[1] Уӕрыкк ӕвдӕм мыхуыр куы асаста, уӕд сахаты ӕрдӕджы бӕрц уӕларвы иу сыбыртт дӕр нал хъуыст.
[2] Ӕмӕ ӕз федтон Хуыцауы раз лӕууӕг авд зӕды; уыдонмӕ лӕвӕрд ӕрцыд авд сыкъауадындзы.
[3] Ӕрбацыд ӕндӕр зӕд сызгъӕрин будсудзӕнимӕ ӕмӕ ӕрлӕууыд нывондхӕссӕны раз. Лӕвӕрд ӕм ӕрцыд бирӕ буд, цӕмӕй йӕ ӕппӕт сыгъдӕджыты куывдимӕ ӕрӕвӕра, паддзахы бадӕны раз цы сызгъӕрин нывондхӕссӕн уыди, ууыл.
[4] Буды фӕздӕг сыгъдӕджыты куывдимӕ зӕды къухӕй фӕцыд хӕрдмӕ, Хуыцаумӕ.
[5] Зӕд райста будсудзӕн, байдзаг ӕй кодта нывондхӕссӕны цӕхӕрӕй ӕмӕ йӕ фехста зӕхмӕ. Райхъуыст ӕрвнӕрды гыбар-гыбур, арв нырттывта ӕмӕ зӕхх нынкъуыст.
[6] Уӕд авд сыкъауадындзы кӕмӕ уыди, уыцы авд зӕды сӕхи ӕрцӕттӕ кодтой сыкъауадындзтӕй уасынмӕ.
[7] Фыццаг зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ зӕххыл ныууарыд их ӕмӕ арт тугӕмхӕццӕйӕ. Басыгъд зӕххы ӕртыццаг хай, басыгъд бӕлӕсты ӕртыццаг хай, басыгъд цъӕх кӕрдӕг ӕгасӕй дӕр.
[8] Дыккаг зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ стыр хохы хуызӕн цыдӕр, пиллон арт уадзгӕйӕ, ныххаудта денджызы ӕмӕ денджызы ӕртыццаг хай фестад туг.
[9] Денджызы удӕгасӕй цы уыд, уыдонӕн амард се 'ртыццаг хай, бабын науты ӕртыццаг хай.
[10] Ӕртыккаг зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ арвӕй судзгӕ цырагъау рахауди стыр стъалы, ӕмӕ ныххаудта цӕугӕдӕтты ӕртыццаг хайы ӕмӕ суадӕтты.
[11] Уыцы стъалыйы ном у Скъӕлдзой. Дӕтты ӕртыццаг хай скъӕлдзойау смаст, ӕмӕ уыцы маст донӕй фӕцагъды бирӕ адӕм.
[12] Цыппӕрӕм зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ хуры ӕртыццаг хай, мӕйы ӕртыццаг хай, стъалыты ӕртыццаг хай фӕсахъат. Сӕ рухс афтӕ бамынӕг, ӕмӕ боны ӕмӕ ӕхсӕвы ӕртыццаг хай дӕр уыди талынг.
[13] Ӕз федтон иу цӕргӕсы уӕлиӕутты тӕхгӕ, ӕмӕ фехъуыстон, хъӕрӕй цы дзырдта, уый: «Сыкъауадындзтӕй ма цы ӕртӕ зӕды уасдзысты, уыдоны уастӕй бӕллӕх, бӕллӕх, бӕллӕх ӕрцӕудзӕн зӕххон цӕрджытыл!»