[1] Фӕндзӕм зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ федтон, арвӕй зӕхмӕ цы стъалы ӕрхауд, уый; уымӕ лӕвӕрд ӕрцыд дӕгъӕл дӕлдзӕхӕй.
[2] Стъалы байгом кодта дӕлдзӕхы дуар ӕмӕ, егъау пецӕй рацӕуӕгау, уырдыгӕй ракалд фӕздӕг; дӕлдзӕхы фӕздӕгӕй ныттар сты хур ӕмӕ уӕлдӕф.
[3] Фӕздӕгӕй зӕхмӕ рацыдысты мӕтыхтӕ, ӕмӕ сын лӕвӕрд ӕрцыд зӕххон скорпионты тых.
[4] Уыдонӕн бафӕдзӕхстӕуыд знаггад нӕ кӕнын нӕдӕр зӕххон кӕрдӕгӕн, нӕдӕр зайӕгхалӕн, нӕдӕр бӕлӕстӕн, фӕлӕ йӕ тӕрныхыл Хуыцауы мыхуыр ӕвӕрд кӕмӕн нӕй, ӕрмӕст уыцы адӕмӕн.
[5] Мӕтыхтӕн фӕдзӕхст уыд адӕмы марын нӕ, фӕлӕ сӕ фондз мӕйы дӕргъы удхары бафтауын. Ӕмӕ адӕм удхар кӕндзысты, скорпион йӕ фат куы фӕсадзы, уӕд адӕймаг куыд фӕудхар кӕны, афтӕ.
[6] Уыцы бонты адӕм сӕхӕдӕг агурдзысты мӕлӕт, фӕлӕ йӕ не ссардзысты. Бӕлдзысты мӕлӕтмӕ, фӕлӕ йӕ нӕ фендзысты.
[7] Мӕтыхтӕ уыдысты хӕстмӕ ифтонг бӕхты хуызӕн. Сӕ сӕртыл – сызгъӕрин кадыхудты хуызӕттӕ, сӕ цӕсгӕмттӕ – адӕймаджы цӕсгомы хуызӕн,
[8] Сӕ сӕрыхъуынтӕ – сылгоймаджы сӕрыхъуынты хуызӕн, сӕ дӕндӕгтӕ – домбайы дӕндӕгтау.
[9] Сӕ гуырыл уыди згъӕрӕфтыды хуызӕн, сӕ базырты уынӕр та уыди, бирӕ бӕхтӕ хӕстмӕ куы фезгъорынц, уӕд сӕ уӕрдӕттӕ куыд фӕгыбар-гыбур кӕнынц, уыйау.
[10] Мӕтыхты къӕдзилтӕ уыдысты скорпионты къӕдзилтау фӕттимӕ; ӕмӕ сӕм уыд адӕмӕн фондз мӕйы знаггад кӕныны тых.
[11] Сӕ паддзах уыди дӕлдзӕхы зӕд. Дзуттагау йӕ ном у Аваддон, бердзенагау та – Аполлион .
[12] Ахицӕн иу бӕллӕх, ӕмӕ ма йӕ фӕстӕ ноджыдӕр ӕрбацӕуы дыууӕ бӕллӕхы.
[13] Ӕхсӕзӕм зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ Хуыцауы раз цы сызгъӕрин нывондхӕссӕн уыди, уый цыппар сыкъайӕ мӕм райхъуыст хъӕлӕс.
[14] Сыкъауадындз цы ӕхсӕзӕм зӕдмӕ уыди, уымӕн уыцы хъӕлӕс загъта: «Суӕгъд кӕн, Евфраты стыр цӕугӕдоны цур баст чи у, уыцы цыппар зӕды».
[15] Бӕлвырд сахат ӕмӕ бонмӕ, мӕй ӕмӕ азмӕ цӕттӕ цы цыппар зӕды уыди, уыдон уӕгъдгонд ӕрцыдысты адӕмы ӕртыццаг хай амарынмӕ.
[16] Ӕз фехъуыстон бӕхджын ӕфсады нымӕц – уый уыди дыууӕсӕдӕ милуаны.
[17] Мӕнӕн равдыстӕуыд бӕхты сӕ барджытимӕ, ӕмӕ сӕ федтон ахӕмӕй: барджытыл уыди зынгхуыз, сапфирау тарцъӕх ӕмӕ сондонау бур згъӕрӕфтыд; бӕхты сӕртӕ уыдысты домбӕйтты сӕрты хуызӕн, сӕ комӕй калди арт, фӕздӕг ӕмӕ сондон.
[18] Ӕмӕ сӕ комӕй цы ӕртӕ рыны калди, уыдонӕй – арт, фӕздӕг ӕмӕ сондонӕй – амард адӕмы ӕртыццаг хай.
[19] Уымӕн ӕмӕ бӕхтӕн сӕ тых уыди сӕ комы ӕмӕ сӕ къӕдзилты. Сӕ къӕдзилтӕ та уыдысты кӕлмыты хуызӕн сӕртимӕ, ӕмӕ уыдонӕй хӕцыдысты адӕмыл.
[20] Ацы рынтӕй чи нӕ амард, уыцы адӕммӕ та фӕсмон не 'рцыд ӕмӕ нӕ ныууагътой дӕлимонтӕм ӕмӕ, сӕхӕдӕг къухӕй кӕй скодтой, нӕдӕр уынгӕ, нӕдӕр хъусгӕ, нӕдӕр цӕугӕ чи нӕ кӕны, сӕ уыцы сызгъӕрин, ӕвзист, ӕрхуы, дурын ӕмӕ хъӕдын гуымирытӕм кувын.
[21] Фӕсмон нӕ фӕкодтой, лӕгмар, кӕлӕнгӕнджытӕ, хӕтаг, давӕг кӕй уыдысты, ууыл.