Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 4:57

[1] Йесо ногӕй бацыди синагогӕмӕ. Уыди дзы, йӕ къух хуыскъ кӕмӕн уыд, ахӕм адӕймаг.

[2] Йесомӕ сӕ цӕст дардтой, кӕд ӕй сабаты сдзӕбӕх кӕнид, зӕгъгӕ, цӕмӕй Йӕ фӕзылын кӕной.

[3] Йӕ къух хуыскъ кӕмӕн уыди, уыцы адӕймагӕн Йесо загъта: «Рацу адӕмы размӕ».

[4] Ӕмӕ сӕ бафарста: «Сабаты хорз кӕнын ӕмбӕлы ӕви ӕвзӕр? Уд фервӕзын кӕнын ӕви йӕ фесафын?» Ӕмӕ ницы дзырдтой.

[5] Йесо сыл тызмӕгӕй ахаста Йӕ цӕст, сӕ зӕрдӕтӕ кӕй ныддур сты, ууыл хъыг кӕнгӕйӕ. Ӕмӕ загъта цӕнкуылӕн: «Радар-ма дӕ къух». Уый радардта йӕ къух, ӕмӕ йын сдзӕбӕх.

[6] Фарисейтӕ рацыдысты, ӕмӕ уыйадыл Ироды фарсдарджытимӕ уынаффӕ кӕнын райдыдтой, Йесойы цы амалӕй амарой, ууыл.

[7] Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ араст денджызмӕ. Йӕ фӕдыл бирӕ адӕм ацыди Галилейӕ, Иудейӕйӕ,

[8] Иерусалимӕй, Идумейӕ, Иорданы фаллаг фарсӕй, Тир ӕмӕ Сидоны алфамбылайӕ – ӕрцыд Ӕм бирӕ адӕм, цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдоны тыххӕй куы фехъуыстой, уӕд.

[9] Ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бафӕдзӕхста бӕлӕгъ Ын цӕттӕйӕ дарын, утӕппӕт адӕм Ӕй куыд нӕ ныцъцъист кӕной, афтӕ.

[10] Уымӕн ӕмӕ Йесо сдзӕбӕх кодта бирӕты, ӕмӕ Йыл ӕппӕт рынчынтӕ ӕппӕрстой сӕхи, цӕмӕй Йыл бандзӕвой.

[11] Ӕнӕзӕгъинӕгтӕ-иу Ӕй куы федтой, уӕд-иу Йӕ разы сӕхи аппӕрстой дӕлгоммӕ, ӕмӕ хъӕр кодтой: «Ды Хуыцауы Фырт дӕ!»

[12] Фӕлӕ-иу сын Йесо бардзырд радта, цӕмӕй ма дзурой, Чи у, уый тыххӕй.

[13] Уый фӕстӕ Йесо ссыди хохмӕ ӕмӕ басидти, Йӕхи кӕй фӕндыд, уыдонмӕ. Ӕмӕ Йӕм ӕрбацыдысты.

[14] Сӕ дыууадӕсы дӕр сӕвӕрдта апостолтӕй, цӕмӕй уой Йемӕ, ӕрвита сӕ Хуыцауы ныхас хъусын кӕнынмӕ,

[15] Уа сӕм адӕмӕй дӕлимонтӕ сурыны тых.

[16] Сӕвӕрдта Симоны ӕмӕ йӕ схуыдта Петр;

[17] Зеведейы фырт Иаковы ӕмӕ уый ӕфсымӕр Иоанны, ӕмӕ сӕ схуыдта Воанергес (ома, Ӕрвнӕрды фырттӕ);

[18] Андрейы, Филиппы, Варфоломейы, Матфейы, Фомайы, Алфейы фырт Иаковы, Фаддейы, Симон Кананиты

[19] Ӕмӕ Йесойыл гадзрахатӕй рацӕуӕг Иудӕ Искариоты.

[20] Йесо бацыд хӕдзармӕ. Уыйбӕрц адӕм та ӕрӕмбырд, ӕмӕ Йесойӕн Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ бахӕрыны фадат дӕр нал уыди.

[21] Йӕ хӕстӕджытӕ уыдӕттӕ куы фехъуыстой, уӕд Ӕм ацыдысты ӕркӕнынмӕ, уымӕн ӕмӕ айхъуыст, Йӕ зонд фӕцыди, зӕгъгӕ.

[22] Иерусалимӕй ӕрцӕуӕг динамонджытӕ дзырдтой, веелзевулы дӕлбар у, зӕгъгӕ, ӕмӕ дӕлимонты суры дӕлимонты ӕлдары хъаруйӕ.

[23] Йесо сӕм басидт ӕмӕ сын райдыдта фӕсномыг ныхӕстӕй дзурын: «Хӕйрӕг йӕхӕдӕг йӕхи куыд хъуамӕ расура?

[24] Паддзахад куы ныддихтӕ уа ӕмӕ йӕ адӕм кӕрӕдзи ныхмӕ куы фӕуой, уӕд уыцы паддзахад нӕ фӕлӕудзӕн.

[25] Хӕдзар дӕр куы ныддихтӕ уа ӕмӕ хӕдзаронтӕ кӕрӕдзи ныхмӕ куы фӕуой, уӕд уыцы хӕдзар дӕр нӕ фӕлӕудзӕн.

[26] Уӕдӕ кӕд хӕйрӕг йӕхи ныхмӕ тох кӕны, уӕд ӕрцыд йӕ кӕрон.

[27] Никӕй бон бауыдзӕн тыхджыны хӕдзармӕ бацӕуын ӕмӕ йын йӕ дзауматӕ рахӕссын, раздӕр уал тыхджыны куы нӕ сбӕтта, уӕд. Ӕрмӕст ын уӕд фӕкъахдзӕн йӕ хӕдзар.

[28] Ӕцӕг уын зӕгъын: адӕмӕн хатыргонд уыдзысты ӕппӕт тӕригъӕдтӕ ӕмӕ алы хуызы фауӕнтӕ,

[29] Фӕлӕ Сыгъдӕг Уды чи рафауа, уымӕн мыггагмӕ дӕр нӕ уыдзӕни хатыр – уыцы тӕригъӕды тыххӕй азымджын уыдзӕни мыггагмӕ».

[30] Йесо афтӕ уый тыххӕй загъта, ӕмӕ Дзы дзырдтой, ӕнӕзӕгъинаджы дӕлбар у, зӕгъгӕ.

[31] Ӕрцыдысты Йесойы Мад ӕмӕ ӕфсымӕртӕ. Лӕууыдысты ӕдде ӕмӕ Йӕм фӕдзурын кодтой.

[32] Йӕ алыварс бирӕ адӕм бадти. Йесойӕн загътой: «Дӕ Мад, Де 'фсымӕртӕ, Дӕ хотӕ лӕууынц ӕдде ӕмӕ Дӕ агурынц».

[33] Йесо сын дзуапп радта: «Чи сты Мӕ мад ӕмӕ Ме 'фсымӕртӕ?»

[34] Ӕмӕ, Йӕ алыварс бадджытыл Йӕ цӕст ахӕсгӕйӕ, загъта: «Мӕнӕ Мӕ мад ӕмӕ Ме 'фсымӕртӕ.

[35] Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый у Ме 'фсымӕр, Мӕ хо ӕмӕ Мӕ мад».

Марк — Chapters