмӕ ӕрцыди Далмануфаг зӕхмӕ.

[11] Ӕрцыдысты фарисейтӕ ӕмӕ Йесоимӕ райдыдтой быцӕу кӕнын. Йӕ бафӕлварыны тыххӕй Дзы домдтой уӕларвӕй ӕвдисӕйнаг равдисын.

[12] Йесо арф ныуулӕфыд ӕмӕ загъта: «Ацы фӕлтӕр ӕвдисӕйнаг цӕмӕн домы? Ӕцӕг уын зӕгъын: ацы фӕлтӕрӕн ӕвдисӕйнаг нӕ рардӕуыдзӕн».

[13] Уыйадыл сӕ ныууагъта, ногӕй бахызт бӕлӕгъмӕ, ӕмӕ араст иннӕ фарсмӕ.

[14] Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй ферох семӕ дзултӕ райсын; бӕлӕгъы сӕм иу дзул йеддӕмӕ нӕ уыд.

[15] Йесо сын фӕдзӕхста: «Хъусут, уӕхи хизут фарисейты ӕнхъизӕнӕй ӕмӕ Ироды ӕнхъизӕнӕй».

[16] Ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой, дзул нӕм нӕй, зӕгъгӕ.

[17] Йесо сӕ бамбӕрста, ӕмӕ сын загъта: «Цӕмӕн дзурут, дзул уӕм кӕй нӕй, уый тыххӕй? Ау, нырма дӕр ӕй нӕма зонут ӕмӕ не 'мбарут? Нырма дӕр уӕ зӕрдӕтӕ ӕхгӕд сты?

[18] Цӕстытӕ уын куы ис, уӕд нӕ уынут? Хъустӕ уыл куы ис, уӕд нӕ хъусут? Уӕ зӕрдыл нал лӕууы, ӕви:

[19] Ӕз фондз мин лӕгӕн фондз дзулы куы асастон, уӕд уӕлдӕйттӕй цал чыргъӕды байдзаг кодтат?» Загътой Йын: «Дыууадӕс».

[20] «Цыппар минӕн авд дзулы куы асастон, уӕд та уӕлдӕйттӕй цал чыргъӕды байдзаг кодтат?» Загътой: «Авд».

[21] Уӕд сын загъта: «Ау, ныр дӕр ӕй нӕма ӕмбарут?»

[22] Ӕрцыдысты Вифсаидӕмӕ. Йесомӕ ӕркодтой куырмы ӕмӕ Дзы куырдтой, цӕмӕй йыл бандзӕва.

[23] Йесо ныххӕцыди куырмы къухыл, ракодта йӕ хъӕуӕй, батутӕ йын кодта йӕ цӕстытыл, ӕрӕвӕрдта йыл Йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ бафарста, исты уыны ӕви нӕ.

[24] Уый акаст ӕмӕ загъта: «Уынын адӕмы, зынынц мӕм цӕугӕ бӕлӕстау».

[25] Йесо йын дыккаг хатт йӕ цӕстытыл ӕрӕвӕрдта Йӕ къухтӕ, куырм ногӕй акаст ӕмӕ сдзӕбӕх, уынын райдыдта хорз.

[26] Йесо йӕ арвыста йӕ хӕдзармӕ ӕмӕ йын бафӕдзӕхста: «Хъӕумӕ ма бацу [ӕмӕ ацы хабар хъӕуы макӕмӕн радзур]».

[27] Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ацыди Филиппы Кесарийы алыварс хъӕутӕм. Фӕндагыл бафарста Йӕ ахуыргӕнинӕгты: «Кӕуыл Мӕ нымайынц адӕм?»

[28] Уыдон Ын загътой: «Иутӕ – Аргъауӕг Иоанныл, иннӕтӕ – Илиайыл, аннӕтӕ та – пехуымпартӕй иуыл».

[29] Йесо сӕ бафарста: «Сымах та Мӕ кӕуыл нымайут?» Петр Ын дзуапп радта: «Ды Чырысти дӕ».

[30] Ӕмӕ сын Йесо бафӕдзӕхста, цӕмӕй Йӕ макӕмӕн схъӕр кӕной.

[31] Йесо сын райдыдта амонын: Адӕймаджы Фырт хъуамӕ бавзара бирӕ хъизӕмӕрттӕ; адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ ӕмӕ Йӕ динамонджытӕ бафхӕрдзысты, амардӕйӕуыдзӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн.

[32] Уый тыххӕй сын дзырдта ӕргомӕй. Уӕд Ӕй Петр фӕхибар кодта ӕмӕ Йын райдыдта уайдзӕф кӕнын.

[33] Йесо разылди, бакаст Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ тызмӕгӕй загъта Петрӕн: «Фесӕф Мӕ цурӕй, хӕйрӕг! Дӕ хъуыдытӕ, Хуыцауы фӕндон цы у, ууыл нӕ, фӕлӕ адӕймаджы фӕндон цы у, ууыл сты».

[34] Йесо басидт адӕммӕ ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм, ӕмӕ сын загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи ферох кӕнӕд, райсӕд йӕ дзуар ӕмӕ рацӕуӕд Мӕ фӕдыл.

[35] Уымӕн ӕмӕ йӕ цард бахъахъхъӕнын кӕй фӕнды, уый йӕ фесафдзӕн; йӕ цард Мӕ сӕраппонд ӕмӕ фарны уацы сӕраппонд чи фесафа, уый та йӕ бахъахъхъӕндзӕн.

[36] Адӕймаг ӕгас дуне йӕхи куы бакӕна, йӕ уд та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда у?

[37] Кӕнӕ йӕм цы разындзӕн, йӕ уд цӕмӕй балхӕна, ахӕмӕй?

[38] Ацы ӕнӕхуыцау тӕригъӕдджын фӕлтӕры ӕхсӕн Мӕнӕй ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕй чи фефсӕрмы уа, уымӕй фефсӕрмы уыдзӕн Адӕймаджы Фырт дӕр, сыгъдӕг зӕдтимӕ Йӕ Фыды намысимӕ куы ӕрцӕуа, уӕд».

Марк — Chapters