[1] Ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ ӕз федтон цыппар зӕды. Уыдон лӕууыдысты зӕххы цыппар кӕроны, ӕмӕ хӕцыдысты зӕххон цыппар дымгӕйыл, нӕдӕр зӕххыл, нӕдӕр денджызыл, нӕдӕр бӕлӕстыл куыд нӕ дымой, афтӕ.
[2] Ӕз федтон ӕндӕр зӕды дӕр. Уый ссӕйцыд скӕсӕнӕй ӕмӕ йӕм уыди цардӕгас Хуыцауы мыхуыр. Зӕд ныхъхъӕр кодта, зӕххӕн ӕмӕ денджызӕн знаггад ракӕныны бар лӕвӕрд кӕмӕ ӕрцыд, уыцы цыппар зӕдмӕ:
[3] «Цалынмӕ нӕ Хуыцауы цагъарты тӕрныхтыл мыхуыр сӕвӕрӕм, уӕдмӕ знаггад ма ракӕнут нӕдӕр зӕххӕн, нӕдӕр денджызӕн, нӕдӕр бӕлӕстӕн».
[4] Ӕз фехъуыстон, мыхуыр ӕвӕрд кӕуыл ӕрцыд, уыдоны нымӕц: израилаг адӕмы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгтӕй мыхуыр ӕвӕрд ӕрцыди сӕдӕ цыппор цыппар миныл.
[5] Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй мыхуыр ӕвӕрд ӕрцыд дыууадӕс миныл; Рувимы хӕдзарвӕндагӕй – дыууадӕс миныл; Гады хӕдзарвӕндагӕй – дыууадӕс миныл;
[6] Асиры хӕдзарвӕндагӕй – дыууадӕс миныл; Неффалимы хӕдзарвӕндагӕй – дыууадӕс миныл; Манассийы хӕдзарвӕндагӕй – дыууадӕс миныл;
[7] Симеоны хӕдзарвӕндагӕй – дыууадӕс миныл; Левийы хӕдзарвӕндагӕй – дыууадӕс миныл; Иссахары хӕдзарвӕндагӕй – дыууадӕс миныл;
[8] Завулоны хӕдзарвӕндагӕй – дыууадӕс миныл; Иосифы хӕдзарвӕндагӕй – дыууадӕс миныл; Вениамины хӕдзарвӕндагӕй – дыууадӕс миныл.
[9] Уый фӕстӕ ӕз федтон, нымайын дӕр кӕй ничи бафӕрӕзтаид, уыйбӕрц дзыллӕ алы адӕмыхӕттытӕй, алы мыггагӕй, алы адӕмтӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй – сӕ къухы палмӕйы къалиутимӕ урс-урсид дарӕсы лӕууыдысты паддзахы бадӕны ӕмӕ Уӕрыччы раз.
[10] Уыдон хъӕлӕсыдзагӕй дзырдтой: «Паддзахы бадӕны Чи бады, нӕ уыцы Хуыцау ӕмӕ Уӕрыкк сты ирвӕзынгӕнӕг!»
[11] Зӕдтӕ иууылдӕр лӕууыдысты паддзахы бадӕны, цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры ӕмӕ цыппар уӕларвон удгоймаджы алыварс, стӕй адӕлгом сты паддзахы бадӕны раз ӕмӕ бакуывтой Хуыцаумӕ:
[12] «Амен! Табу, намыс ӕмӕ кад мыггагӕй-мыггагмӕ нӕ зондджын, арфӕгонд, тыхджын ӕмӕ хъомысджын Хуыцауӕн! Амен!»
[13] Цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕрӕй мӕ иу бафарста: «Уӕртӕ урс-урсид дарӕс кӕуыл ис, уыдон чи сты ӕмӕ кӕцӕй ӕрцыдысты?»
[14] Ӕз ын загътон: «Ды йӕ дӕхӕдӕг зоныс, ме 'лдар». Уӕд мын загъта: «Стыр бӕллӕхӕй чи ӕрцыд, уыдон сты; сӕ дарӕстӕ ныхсадтой ӕмӕ сӕ ныуурс кодтой Уӕрыччы Тугӕй.
[15] Уый тыххӕй лӕууынц Хуыцауы бадӕны раз ӕмӕ Йын ӕхсӕвӕй-бонӕй лӕггад кӕнынц Йӕ Кувӕндоны; ӕмӕ паддзахы бадӕны Бадӕг уыдоны бакӕндзӕн Йӕ дӕлбазыр.
[16] Уыдон нал кӕндзысты нӕдӕр стонг, нӕдӕр дойны. Хур дӕр сӕ нал судздзӕн ӕмӕ сӕ ӕнтӕф дӕр нал хъыгдардзӕн.
[17] Уымӕн ӕмӕ Хуыцау кӕм бады, уыцы бынаты хӕдастӕу цы Уӕрыкк ис, Уый сӕ кӕндзӕн хизынмӕ ӕмӕ царддӕттӕг суадӕттӕм, ӕмӕ сын Хуыцау сӕ цӕстытӕй асӕрфдзӕн сӕ цӕссыг».