Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 1:40

[1] Ӕз арвыл федтон ӕндӕр ӕмбисонды стыр ӕвдисӕйнаг – авд зӕды; уыди сӕм, Хуыцауы фыдӕх кӕуыл ахицӕн, уыцы фӕстаг авд рыны.

[2] Ӕмӕ ӕз федтон артимӕ хӕццӕ авджын денджызау цыдӕр. Сырдыл, йӕ сурӕтыл, йӕ номы нымӕцыл чи фӕтых, уыцы адӕм Хуыцауы фӕндыртимӕ лӕууынц авджын денджызыл

[3] Ӕмӕ зарынц Хуыцауы цагъар Моисейы зарӕг ӕмӕ Уӕрыччы зарӕг: «Стыр ӕмӕ диссаг сты Дӕ хъуыддӕгтӕ, Дунедарӕг Хицау Хуыцау! Раст ӕмӕ ӕцӕг сты Дӕ фӕндӕгтӕ, адӕмты Паддзах!

[4] Чи нӕ фӕтӕрсдзӕн Дӕуӕй, Хицау, чи не скӕндзӕн кад Дӕ номӕн? Уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг ӕрмӕстдӕр Ды дӕ. Ӕрцӕудзысты ӕппӕт адӕмтӕ ӕмӕ Дӕм кувдзысты, уымӕн ӕмӕ раргом сты Дӕ раст тӕрхӕттӕ».

[5] Уый фӕстӕ ӕз федтон: уӕларвы байгом Кувӕндон – Сыгъдӕг Цатыр.

[6] Уӕздан кӕттагӕй сыгъдӕг ӕмӕ ӕрттиваг дарӕсы, сӕ риутыл сызгъӕрин рӕттимӕ, Кувӕндонӕй рацыдысты авд зӕды авд рынимӕ.

[7] Цыппар уӕларвон удгоймагӕй иу ацы авд зӕдмӕ радта, мыггагӕй-мыггагмӕ цардӕгас Чи у, уыцы Хуыцауы фыдӕхӕй ӕмыдзаг авд сызгъӕрин кӕхцы.

[8] Кувӕндон байдзаг Хуыцауы намысы ӕмӕ хъаруйы фӕздӕгӕй, ӕмӕ Кувӕндонмӕ бацӕуын никӕй бон уыдис, авд зӕдмӕ чи уыди, цалынмӕ уыцы авд рыны ахицӕн уой, уӕдмӕ.

Ӕргомад — Chapters