Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 3:11

[1] Ӕз федтон зӕды уӕларвӕй ӕрцӕйцӕугӕ. Йӕ къухы уыди дӕлдзӕхы дӕгъӕл ӕмӕ стыр рӕхыс.

[2] Уый ӕрцахста, хӕйрӕг ӕмӕ сайтан чи у, уыцы рагон залиаг калмы, сбаста йӕ мин азы ӕмгъуыдмӕ

[3] Ӕмӕ йӕ ныппӕрста дӕлдзӕхмӕ, сӕхгӕдта йыл дуар ӕмӕ дуарыл сӕвӕрдта мыхуыр, цалынмӕ мин азы рацӕуа, уӕдмӕ адӕмты куыд мауал фӕлива, афтӕ. Уый фӕстӕ хъуамӕ уӕгъдгонд ӕрцӕуа цыбыр ӕмгъуыдмӕ.

[4] Ӕз федтон паддзахы бадӕнтӕ; бадтысты сыл, тӕрхон кӕныны бар лӕвӕрд кӕмӕн ӕрцыд, уыдон. Ӕз федтон, Йесойӕн ӕвдисӕны ӕмӕ Хуыцауы ныхас амоныны тыххӕй кӕй сӕртӕ акъуырдтой, уыдоны удтӕ; уыдон нӕ бакуывтой сырдмӕ ӕмӕ йӕ сурӕтмӕ, сӕ тӕрныхтыл ӕмӕ сӕ къухтыл сырды нысан нӕ сӕвӕрдтой. Уыдон райгас сты ӕмӕ Чырыстиимӕ паддзахиуӕг кодтой мин азы.

[5] Иннӕ мӕрдтӕ та нӕ райгас сты, цалынмӕ мин азы рацӕуа, уӕдмӕ. Ай у фыццаг райгас.

[6] Тӕхудиаг сты, мӕрдты фыццаг райгасы чи райгас уа – уыдон Хуыцауы адӕм сты; дыккаг мӕлӕты бон сыл нӕ цӕуы, фӕлӕ уыдзысты Хуыцауӕн ӕмӕ Чырыстийӕн лӕггадгӕнджытӕ, ӕмӕ Йемӕ паддзахиуӕг кӕндзысты мин азы.

[7] Уыцы мин азы куы фӕуой, уӕд хӕйрӕг уӕгъдгонд ӕрцӕудзӕн дӕлдзӕхон ахӕстонӕй ӕмӕ рацӕудзӕн, зӕххыл алы ран чи цӕры, уыцы адӕмты – Гог ӕмӕ Магогы – асайынмӕ ӕмӕ сӕ хӕстмӕ ӕрӕмбырд кӕнынмӕ; уыдзысты денджызы змисау бирӕ.

[8] Уыдон рацыдысты ӕппӕт зӕххыл ӕмӕ ӕртыхстысты сыгъдӕджыты цӕрӕн бынатыл – уарзон сахарыл.

[9] Фӕлӕ Хуыцау уӕларвӕй рауагъта арт ӕмӕ сӕ басыгъта;

[10] Сӕ асайӕг хӕйрӕджы та ныппӕрстӕуыд, сырд ӕмӕ мӕнгпехуымпар кӕм сты, уыцы судзгӕ сондоны цадмӕ, ӕмӕ уым ӕхсӕвӕй-бонӕй хъизӕмар кӕндзысты мыггагӕй-мыггагмӕ.

[11] Ӕз федтон паддзахы стыр урс бадӕн ӕмӕ уыцы бадӕны Бадӕджы. Фӕлыгъдысты Дзы арв ӕмӕ зӕхх, ӕмӕ цыдӕр ӕрбаисты.

[12] Чи амард, уыдоны – хуымӕтӕгты ӕмӕ номдзыдты – федтон паддзахы бадӕны раз лӕугӕ. Чингуытӕ уыдысты гом, гом уыд ӕндӕр чиныг дӕр – царды чиныг. Мӕрдтӕн тӕрхонгонд ӕрцыд, чингуыты кӕмӕн цы хъуыддӕгтӕ фыст уыди, уыдонмӕ гӕсгӕ.

[13] Уӕд денджыз радта, чи дзы уыди, уыцы мӕрдты, мӕлӕт ӕмӕ мӕрдтыбӕстӕ дӕр радтой, чи сӕм уыди, уыцы мӕрдты. Ӕмӕ алкӕмӕн дӕр тӕрхонгонд ӕрцыд йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.

[14] Мӕлӕт ӕмӕ мӕрдтыбӕстӕ ӕппӕрст ӕрцыдысты судзгӕ цадмӕ. Уый у дыккаг мӕлӕт – судзгӕ цад.

[15] Ӕмӕ царды чиныджы фыст кӕй ном нӕ уыди, уый ныппӕрстӕуыд судзгӕ цадмӕ.

Ӕргомад — Chapters