Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 3:39

[1] Кувӕндонӕй мӕм райхъуыст, авд зӕдӕн хъӕрӕй цы загъдӕуыд, уый: «Марадз, Хуыцауы фыдӕхы авд кӕхцы акалут зӕхмӕ!»

[2] Ацыд фыццаг зӕд ӕмӕ йӕ кӕхц ракалдта зӕхмӕ, ӕмӕ сырды нысан кӕуыл уыд ӕмӕ йын йӕ сурӕтмӕ чи куывта, уыцы адӕмыл фӕзынд ӕвирхъау риссаг хӕфдзӕстытӕ.

[3] Дыккаг зӕд йӕ кӕхц ракалдта денджызмӕ. Денджыз сси мард адӕймаджы туджы хуызӕн, ӕмӕ дзы удӕгасӕй ницыуал баззад.

[4] Ӕртыккаг зӕд йӕ кӕхц ракалдта цӕугӕдӕттыл ӕмӕ суадӕттыл, ӕмӕ фестадысты туг.

[5] Ӕмӕ ӕз фехъуыстон, дӕттыл кӕй бар цӕуы, уыцы зӕды хъӕлӕс: «Раст дӕ Ды, Чи ис ӕмӕ Чи уыди, уыцы сыгъдӕг Хуыцау, уымӕн ӕмӕ Ды ахӕм тӕрхон рахастай.

[6] Уыдон сыгъдӕджыты ӕмӕ пехуымпарты туг кӕй ныккалдтой, уый тыххӕй сын Ды бадардтай туг. Уый аккаг сты».

[7] Нывондхӕссӕнӕй мӕм райхъуыст: «О, Дунедарӕг Хицау Хуыцау, раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам сты Дӕ тӕрхӕттӕ».

[8] Цыппӕрӕм зӕд йӕ кӕхц ракалдта хурыл ӕмӕ хурӕн лӕвӕрд ӕрцыд адӕмы йӕ тӕвдӕй судзыны бар.

[9] Ӕмӕ адӕмы сыгъта тыхджын ӕнтӕф. Уыдон ӕлгъыстой, ацы рынтыл Кӕй бар цыди, уыцы Хуыцауы; фӕлӕ сӕм фӕсмон не 'рцыд ӕмӕ Йын кад не скодтой.

[10] Фӕндзӕм зӕд йӕ кӕхц ракалдта сырды бадӕныл, ӕмӕ йӕ паддзахад баталынг. Адӕм фырхъизӕмарӕй ӕхсыдтой се 'взӕгтӕ,

[11] Сӕ хъизӕмары ӕмӕ сӕ хӕфдзӕстыты тыххӕй ӕлгъыстой Уӕларвон Хуыцауы, фӕлӕ сӕ хъуыддӕгтыл фӕсмон нӕ фӕкодтой.

[12] Ӕхсӕзӕм зӕд йӕ кӕхц ракалдта Евфраты стыр цӕугӕдонмӕ ӕмӕ дзы дон нал баззад, паддзӕхтӕн скӕсӕнӕй фӕндаг куыд байгом уа, афтӕ.

[13] Ӕмӕ залиаг калмы дзыхӕй, сырды дзыхӕй ӕмӕ мӕнгпехуымпары дзыхӕй рацӕугӕ федтон, галхӕфсыты хуызӕн чи уыд, ахӕм ӕртӕ ӕнӕзӕгъинаджы –

[14] Диссӕгтӕ чи ӕвдисы, уыцы дӕлимонты. Уыдон рацыдысты ӕппӕт дунейы паддзӕхтӕм, Дунедарӕг Хуыцауы стыр бонмӕ сӕ тохмӕ ӕрӕмбырд кӕнынмӕ.

[15] «Мӕнӕ фӕцӕуын хуыснӕгау. Тӕхудиаг у, фынӕй чи нӕу, бӕгънӕгӕй куыд нӕ цӕуа ӕмӕ йын йӕ худинаг куыд мачи фена, йӕ дарӕс афтӕ сыгъдӕгӕй чи дары, уыцы адӕймаг».

[16] Ӕмӕ сӕ ӕрӕмбырд кодтой, дзуттагау Армагеддон цы бынат хуыйны, уырдӕм.

[17] Ӕвдӕм зӕд йӕ кӕхц ракалдта уӕлдӕфмӕ, ӕмӕ Кувӕндонӕй, паддзахы бадӕнӕй, райхъуыст хъӕрӕй дзурӕг хъӕлӕс: «Сӕххӕст!»

[18] Арв нырттывта, райхъуыст ӕрвнӕрды гыбар-гыбур ӕмӕ зӕхх тынг нынкъуыст, адӕймаг зӕххыл куы фӕзынд, уӕдӕй фӕстӕмӕ куыд нӕма уыд, афтӕ тынг нынкъуысти зӕхх.

[19] Стыр сахар фӕци ӕртӕ дихы, адӕмты сахартӕ бабын сты. Хуыцауӕй нӕ ферох стыр Вавилон ӕмӕ йын бадардта Йе стыр фыдӕхы сӕны кӕхцӕй.

[20] Цыдӕр ӕрбаисты сакъадӕхтӕ, хӕхтӕ дӕр фӕтары сты.

[21] Адӕмыл арвӕй ныууарыди таланты ӕмуӕз их; ӕмӕ адӕм Хуыцауы ӕлгъыстой ихрыны тыххӕй, уымӕн ӕмӕ сӕ уыцы рын тынг хъизӕмарӕй мардта.

Ӕргомад — Chapters