[1] Ӕз федтон: Уӕрыкк авд мыхуырӕй асаста фыццаг, ӕмӕ фехъуыстон цыппар уӕларвон удгоймагӕй иуы хъӕлӕс, цыма арв ныннӕрыд: «Рацу [ӕмӕ кӕс]».
[2] Ӕз федтон урс бӕх; йӕ барӕгмӕ уыд ӕрдын, лӕвӕрд ын ӕрцыд кадыхуд, ӕмӕ рацыд уӕлахиздзауӕй, куыд фӕуӕлахиз уа, афтӕ.
[3] Уӕрыкк дыккаг мыхуыр куы асаста, уӕд фехъуыстон, дыккаг уӕларвон удгоймаг цы загъта, уый: «Рацу [ӕмӕ кӕс]».
[4] Ӕмӕ рацыд ӕндӕр, ӕртхуыз бӕх; йӕ барӕгӕн лӕвӕрд ӕрцыд зӕххӕй сабырад айсыны бар, цӕмӕй марой кӕрӕдзи; ӕмӕ йӕм радтой стыр цирхъ.
[5] Уӕрыкк ӕртыккаг мыхуыр куы асаста, уӕд фехъуыстон, ӕртыккаг уӕларвон удгоймаг цы загъта, уый: «Рацу [ӕмӕ кӕс]». Ӕз федтон сау бӕх; йӕ барӕджы къухы уыди барӕн.
[6] Цыппар уӕларвон удгоймаджы кӕм уыдысты, уырдыгӕй мӕм райхъуыст адӕймаджы хъӕлӕсау: «Мӕнӕуы къус динарыл, хъӕбӕрхоры ӕртӕ къусы динарыл, зети ӕмӕ сӕнӕн та знаггад ма ракӕн».
[7] Уӕрыкк цыппӕрӕм мыхуыр куы асаста, уӕд фехъуыстон цыппӕрӕм уӕларвон удгоймаджы хъӕлӕс: «Рацу [ӕмӕ кӕс]».
[8] Ӕз федтон фӕлурс бӕх; йӕ барӕджы ном – мӕлӕт. Мӕрдтыбӕстӕ цыдис йӕ фӕдыл, ӕмӕ сын лӕвӕрд уыди зӕххы цыппӕрӕм хайыл цирхъы ӕмӕ стонджы, рыны ӕмӕ зӕххон сырдты фӕрцы марыны бар.
[9] Уӕрыкк фӕндзӕм мыхуыр куы асаста, уӕд нывондхӕссӕны бын федтон, Хуыцауы ныхасы тыххӕй ӕмӕ се 'вдисӕнады тыххӕй кӕй амардӕуыд, уыдоны удтӕ.
[10] Уыдон хъӕлӕсыдзагӕй дзырдтой: «Сыгъдӕг ӕмӕ ӕцӕг Дунедарӕг, кӕдмӕ у Дӕ каст, зӕххон цӕрджытӕн тӕрхон цӕуылнӕ рахӕссыс ӕмӕ сӕ нӕ туг цӕуылнӕ райсыс?»
[11] Уӕд сӕ алкӕмӕн дӕр лӕвӕрд ӕрцыд урс-урсид дарӕс ӕмӕ сын загъдӕуыд, цӕмӕй банхъӕлмӕ кӕсой иуцасдӕр, зӕххыл ма уыдонау кӕй хъуамӕ амардӕуа, сӕ уыцы ӕмкусджытӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ цалынмӕ нымӕц баххӕст кӕной, уӕдмӕ.
[12] Уӕрыкк ӕхсӕзӕм мыхуыр куы асаста, уӕд федтон: зӕхх тынг нынкъуыст, хур ныттар сау хъисынау ӕмӕ мӕй ӕнӕхъӕнӕй ныссырх тугау.
[13] Стъалытӕ арвӕй ӕрхаудтой зӕхмӕ, тыхджын дымгӕ легъуийы куы ныууигъы, уӕд йӕ цъӕх дыргътӕ куыд ӕрызгъӕлынц, афтӕ.
[14] Арв тыхтонау ӕрбампылд ӕмӕ цыдӕр ӕрбаци. Алы хох ӕмӕ сакъадах дӕр йӕ бынатӕй фенкъуысыд.
[15] Зӕххон паддзӕхтӕ ӕмӕ стыр хицӕуттӕ, ӕфсӕддон разамонджытӕ ӕмӕ хъӕздгуытӕ, тыхджынтӕ, алы цагъар ӕмӕ алы сӕрибар дӕр бамбӕхстысты лӕгӕтты ӕмӕ хӕхты – къӕдзӕхты ӕхсӕн.
[16] Ӕмӕ дзурынц хӕхтӕн ӕмӕ къӕдзӕхтӕн: «Рафӕлдӕхут ныл ӕмӕ нӕ уӕ быны бамбӕхсут паддзахы бадӕны Бадӕгӕй ӕмӕ Уӕрыччы фыдӕхӕй.
[17] Ралӕууыд Сӕ фыдӕхы стыр бон ӕмӕ йын чи бафӕраздзӕн?»