Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 3:49

[1] Уӕдӕ нӕ сымах хъуамӕ нымайат Чырыстийы кусджытыл, Хуыцау Йӕ сусӕгдзинӕдтӕ кӕуыл баууӕндыди, уыдоныл.

[2] Ӕмӕ ахӕм ӕууӕнкӕй чи фӕхайджын, уыдонӕй домдӕуы сӕхи иузӕрдионӕй равдисын.

[3] Сымах кӕнӕ иннӕ адӕм мӕнӕн цы аргъ кӕнынц, уый мӕ не 'ндавы. Ӕз мӕхӕдӕг дӕр мӕхицӕн аргъгӕнӕг нӕ дӕн.

[4] Кӕд мӕ зӕрдӕ мӕхимӕ ницӕмӕй ӕхсайы, уӕддӕр уымӕй мӕхи нӕ раст кӕнын; тӕрхонгӕнӕг мын Хицау у.

[5] Уӕдӕ афонӕй раздӕр тӕрхон ма кӕнут, цалынмӕ Хицау ӕрцӕуа, уӕдмӕ – Уый хурмӕ рахӕсдзӕни талынджы ӕмбӕхст хъуыддӕгтӕ, раргом кӕндзӕни зӕрдӕйы фӕндтӕ, ӕмӕ уӕд Хуыцауӕй алчидӕр райсдзӕн йӕ хӕрзиуӕг.

[6] Ӕз цы дзырдтон, ӕфсымӕртӕ, уый уӕ сӕраппонд мӕхи ӕмӕ Аполлосы тыххӕй загътон, цӕмӕй мах бафӕзмат, фыст цы у, уый сӕрты нӕ хизыныл – иу адӕймагӕй сӕрыстыр ма уат, иннӕйыл та дӕлӕмӕ ма хӕцат.

[7] Дӕу уӕлдӕр чи ӕвӕры? Цыдӕриддӕр дӕм ис, уый Хуыцауӕй нӕ райстай, ӕви? Ӕмӕ йӕ кӕд Хуыцауӕй райстай, уӕд цы ӕппӕлыс, цыма дӕхи у, афтӕ?

[8] Сымахмӕ ныридӕгӕн фагӕй фылдӕр ис ӕппӕт дӕр, ныридӕгӕн схъӕздыг стут, ӕнӕ мах систут паддзӕхтӕ. Бӕргӕ паддзахиуӕг ӕцӕгӕй куы кӕниккат, цӕмӕй мах дӕр уемӕ суӕм паддзӕхтӕ!

[9] Уымӕн ӕмӕ мӕнмӕ афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ мах, апостолты, Хуыцау сӕвӕрдта тӕккӕ цауддӕрты бынаты – цыма нын рахастӕуыд, адӕм нӕм куыд кӕсой, афтӕмӕй амарыны тӕрхон. Махыл йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта дун-дуне – зӕдтӕ ӕмӕ адӕм.

[10] Мах ӕнӕзонд стӕм Чырыстийы сӕраппонд, сымах та зондджын чырыстӕттӕ стут; мах ӕдых стӕм, сымах та – тыхджын; сымах кадджын стут, мах та – ӕгад.

[11] Суанг абон дӕр ӕййафӕм стонг ӕмӕ дойны, бӕгънӕг, нӕмынц нӕ, рахау-бахау кӕнӕм,

[12] Нӕхи цӕнгтӕй кӕнӕм уӕззау куыст. Ӕлгъитынц нӕ, мах та сын Хуыцауӕй хорзӕх курӕм. Ӕфхӕрынц нӕ, ӕмӕ мах фӕразӕм.

[13] Цъыф ныл калынц, мах та сӕ нӕ дзыхыныхасӕй рӕвдауӕм. Мах абонмӕ дунейӕн ӕмӕ алкӕмӕн дӕр стӕм быронау.

[14] Ӕз уыдӕттӕ уый тыххӕй нӕ фыссын, ӕмӕ уӕхиуыл ӕрхудат, фӕлӕ уын, уарзон хъӕбултӕн амонӕгау, зонд амонын.

[15] Кӕд уын бирӕ чырыстон хъомылгӕнджытӕ ис, уӕддӕр уын фыдӕлтӕ бирӕ нӕй – фарны уац уӕм ӕрхӕссыны фӕрцы Йесо Чырыстийы хъаруйӕ ӕз сдӕн уӕ ныййарӕг.

[16] Уымӕ гӕсгӕ уӕ зӕрдиагӕй курын: фӕзмут мӕ [ӕз Чырыстийы куыд фӕзмын, афтӕ].

[17] Уый тыххӕй уӕм арвыстон Тимофейы – Хицауыл иузӕрдион чи у, мӕ уыцы уарзон хъӕбулы. Уӕ зӕрдыл уын ӕрлӕууын кӕндзӕн, Йесо Чырыстийы мӕ цардӕй куыд фӕзмын, уый; мӕ уыцы цард у, алы аргъуаны дӕр цӕуыл ахуыр кӕнын, уымӕ гӕсгӕ.

[18] Сымахӕй чидӕртӕ схъал сты – афтӕ сӕм кӕсы, цыма ӕз сымахмӕ нал ӕрцӕудзынӕн.

[19] Фӕлӕ кӕд Хицауы бафӕнда, уӕд уӕм рӕхджы ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ уыцы хъалтӕн бафӕлвардзынӕн сӕ ныхӕстӕ нӕ, фӕлӕ сӕ хъару,

[20] Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад ныхӕстӕй нӕ, фӕлӕ хъаруйӕ у.

[21] Куыд уӕ фӕнды? Лӕдзӕгимӕ уӕм ӕрцӕуон, ӕви уарзондзинадимӕ ӕмӕ ӕвӕлмасӕй?

1 Коринфӕгтӕм — Chapters