Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 2:21

[1] Ӕмӕ ӕз федтон ӕндӕр тыхджын зӕды уӕларвӕй ӕрцӕйцӕугӕ. Йӕ дарӕс уыдис ӕврагъӕй, йӕ сӕрмӕ – арвырон, йӕ цӕсгом – хуры хуызӕн, йӕ къӕхтӕ – судзгӕ цӕджындзтау.

[2] Йӕ къухы уыди гыццыл чиныг гомӕй. Уыцы зӕд йӕ рахиз къах ӕрӕвӕрдта денджызыл, галиу къах та – зӕххыл,

[3] Ӕмӕ ныхъхъӕр кодта, домбай куыд фембухы, афтӕ. Куы ныхъхъӕр кодта, уӕд дзуапп радтой авд ӕрвнӕрды.

[4] Авд ӕрвнӕрды дзуапп куы радтой, уӕд хъуамӕ бавнӕлдтаин фыссынмӕ. Фӕлӕ мӕм уӕларвӕй ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Авд ӕрвнӕрды цы загътой, уый басусӕг кӕн, ма йӕ ныффысс».

[5] Денджызыл ӕмӕ зӕххыл лӕугӕ кӕй федтон, уыцы зӕд йӕ рахиз къух сдардта уӕларвмӕ

[6] Ӕмӕ расомы кодта, мыггагӕй-мыггагмӕ Цардӕгас Чи у, Уымӕй – арв ӕмӕ арвыл цы ис, зӕхх ӕмӕ зӕххыл цы ис, денджыз ӕмӕ денджызы цы ис, ӕппӕт уыдӕттӕ Сфӕлдисӕгӕй: «Ӕрцӕуинаг цы у, уый нӕ бафӕстиат уыдзӕн.

[7] Ӕвдӕм зӕдӕн сыкъауадындзӕй уасыны рӕстӕг куы ралӕууа, уӕд сӕххӕст уыдзӕн Хуыцауы сусӕг фӕндон – Йӕ цагъар пехуымпартӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ».

[8] Уӕларвӕй мӕм цы хъӕлӕс ӕрыхъуыст, уый мын ноджыдӕр загъта: «Марадз, денджыз ӕмӕ зӕххыл цы зӕд лӕууы, уый къухӕй райс гом чиныг».

[9] Ӕз ацыдтӕн зӕдмӕ ӕмӕ йын загътон: «Ӕри мын чиныг». Уый мын загъта: «Айс ӕй ӕмӕ йӕ бахӕр. Дӕ хуылф дын смаст кӕндзӕн, дӕ дзыхы та мыдау адджын уыдзӕн».

[10] Ӕз зӕды къухӕй райстон чиныг ӕмӕ йӕ бахордтон. Ӕмӕ мӕ дзыхы мыдау уыд адджын; куы йӕ бахордтон, уӕд та дзы мӕ хуылф смаст.

[11] Ӕмӕ мын загъдӕуыд: «Ды бирӕ адӕмты, адӕмыхӕттыты, ӕвзӕгты ӕмӕ паддзӕхты тыххӕй ногӕй пехуымпар ныхас хъуамӕ зӕгъай».

Ӕргомад — Chapters