Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 4:55

[1] Ӕз федтон ног арв ӕмӕ ног зӕхх. Раздӕры арв ӕмӕ раздӕры зӕхх аивгъуыдтой, нал уыди денджыз дӕр.

[2] Ӕз федтон сыгъдӕг сахар – ног Иерусалим уӕларвӕй, Хуыцауӕй, ӕрцӕйцӕугӕ, чындзау фӕлыстӕй, йӕ мойагӕн рӕсугъд арӕзтӕй.

[3] Паддзахы бадӕнӕй мӕм райхъуыст домбай хъӕлӕс: «Ныр Хуыцауы цӕрӕн бынат адӕмы ӕхсӕн ис, ӕмӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг цӕрдзӕн семӕ, уыдон уыдзысты Йӕ адӕм, ӕмӕ Уый уыдзӕни сӕ Хуыцау.

[4] Ӕмӕ сын Хуыцау сӕ цӕстытӕй ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыг; нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр хъыгтӕ, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст, уымӕн ӕмӕ раздӕр цы уыди, уый аивгъуыдта».

[5] Паддзахы бадӕны Бадӕг загъта: «Мӕнӕ ӕппӕт дӕр фӕлдисын ногӕй». Ӕмӕ мын загъта: «Ныффысс, уымӕн ӕмӕ ацы дзырдтӕ ӕцӕг сты ӕмӕ сыл ис ӕууӕндӕн».

[6] Ноджы мын загъта: «Сӕххӕст! Ӕз дӕн Алфӕ ӕмӕ Омегӕ, райдиан ӕмӕ кӕрон. Дойны кӕмӕн у, уымӕн лӕвар ратдзынӕн царддӕттӕг суадонӕй.

[7] Уӕлахиздзау райсдзӕн ӕппӕт уыдӕттӕ, Ӕз ын уыдзынӕн Хуыцау, уый та Мын уыдзӕни хъӕбул.

[8] Тӕппудтӕн ӕмӕ ӕнӕуырнджытӕн, ӕлгъӕгтӕн ӕмӕ лӕгмартӕн, хӕлд адӕмӕн ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕн, мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕн ӕмӕ ӕппӕт фӕлитойтӕн та сӕ бынат у судзгӕ сондоны цады. Уый у дыккаг мӕлӕт».

[9] Фӕстаг рынтӕй дзаг авд кӕхцы цы авд зӕдмӕ уыди, уыдонӕй иу ӕрцыд мӕнмӕ ӕмӕ мын загъта: «Рацу, ӕз дын равдисон Уӕрыччы Усаджы».

[10] Ӕз уыдтӕн Удӕй разӕнгард ӕмӕ мӕ зӕд фӕхаста стыр ӕмӕ бӕрзонд хохмӕ, ӕмӕ мын фенын кодта Иерусалимы сыгъдӕг сахар уӕларвӕй, Хуыцауӕй, ӕрцӕйцӕугӕ.

[11] Уый тӕмӕнтӕ калдта Хуыцауы намысӕй. Йӕ рухсгӕнӕн уыди тӕккӕ зынаргъдӕр дурау, дзӕнхъайы ӕнгӕс иасписау.

[12] Сахары къул уыди стыр ӕмӕ бӕрзонд, уыди дзы дыууадӕс дуары, дуӕрттыл лӕууыдысты дыууадӕс зӕды. Дуӕрттыл фыст уыдысты израилаг адӕмы дыууадӕс мыггаджы нӕмттӕ.

[13] Скӕсӕнырдыгӕй – ӕртӕ дуары, цӕгатырдыгӕй – ӕртӕ дуары, хуссарырдыгӕй – ӕртӕ дуары, ныгуылӕнырдыгӕй – ӕртӕ дуары.

[14] Сахары къулӕн ис дыууадӕс бындуры, уыдоныл фыст сты Уӕрыччы дыууадӕс апостолы нӕмттӕ.

[15] Сахарӕн йӕхи, йӕ къул ӕмӕ йӕ дуӕрттӕ барынӕн мемӕ ныхасгӕнӕгмӕ уыди сызгъӕрин лӕдзӕг.

[16] Сахар у цыппӕрдигъон, йӕ дӕргъ ӕмӕ йӕ уӕрх сты ӕмхуызон. Зӕд сахар сбарста лӕдзӕгӕй ӕмӕ рауад дыууадӕс мин стадийы . Йӕ дӕргъ, йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ бӕрзӕнд сты ӕмхуызон.

[17] Сбарста йын йӕ къул дӕр ӕмӕ рауад сӕдӕ цыппор цыппар ӕлмӕрины – адӕймаджы нымадӕй баргӕйӕ; зӕдмӕ дӕр ахӕм барӕн уыди.

[18] Сахары къул уыд иасписӕй, сахар йӕхӕдӕг та – ирд авджы хуызӕн сыгъдӕг сызгъӕринӕй.

[19] Сахары къулы бындуртӕ фӕлыст уыдысты алыхуызон зынаргъ дуртӕй. Фыццаг бындур – иаспис, дыккаг – сапфир, ӕртыккаг – халкидон, цыппӕрӕм – изумруд,

[20] Фӕндзӕм – сардоникс, ӕхсӕзӕм – сердолик, ӕвдӕм – хризолит, ӕстӕм – берилл, фарӕстӕм – топаз, дӕсӕм – хризопрас, иуӕндӕсӕм – сапфир, дыууадӕсӕм – аметист.

[21] Дыууадӕс дуары – дыууадӕс налхъуыты: алы дуар дӕр – ӕнӕхъӕн налхъуытӕй. Сахары уынг уыдис ирд авджы хуызӕн сыгъдӕг сызгъӕринӕй.

[22] Кувӕндон та дзы нӕ федтон, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Хицау Хуыцау ӕмӕ Уӕрыкк сты йӕ кувӕндон.

[23] Рухсы тыххӕй сахары нӕ хъӕуы нӕдӕр хур, нӕдӕр мӕй. Уымӕн ӕмӕ йӕ ныррухс кодта Хуыцауы намыс, Уӕрыкк та у йӕ рухсгӕнӕн.

[24] Адӕмтӕ цӕрдзысты сахары рухсмӕ, зӕххон паддзӕхтӕ йӕм ӕрхӕсдзысты сӕ намыс.

[25] Йӕ дуӕрттӕ бон ӕхгӕд нӕ уыдзысты, ӕхсӕв та дзы уӕвгӕ нӕ уыдзӕн.

[26] Ӕрхӕсдзысты йӕм адӕмты кад ӕмӕ намыс.

[27] Чъизи цы уа, ахӕмӕй йӕм ницы бацӕудзӕн, ӕлгъаг ӕмӕ гӕды митӕ чи кӕны, уыдонӕй дӕр ӕм фӕндаг никӕмӕн уыдзӕн, фӕлӕ йӕм бацӕудзысты, Уӕрыкмӕ царды чиныджы фыст чи у, ӕрмӕстдӕр уыдон.

Ӕргомад — Chapters