Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 3:28

[1] Уӕд паддзахы бадӕны Бадӕджы рахиз къухы ӕз федтон дыууӕрдыгӕй дӕр фыст чиныг-тыхтон; ӕхгӕд уыдис авд мыхуырӕй.

[2] Ӕз федтон тыхджын зӕды. Уый хъӕрӕй бафарста: «Чи у ацы чиныджы мыхуыртӕ асӕттыны ӕмӕ йӕ байгом кӕныны аккаг?»

[3] Ӕмӕ нӕдӕр уӕларвы, нӕдӕр зӕххыл, нӕдӕр зӕххы бын никӕй бон уыди чиныг байгом кӕнын ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый фенын.

[4] Ӕмӕ ӕз бирӕ фӕкуыдтон, уыцы чиныг байгом кӕныны ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый феныны аккаг кӕй ничи разынд, ууыл.

[5] Уӕд мын цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕрӕй иу загъта: «Ма ку, мӕнӕ фӕуӕлахиз Домбай Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй, Давиды Ӕвзар. Уый асӕтдзӕн авд мыхуыры ӕмӕ байгом кӕндзӕн чиныг».

[6] Ӕз федтон: Хуыцау кӕм бады, уыцы бынаты хӕдастӕу лӕууыд Уӕрыкк, Йӕ алыварс та – цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры; ӕдде бакӕсгӕйӕ Уӕрыкк уыди, цыма Йӕ нывондӕн ӕрхастӕуыд, афтӕ. Уыдис Ын авд сыкъайы ӕмӕ авд цӕсты – ӕппӕт зӕхмӕ кӕй рарвыстӕуыд, Хуыцауы уыцы авд уды.

[7] Уӕрыкк ӕрбацыд ӕмӕ паддзахы бадӕны Бадӕджы рахиз къухӕй райста чиныг.

[8] Чиныг куы райста, уӕд цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры адӕлгом сты Уӕрыччы раз. Алкӕмӕ дӕр дзы уыди фӕндыр, стӕй будӕй дзаг сызгъӕрин будсудзӕнтӕ – сыгъдӕджыты куывдтытӕ.

[9] Уыдон зарыдысты ног зарӕг: «Ды чиныг райсыны ӕмӕ йын йӕ мыхуыртӕ асӕттыны аккаг дӕ, уымӕн ӕмӕ Дӕу ӕрхастӕуыд нывондӕн, ӕмӕ Дӕ Тугӕй Хуыцауӕн балхӕдтай адӕм алы мыггаджы ӕмӕ ӕвзаджы, алы адӕмы ӕмӕ адӕмыхатты ӕхсӕнӕй,

[10] Скодтай сӕ паддзӕхтӕ, нӕ Хуыцауӕн лӕггадгӕнджытӕ, ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзысты зӕххыл».

[11] Ӕз акастӕн ӕмӕ фехъуыстон, паддзахы бадӕны, цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры алыварс цы бирӕ зӕдтӕ уыди, уыдоны хъӕлӕс. Уыдон уыдысты ӕрдзӕ-ӕрдзӕтӕ, ӕнӕнымӕц,

[12] Ӕмӕ дзырдтой хъӕрӕй: «Нывондӕн Кӕй ӕрхастӕуыд, уыцы Уӕрыкк у кады, намысы ӕмӕ арфӕйы аккаг; Уый у тыхджын ӕмӕ хъӕздыг, зондджын ӕмӕ хъомысджын!»

[13] Ӕз фехъуыстон, Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыдон сеппӕт дӕр уӕларвы, зӕххыл, зӕххы бын, денджызы – дун-дунейы чидӕриддӕр ис, уыдон цы дзырдтой, уый: «Паддзахы бадӕны Бадӕгӕн ӕмӕ Уӕрыккӕн – арфӕ, кад, намыс ӕмӕ ӕппӕт бартӕ мыггагӕй-мыггагмӕ!»

[14] Цыппар уӕларвон удгоймаджы загътой: «Амен». Цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры дӕр адӕлгом сты ӕмӕ бакуывтой, мыггагмӕ Цардӕгас Чи у, Уымӕн.

Ӕргомад — Chapters