Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 5:05

[1] Зӕд мын фенын кодта, Хуыцауы ӕмӕ Уӕрыччы бадӕнӕй дзӕнхъайау цы ӕрттивгӕ царддӕттӕг цӕугӕдон калди, уый.

[2] Уый калди сахары уынджы хӕдастӕуты, йӕ иу фарс дӕр ӕмӕ йӕ иннӕ фарс дӕр рӕзыд, афӕдз дыууадӕс хатты, ӕрвылмӕй, дыргъ чи дӕтты, уыцы царды бӕлас. Бӕласы сыфтӕртӕ адӕмтӕн уыдысты ӕвдадзыхос.

[3] Сахары ӕлгъыстагӕй ницыуал уыдзӕн. Уым уыдзӕн Хуыцауы ӕмӕ Уӕрыччы бадӕн, ӕмӕ Йын лӕггад кӕндзысты Йӕ цагъартӕ.

[4] Фендзысты Йын Йӕ цӕсгом, ӕмӕ Йӕ ном фыст уыдзӕн сӕ тӕрныхтыл.

[5] Уым ӕхсӕв нӕ уыдзӕн, нӕ дзы хъӕудзӕн нӕдӕр рухсгӕнӕн, нӕдӕр хуры рухс, уымӕн ӕмӕ сын рухс кӕндзӕн Хицау Хуыцау; ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзысты мыггагӕй-мыггагмӕ.

[6] Зӕд мын загъта: «Ацы дзырдтӕ ӕцӕг сты ӕмӕ сыл ис ӕууӕндӕн. Ӕмӕ пехуымпарты Йӕ Удӕй разӕнгардгӕнӕг Хицау Хуыцау Йӕ зӕды рарвыста, рӕхджы цы уыдзӕн, уый Йӕ цагъартӕн равдисынмӕ».

[7] «Рӕхджы ӕрцӕудзынӕн». Ацы чиныджы пехуымпар ныхӕстӕ кӕмӕ хъарынц, уый тӕхудиаг у.

[8] Ӕз, Иоанн, федтон ӕмӕ фехъуыстон ӕппӕт уыдӕттӕ. Куы сӕ фехъуыстон ӕмӕ сӕ куы федтон, уӕд бакувынмӕ адӕлгом дӕн, уыдӕттӕ мын чи ӕвдыста, уыцы зӕды къӕхты раз.

[9] Фӕлӕ мын уый загъта: «Афтӕ ма бакӕн; ӕз дӕуӕн, де 'фсымӕр пехуымпартӕн, стӕй ацы чиныджы ныхӕстӕ кӕмӕ хъарынц, уыдонӕн се 'мкусӕг дӕн. Хуыцаумӕ бакув».

[10] Ноджы мын загъта: «Ма басусӕг кӕн ацы чиныджы пехуымпар ныхӕстӕ. Уымӕн ӕмӕ рӕстӕг ӕрӕввахс.

[11] Ӕвзӕргӕнӕг дарддӕр кӕнӕд ӕвзӕр митӕ. Чъизи адӕймаг дарддӕр чъизи кӕнӕд йӕхи. Рӕстгӕнӕг дарддӕр кӕнӕд раст хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сыгъдӕг дарддӕр цӕрӕд сыгъдӕгӕй».

[12] «Рӕхджы ӕрцӕудзынӕн, ӕмӕ мызд Мемӕ ис – алкӕмӕн дӕр ратдзынӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.

[13] Ӕз дӕн Алфӕ ӕмӕ Омегӕ, райдиан ӕмӕ кӕрон, фыццаг ӕмӕ фӕстаг».

[14] Йӕ дарӕс чи ӕхсы, уыдон тӕхудиаг сты – уыдзӕн сын царды бӕласы дыргъӕй бахӕрыны ӕмӕ сахармӕ дуарыл бацӕуыны бар.

[15] Куыйтӕ ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕ, хӕлд адӕм ӕмӕ лӕгмартӕ, мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ, стӕй гӕды митыл хӕст чи у ӕмӕ сӕ чи уарзы, уыдон та баззайдзысты ӕдде.

[16] «Ӕз, Йесо, Мӕ зӕды арвыстон ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй сымахӕн аргъуанты зӕгъынмӕ. Ӕз дӕн Давиды Ӕвзар ӕмӕ Байзӕддаг, тӕмӕнкалгӕ Бонвӕрнон».

[17] Уд ӕмӕ Усаг зӕгъынц: «Ӕрцу!» Чи хъусы, уый дӕр зӕгъӕд: «Ӕрцу!» Дойны кӕмӕн у, уый ӕрцӕуӕд, ӕмӕ кӕй фӕнды, уый царды дон айсӕд лӕвар.

[18] Ацы чиныджы пехуымпар ныхӕстӕ чидӕриддӕр хъусы, уыдонӕн ӕз зӕгъын: исты ма сӕм чи бафтауа, ууыл Хуыцау бафтаудзӕн, ацы чиныджы кӕй тыххӕй фыст ис, уыцы рынтӕ.

[19] Ӕмӕ ацы чиныджы пехуымпар ныхӕстӕй чи аппара, уый Хуыцау ӕнӕхай фӕкӕндзӕн ацы чиныджы фыст кӕй тыххӕй ис, уыцы царды бӕласӕй ӕмӕ сыгъдӕг сахарӕй.

[20] Ӕппӕт уыдӕттӕн ӕвдисӕн Чи у, Уый зӕгъы: «О, рӕхджы ӕрцӕудзынӕн!» Амен. Ӕрцу, Хицау Йесо!

[21] Нӕ Хицау Йесойы хорзӕх уӕд алкӕимӕ дӕр.

Ӕргомад — Chapters