[1] Ныр та сыгъдӕджытӕн ӕххуысы тыххӕй. Сымах хъуамӕ бакӕнат, ӕз Галатийы аргъуантӕн куыд бафӕдзӕхстон, афтӕ.
[2] Къуырийы фыццаг бон сымахӕй алчидӕр рахицӕн кӕнӕд, йӕ мулк куыд амоны, уыйбӕрц ӕмӕ йын уӕд цӕттӕ, ӕз уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд уӕ уыцы ӕххуыс ӕмбырдгӕнинаг куыд нал уа, афтӕ.
[3] Ӕз уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд сымах аккагыл кӕй банымайат, уыдоны арвитдзынӕн фыстӕджытимӕ, цӕмӕй Иерусалиммӕ фӕхӕццӕ кӕной уӕ лӕвар.
[4] Кӕд мӕн дӕр ацӕуын бахъӕуа, уӕд ацӕудзысты мемӕ.
[5] Ӕз уӕм ӕрцӕудзынӕн, Македонийыл куы ахизон, уӕд. Уымӕн ӕмӕ мӕ фӕндаг Македонийыл уыдзӕн.
[6] Ӕз уӕм, чи зоны, афӕстиат уон, чи зоны, зымӕг дӕр сымахмӕ арвитон, ӕмӕ мӕ сымах срӕвдз кӕндзыстут, кӕдӕм цӕуон, уырдӕм.
[7] Нӕ мӕ фӕнды ныртӕккӕ сымахмӕ ӕхстуадӕй бацӕуын, фӕлӕ кӕд Хицауы бафӕнда, уӕд мӕ зӕрдӕ дарын иуцасдӕр уӕм баззайыныл.
[8] Эфесы та уыдзынӕн Хорысӕры бӕрӕгбонмӕ –
[9] Уымӕн ӕмӕ кӕд мӕ ныхмӕлӕуджытӕ бирӕ сты, уӕддӕр мын ис парахатӕй ӕмӕ ӕнтыстджынӕй кусыны фадат.
[10] Кӕд уӕм Тимофей ӕрцӕуа, уӕд бацархайут, сымахмӕ йын ӕдас цӕмӕй уа, ууыл. Уымӕн ӕмӕ уый дӕр, мӕнау, Хицауӕн кусы.
[11] Ӕмӕ йыл ӕнӕрвӕссон мачи уӕд. Ифтонгӕй йӕ афӕндараст кӕнут фарнимӕ, цӕмӕй ӕрцӕуа мӕнмӕ – иннӕ ӕфсымӕртимӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсын.
[12] Ныр та не 'фсымӕр Аполлосы тыххӕй. Ӕз ӕм тынг ӕрхатыдтӕн сымахмӕ ӕфсымӕртимӕ ацӕуыны тыххӕй. Фӕлӕ йӕ ныртӕккӕ ницы хуызы бафӕндыд; фадат ын куы фӕуа, уӕд уӕм ацӕудзӕн.
[13] Къӕрцхъус ут, уӕд уӕм фидар уырнындзинад, ут ӕхсарджын ӕмӕ хъӕддых.
[14] Уӕ алы хъуыддаджы дӕр ӕвдисут уарзондзинад.
[15] Ахайы фыццагдӕр Стефан ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ кӕй баууӕндыдысты ӕмӕ сыгъдӕджытӕн лӕггад кӕнынӕн сӕхи кӕй снывонд кодтой, уый уын зындгонд у. Курын уӕ, ӕфсымӕртӕ,
[16] Сӕ коммӕ кӕсут ахӕмтӕн, стӕй ацы хъуыддаджы семӕ чидӕриддӕр фӕллой кӕны, уыдонӕн дӕр.
[17] Сымах мемӕ кӕй не стут, уый мын баххӕст кодтой Стефан, Фортунат ӕмӕ Ахаик. Райын се 'рцыдыл.
[18] Уыдон мӕнӕн дӕр ӕмӕ сымахӕн дӕр ӕрхастой удӕнцой. Ахӕмтӕ уӕм уӕнт нымады.
[19] Салам уын дӕттынц Асийы аргъуантӕ; зӕрдиаг чырыстон салам уын дӕттынц Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ, стӕй сӕ хӕдзары цы аргъуан ӕмбырд кӕны, уый дӕр.
[20] Салам уын дӕттынц ӕппӕт ӕфсымӕртӕ. Кӕрӕдзийӕн салам дӕттут ӕфсымӕрон байӕ.
[21] Ӕз, Павел, ацы салам фыссын мӕхи къухӕй.
[22] Хицауы [Йесо Чырыстийы] чи нӕ уарзы, уый ӕлгъыст фӕуӕд. Марана та!
[23] Нӕ Хицау Йесойы хорзӕх уӕ уӕд.
[24] Ӕз уарзын уеппӕты дӕр – Йесо Чырыстиимӕ иудзинад кӕмӕн ис, уыдоны.