[1] Йесо араст уырдыгӕй, ӕрцыд Иудейӕйы зӕхмӕ ӕмӕ ахызт Иорданы иннӕ фарсмӕ. Ӕрӕмбырд та Йыл сты адӕм, ӕмӕ та сын иннӕ хӕттытау ныр дӕр амыдта.
[2] Бацыдысты Йӕм фарисейтӕ ӕмӕ Йӕ ракъахыны охыл бафарстой: «Лӕгӕн йӕ усы ауадзын ӕмбӕлы?»
[3] Йесо сын дзуапп радта: «Моисей уын цы бафӕдзӕхста?»
[4] Уыдон загътой: «Моисей радта уагъды ӕвдисӕндар ныффыссыны ӕмӕ ус ауадзыны бар».
[5] Йесо сын дзуапп радта: «Хивӕнд кӕй стут, уый тыххӕй уын ныффыста Моисей ацы фӕдзӕхст.
[6] Фӕлӕ тӕккӕ райдианӕй, дуне сфӕлдисынӕй, Хуыцау „уыдоны нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймагӕй сфӕлдыста".
[7] „Уымӕ гӕсгӕ адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады,
[8] Баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕ уыдзысты иу буар". Афтӕмӕй уыдон дыууӕ нал сты, фӕлӕ сты иу буар.
[9] Уӕдӕ Хуыцау цы сиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд».
[10] Хӕдзары та Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ногӕй бафарстой уый тыххӕй.
[11] Йесо сын загъта: «Йӕ усы чи ауадза ӕмӕ ӕндӕр ус чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны ӕмӕ уымӕй цӕуы йӕ усы тӕригъӕды.
[12] Йӕ мойы чи ныууадза ӕмӕ ӕндӕрмӕ чи ӕрцӕуа, уый дӕр хӕтгӕ кӕны».
[13] Йесомӕ хуыдтой сывӕллӕтты, цӕмӕй сыл бандзӕва, фӕлӕ сӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ уагътой.
[14] Йесо уый куы федта, уӕд смӕсты ӕмӕ сын загъта: «Ӕрбауадзут Мӕм сывӕллӕтты, ма сӕ хъыгдарут, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад уыдоны хуызӕтты у.
[15] Ӕцӕг уын зӕгъын: Хуыцауы Паддзахадыл сывӕллонау чи нӕ баууӕнда, уый йӕм нӕ бацӕудзӕн».
[16] Ӕмӕ сывӕллӕтты Йӕ хъӕбысы ӕрбатыхта, ӕрӕвӕрдта сыл Йӕ къухтӕ ӕмӕ сыл Йӕ арфӕ бафтыдта.
[17] Йесо Йӕ фӕндагыл куы араст, уӕд ӕрбазгъордта иучидӕр, Йӕ разы ӕрхауд йӕ зонгуытыл ӕмӕ Йӕ бафарста: «Хорз Ахуыргӕнӕг, мыггагмӕйы цард райсынӕн цы саразон?»
[18] Йесо йын дзуапп радта: «Цӕмӕн Мӕ хоныс хорз? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ хорз ничи у.
[19] Фӕдзӕхстытӕ зоныс: „Ма амар", „Ма хӕт", „Ма дав", „Мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу", „Макӕй бастигъ", „Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады"».
[20] Уый Йесойӕн загъта: «Ахуыргӕнӕг, ӕппӕт уыдӕттӕ ме 'взонджы бонтӕй нырмӕ ӕххӕст кӕнын».
[21] Йесо йӕм бакаст, бауарзта йӕ ӕмӕ йын зӕгъы: «Иу бакӕнинаг дын баззад: ацу, цыдӕриддӕр дӕм ис, уый ауӕй кӕн, ратт ӕй мӕгуыртӕн, ӕмӕ дын уӕларвы уыдзӕни хӕзна. Стӕй-иу раздӕх, [райс дӕ дзуар,] ӕмӕ цу Мӕ фӕдыл».
[22] Уыцы ныхӕстӕй уый хорзау нал уыд ӕмӕ ацыд ӕнкъардӕй, уымӕн ӕмӕ йӕм бирӕ мулк уыд.
[23] Йесо акаст фӕйнӕрдӕм ӕмӕ загъта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн: «Ӕвӕдза, бонджынтӕн куыд зын у Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуын!»
[24] Йӕ ныхӕстӕ дисы бафтыдтой ахуыргӕнинӕгты. Фӕлӕ сын Йесо ноджыдӕр загъта: «Мӕ хъӕбултӕ, ӕвӕдза, [мулкӕй ныфс кӕй ис, уымӕн] куыд зын у Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуын!
[25] Хъӕздыгӕн Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуынӕй теуайӕн судзины быны иннӕрдӕм ахизын ӕнцондӕр у».
[26] Ахуыргӕнинӕгтӕм уый тынг диссаг фӕкаст, ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уӕдӕ чи фервӕздзӕн?»
[27] Йесо сӕм бакаст ӕмӕ загъта: «Уый адӕмы бон нӕу, Хуыцауӕн та бантысдзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн Йӕ бон ӕппӕт дӕр у».
[28] Петр Ын райдыдта дзурын: «Мӕнӕ мах ныууагътам алцыдӕр ӕмӕ рацыдыстӕм Дӕ фӕдыл».
[29] Йесо сын загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: Мӕ сӕраппонд ӕмӕ фарны уацы сӕраппонд йӕ хӕдзар, кӕнӕ йе 'фсымӕрты, кӕнӕ йӕ хоты, кӕнӕ йӕ мады, кӕнӕ йӕ фыды, [кӕнӕ йӕ усы,] кӕнӕ йӕ сывӕллӕтты, кӕнӕ йӕ зӕххытӕ чи ныууадза, уыдонӕй иунӕг ахӕм дӕр нӕй,
[30] Ӕмӕ, кӕд ӕфхӕрд ӕййафдзӕн, уӕддӕр ныридӕгӕн, ацы заманы, фондзыссӕдз хатты фылдӕрӕй чи нӕ райса хӕдзӕрттӕ, ӕфсымӕртӕ, хотӕ, мадӕлтӕ, сывӕллӕттӕ ӕмӕ зӕххытӕ, ӕрцӕуинаг дунейы та – мыггагмӕйы цард.
[31] Фӕлӕ фыццӕгтӕй бирӕтӕ уыдзысты фӕстӕгтӕ, фӕстӕгтӕй та бирӕтӕ уыдзысты фыццӕгтӕ».
[32] Йесо ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ фӕндаг дардтой Иерусалиммӕ; Йесо цыди сӕ разӕй. Ахуыргӕнинӕгтӕ дисы ӕфтыдысты, Йӕ фӕдыл цӕуӕг адӕмы та тас бацыд. Йесо ногӕй фӕхибар кодта дыууадӕсы ӕмӕ сын дзурын райдыдта, цы Йыл ӕрцӕудзӕн, уыдӕтты тыххӕй:
[33] «Ныр мах цӕуӕм Иерусалиммӕ, ӕмӕ Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн алчертӕм ӕмӕ динамонджытӕм. Рахӕсдзысты Йын марыны тӕрхон ӕмӕ Йӕ ратдзысты муртаттӕм.
[34] Уыдон Ӕй ӕфхӕрдзысты, тутӕ Йыл кӕндзысты, нӕмдзысты Йӕ ехсӕй ӕмӕ Йӕ амардзысты, ӕмӕ ӕртӕ боны фӕстӕ райгас уыдзӕн».
[35] Йесомӕ бацыдысты Зеведейы фырттӕ Иаков ӕмӕ Иоанн, ӕмӕ Йын загътой: «Ахуыргӕнӕг, фӕнды нӕ, цӕмӕй нын сӕххӕст кӕнай нӕ курдиат».
[36] Йесо сӕ бафарста: «Цы уӕ фӕнды, ӕмӕ уын ӕй саразон?»
[37] Уыдон Ын дзуапп радтой: «Дӕ намысджын Паддзахады нӕ иуы Дӕ рахиз фарс, иннӕйы та Дӕ галиу фарс сбадын бауадз».
[38] Йесо сын загъта: «Цы курут, уый уӕхӕдӕг дӕр не 'мбарут. Ӕз цы хъизӕмӕртты кӕхц нуазын, уый баназын, кӕнӕ Мӕныл цы аргъуыдӕй аргъуыдӕуы, ахӕм аргъуыд райсын суыдзӕн уӕ бон?»
[39] Уыдон Ын дзуапп радтой: «Суыдзӕн». Йесо та сын загъта: «Ӕз цы хъизӕмӕртты кӕхц нуазын, уый нуаздзыстут, ӕмӕ Мӕныл цы аргъуыдӕй аргъуыдӕуы, уымӕй уыл саргъуыдӕуыдзӕн.
[40] Мӕ рахиз фарс ӕмӕ Мӕ галиу фарс сбадын та Мӕнӕй аразгӕ нӕу, фӕлӕ уыцы бынӕттӕ кӕмӕн ӕрцӕттӕчындӕуыд, уыдон дзы сбаддзысты».
[41] Уый дӕс ахуыргӕнинаджы куы фехъуыстой, уӕд смӕсты сты Иаков ӕмӕ Иоаннмӕ.
[42] Йесо басидти сеппӕтмӕ дӕр ӕмӕ сын загъта: «Сымах зонут, ӕлдӕрттӕ кӕй хонынц, уыдон адӕмтӕн кӕй хицауиуӕг кӕнынц, ӕмӕ хицӕуттӕ адӕмтыл барджын кӕй сты, уый.
[43] Сымахмӕ та афтӕ ма уӕд. Фӕлӕ уӕ уӕлдӕр уӕвын кӕй фӕнды, уый уын уӕд лӕггадгӕнӕг;
[44] Ӕмӕ уӕ фыццаг уӕвын кӕй фӕнды, уый уеппӕтӕн дӕр уӕд цагъар.
[45] Адӕймаджы Фырт дӕр уый тыххӕй не 'рцыд, ӕмӕ Йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй Йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ бирӕты ссӕрибары сӕраппонд ратта Йӕ цард».
[46] Ӕрцыдысты Иерихонмӕ. Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ бирӕ адӕмимӕ Иерихонӕй куы рацӕйцыди, уӕд куырм мӕгуыргур Вартимей, Тимейы фырт, бадти фӕндаггӕрон.
[47] Ӕмӕ куы фехъуыста, уый Назаретаг Йесо у, зӕгъгӕ, уӕд райдыдта хъӕр кӕнын: «Йесо, Давиды Фырт, батӕригъӕд мын кӕн!»
[48] Бирӕтӕ дзы домдтой, цӕмӕй ныссабыр уа, фӕлӕ уый ноджы тынгдӕр хъӕр кодта: «Давиды Фырт, батӕригъӕд мын кӕн!»
[49] Йесо ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: «Фӕдзурут ӕм». Фӕдзырдтой куырммӕ ӕмӕ йын загътой: «Ма тӕрс, сыст, дзуры дӕм».
[50] Уый феппӕрста йӕ пӕлӕз, фӕгӕпп ласта ӕмӕ бацыд Йесомӕ.
[51] Йесо йӕ бафарста: «Цы дӕ фӕнды? Цы дын саразон?» Куырм Ын дзуапп радта: «Раввуни, мӕн фӕнды мӕ цӕстытӕй ракӕсын».
[52] Йесо йын загъта: «Ацу, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта». Куырм уайтӕккӕ ракаст йӕ цӕстытӕй ӕмӕ ацыд Йесойы фӕдыл.