Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 4:33

[1] Павелӕй, Хуыцауы фӕндӕй Йесо Чырыстийы апостолӕй, ӕмӕ не 'фсымӕр Тимофейӕ – Хуыцауы аргъуанмӕ Коринфы, стӕй ӕгас Ахайы ӕппӕт сыгъдӕджытӕм.

[2] Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Хицау Йесо Чырыстийӕ.

[3] Арфӕгонд уӕд нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыд, фӕлмӕнзӕрдӕ Фыд ӕмӕ ныфсдӕттӕг Хуыцау.

[4] Уымӕй стӕм ныфсджын неппӕт зынты, цӕмӕй цавӕрфӕнды зынтӕ чи ӕвзары, уыдонӕн та мах ӕвӕрӕм ныфс, Хуыцау нӕхицӕн зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уыдӕттӕй.

[5] Уымӕн ӕмӕ мах Чырыстийы хъизӕмӕрттӕй цас фылдӕр хайджын разынӕм, уыйас нын Чырысти дӕр дӕтты фылдӕр ныфс.

[6] Кӕд мах хъизӕмар кӕнӕм, уӕд нӕ хъизӕмар у ныфс уӕ бауадзыны ӕмӕ уӕ фервӕзыны сӕраппонд. Кӕд мах бауагъдӕуы ныфс, уӕд сымахӕн ныфс раттыны сӕраппонд. Уыцы ныфсы руаджы сымах фӕразонӕй фӕбыхсут, мах кӕй ӕвзарӕм, ахӕм хъизӕмӕрттӕн.

[7] Нӕ зӕрдӕ уыл фидарӕй дарӕм. Уымӕн ӕмӕ зонӕм: кӕд хайджын стут нӕ хъизӕмӕрттӕй, уӕд хайджын стут, мах ныфс цӕмӕй ис, уымӕй дӕр.

[8] Фӕнды нӕ, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, мах Асийы цы зынтӕ бавзӕрстам, уый тыххӕй. Мах ахӕм стыр хъизӕмары хай фестӕм, ӕмӕ удӕгасӕй баззайыны ӕнхъӕл нал уыдыстӕм.

[9] Нӕхи ӕнкъардтам афтӕ, цыма нын мӕлӕты тӕрхон рахастӕуыд. Уыцы фыдӕвзарӕны хай баистӕм уымӕн, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ дарӕм нӕхиуыл нӕ, фӕлӕ мӕрдты ӕгасгӕнӕг Хуыцауыл.

[10] Мах кастыстӕм мӕлӕты цӕстытӕм, ӕмӕ нӕ Хуыцау бахызта. Уый фервӕзын кӕндзӕн мах, ӕмӕ Йыл нӕ зӕрдӕ дарӕм: фервӕзын нӕ кӕндзӕни ноджыдӕр,

[11] Сымах дӕр мах тыххӕй куы куват, уӕд. Ӕмӕ бирӕтӕ бузныг зӕгъдзысты Хуыцауӕн, бирӕты куывдмӕ гӕсгӕ ныл хӕрзаудӕн кӕй кӕны, уый тыххӕй.

[12] Уымӕн ӕмӕ нӕхицӕй мӕнӕ уымӕй ӕппӕлӕм: дунейы, уӕлдайдӕр та сымахмӕ, мах фӕцардыстӕм хӕдӕфсармӕй, Хуыцауӕн фӕндон куыд уа, афтӕ ӕнӕхинӕй; адӕймаджы зондмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхмӕ гӕсгӕ. Уымӕн не 'фсарм – ӕвдисӕн.

[13] Цы бакӕсат ӕмӕ бамбарат, уымӕй уӕлдай уӕм ницы фыссӕм, ӕмӕ мӕ зӕрдӕ дарын, мах кӕй бамбардзыстут кӕронмӕ,

[14] Иуцасдӕр нӕ ныридӕгӕн дӕр куыд бамбӕрстат, афтӕ: нӕ Хицау Йесойы ӕрцӕуыны бон сымах буц уыдзыстут махӕй, мах та – сымахӕй.

[15] Ӕз ууыл фидарӕй кӕй ӕууӕндын, уымӕ гӕсгӕ мӕ фӕндыди сымахмӕ раздӕр ӕрцӕуын, цӕмӕй уыл дыууӕ хатты сӕмбӕла хорзӕх.

[16] Мӕ зӕрды уыди Македонимӕ цӕугӕйӕ сымахмӕ фездӕхын, стӕй уӕм Македонийӕ ногӕй ӕрцӕуын, цӕмӕй мӕ сымах Иудейӕмӕ срӕвдз кӕнат.

[17] Ахӕм фӕнд мӕм кӕй уыди, уый мӕ рӕузондӕй у? Ӕви мӕм цы фӕндтӕ вӕййы, уыдон адӕймаджы зондӕй ӕвзӕрынц, ӕмӕ уыциу рӕстӕг «о» ӕмӕ «нӕ» фӕзӕгъын, мыййаг?

[18] Хуыцау Йӕ дзырд нӕ сайы ӕмӕ ӕвдисӕн у, мах уын цы фӕзӕгъӕм, уый уыциу рӕстӕг «о» ӕмӕ «нӕ» кӕй нӕу.

[19] Ӕз, Силуан ӕмӕ Тимофей сымахӕн Кӕй тыххӕй дзырдтам, Хуыцауы уыцы Фырт Йесо Чырысти уыциу рӕстӕг «о» ӕмӕ «нӕ» нӕ уыди, фӕлӕ ӕрмӕст «о» у.

[20] Уымӕн ӕмӕ Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уыдон иууылдӕр Чырыстийы фӕрцы сты «о» – сӕххӕст вӕййынц. Уымӕ гӕсгӕ, Хуыцауӕн кад куы фӕкӕнӕм, уӕд Чырыстийы руаджы фӕзӕгъӕм «амен».

[21] Чырыстиимӕ иугондӕй махӕн сымахимӕ хъару Чи дӕтты, уыцы Хуыцау нӕ рахицӕн кодта Йӕхицӕн.

[22] Ӕмӕ Йӕ адӕм кӕй стӕм, зӕрдӕ нын цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ кӕй райсдзыстӕм, уый равдисынӕн уал нын Хуыцау нӕ зӕрдӕты ӕрцӕрын кодта Йӕ Уды.

[23] Хуыцау уыны мӕ зӕрдӕ ӕмӕ мын у ӕвдисӕн: ӕз Коринфмӕ ныронг не 'рцыдтӕн, кӕй уыл ауӕрдын, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй.

[24] Хъуыддаг уый мидӕг нӕй, ӕмӕ мах уӕ уырнындзинадӕн ӕлдариуӕг кӕнӕм. Мах уе 'мкусджытӕ стӕм уӕ цины сӕраппонд, уымӕн ӕмӕ фидар у уӕ уырнындзинад.

2 Коринфӕгтӕм — Chapters