Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 4:25

[1] Сардисы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Хуыцауы авд уды ӕмӕ авд стъалыйы Кӕмӕ сты, Уый афтӕ зӕгъы: зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ; ды хӕссыс удӕгасы ном, фӕлӕ мард дӕ.

[2] Райхъал у ӕмӕ фидар кӕн, сӕфты къахыл дӕм цы лӕууы, уый. Уымӕн ӕмӕ зонын, дӕ хъуыддӕгтӕ Мӕ Хуыцауы цӕсты ӕнаипп кӕй не сты, уый.

[3] Уӕдӕ дӕ цӕуыл сахуыр кодтой ӕмӕ цы фехъуыстай, уый ӕрымыс, цӕр уымӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕн. Куы нӕ райхъал уай, уӕд дӕм Ӕз ӕрцӕудзынӕн хуыснӕгау, ӕмӕ кӕд ӕрцӕудзынӕн, уый нӕ базондзынӕ.

[4] Уӕвгӕ дын Сардисы ис, йӕ дарӕс чи нӕ фӕчъизи кодта, ахӕм цалдӕр адӕймаджы. Уыдон урс-урсид дарӕсы цӕудзысты Мемӕ, уымӕн ӕмӕ сты уый аккаг.

[5] Уӕлахиздзау уыдонау скӕндзӕн урс-урсид дарӕс, ӕмӕ йын йӕ ном царды чиныджы нӕ ахахх кӕндзынӕн. Мӕ Фыды ӕмӕ Йӕ зӕдты раз ӕй Ӕз банымайдзынӕн мӕхионыл.

[6] Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ".

[7] Ӕмӕ Филаделфийы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Давиды дӕгъӕл Кӕмӕ ис, куыд мачи сӕхгӕна, афтӕ Чи гом кӕны ӕмӕ куыд мачи байгом кӕна, афтӕ Чи ӕхгӕны, уыцы Сыгъдӕг ӕмӕ Ӕцӕг зӕгъы:

[8] Зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ. Мӕнӕ дын Ӕз байгом кодтон дуар ӕмӕ йӕ сӕхгӕнын никӕй бон бауыдзӕн. Дӕумӕ бирӕ тых нӕй, уӕддӕр хъуыстай Мӕ ныхасмӕ ӕмӕ Мыл дӕхи нӕ атигъ кодтай.

[9] Хӕйрӕджы синагогӕйы чи ис, йӕхи иудей чи хоны, уӕвгӕ та иудей нӕ, фӕлӕ фӕливӕг чи у, уыдонӕн Ӕз бакӕндзынӕн афтӕ: ӕрцӕудзысты ӕмӕ ӕрхаудзысты дӕ къӕхтӕм ӕмӕ базондзысты, Ӕз дӕ кӕй бауарзтон, уый.

[10] Ды Мӕ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ фӕразон кӕй разындтӕ, уый тыххӕй дӕ Ӕз бахиздзынӕн, зӕххон цӕрджыты бафӕлварынӕн ӕппӕт дунейы цы фыдӕвзарӕны рӕстӕг уыдзӕн, уымӕй.

[11] Ӕз рӕхджы ӕрцӕудзынӕн. Цы дӕм ис, ууыл хӕц, цӕмӕй дын дӕ хӕрзиуӕг мачи байса.

[12] Уӕлахиздзауы скӕндзынӕн Мӕ Хуыцауы Кувӕндоны цӕджындз, ӕмӕ дзы никуал рацӕудзӕн. Ныффысдзынӕн ыл Мӕ Хуыцауы ном, уӕларвӕй, Мӕ Хуыцауӕй, чи ӕрцӕудзӕн, Мӕ Хуыцауы уыцы ног Иерусалимы сахары ном ӕмӕ Мӕ ног ном.

[13] Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ".

[14] Лаодикийы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Афтӕ зӕгъы Амен, иузӕрдион ӕмӕ ӕцӕг ӕвдисӕн, Хуыцауы сфӕлдысты сӕрӕвӕрӕн:

[15] Зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ. Ды нӕдӕр уазал дӕ, нӕдӕр тӕвд. О, фӕлтау уазал кӕнӕ тӕвд куы уаис!

[16] Тӕвд дӕр ӕмӕ уазал дӕр нӕ, фӕлӕ хъӕрмуст кӕй дӕ, уый тыххӕй дӕ сӕппардзынӕн Мӕ дзыхӕй.

[17] Ды зӕгъыс: ӕз хъӕздыг дӕн, бирӕ мӕм ис ӕмӕ ницы хъуаг ӕййафын. Фӕлӕ нӕ зоныс, ды мӕгуыр, кӕуинаг, гӕвзыкк, куырм ӕмӕ бӕгънӕг кӕй дӕ, уый.

[18] Уынаффӕ дын кӕнын: арты чи ссыгъдӕг, Мӕнӕй ахӕм сызгъӕрин балхӕн ӕмӕ схъӕздыг уай; стӕй балхӕн урс дарӕс, скӕн ӕй дӕ уӕлӕ ӕмӕ дӕ бӕгънӕг буары худинӕгтӕ мауал зыной. Цӕмӕй уынай, уый тыххӕй дӕр Мӕнӕй балхӕн хос ӕмӕ дзы байсӕрд дӕ цӕстытӕ.

[19] Ӕз кӕй уарзын, уыдоны багӕды кӕнын ӕмӕ бафхӕрын. Уӕдӕ у ӕнувыд ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕн.

[20] Мӕнӕ лӕууын дуармӕ ӕмӕ хойын. Мӕ хъӕлӕс чи фехъуса ӕмӕ дуар чи байгом кӕна, уымӕ бацӕудзынӕн ӕмӕ цӕл кӕндзынӕн йемӕ, уый та – Мемӕ.

[21] Уӕлахиздзауы Мемӕ сбадын кӕндзынӕн Мӕ бадӕны, Ӕз куыд фӕуӕлахиз дӕн ӕмӕ Мӕ Фыдимӕ Йӕ бадӕны куыд сбадтӕн, афтӕ.

[22] Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ"».

Ӕргомад — Chapters