[1] Ау, ӕз апостол нӕ дӕн? Ау, ӕз сӕрибар нӕ дӕн? Ӕз нӕ Хицау Йесо Чырыстийы нӕ федтон, ӕви? Ӕз Хицауы сӕраппонд цы бакодтон, сымах мӕ уыцы фӕллой не стут, ӕви?
[2] Кӕд иннӕтӕн апостол нӕ дӕн, уӕддӕр сымахӕн апостол дӕн. Ӕз Хицауы апостол кӕй дӕн, уымӕн ӕвдисӕйнаг сымах стут.
[3] Гъе, уый у мӕ дзуапп, мӕныл даутӕ чи кӕны, уыдонӕн.
[4] Ӕви махӕн хӕрыны ӕмӕ нуазыны бар нӕй?
[5] Ӕви иннӕ апостолтӕн, Хицауы ӕфсымӕртӕн ӕмӕ Кифӕйӕн, устытӕ куыд ис, афтӕ мӕнӕн нӕй уырнӕг хотӕй цардӕмбал скӕныны бар, цӕмӕй кӕмдӕриддӕр мемӕ уа?
[6] Ӕви ӕрмӕст мӕнӕн ӕмӕ Варнавӕйӕн нӕй нӕ кусыны бар?
[7] Уый кӕд уыдис, ӕмӕ ӕфсӕддон йӕхӕдӕг йӕхи дара? Сӕнӕфсир ныссадзӕг сӕнӕфсиры гагатӕй ма хӕра? Дзуг чи хизы, уый ӕхсыр ма нуаза?
[8] Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕз, мыййаг, адӕймаджы зондӕй зӕгъын? Моисейы Ӕгъдау дӕр афтӕ нӕ зӕгъы, ӕви?
[9] Уымӕн ӕмӕ дзы фыст ис: «Найгӕнӕг галӕн йӕ дзых бастӕй ма дар». Хуыцауы мӕт, мыййаг, галтыл у?
[10] Ӕви уый мах тыххӕй загъд у? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый мах тыххӕй фыст у; уымӕн ӕмӕ хуымгӕнӕг хъуамӕ хуым кӕна зӕрдӕдаргӕйӕ, ӕмӕ найгӕнӕг най кӕна йӕ хай райсыны ныфсимӕ.
[11] Мах уӕ удтӕн байтыдтам тауинаг уӕ зӕрдӕты, ӕмӕ нӕ гуыбынӕн исты куы ӕркӕрдӕм, уӕд уый ӕгӕр уыдзӕни?
[12] Иннӕтӕн уӕм ахӕм бар кӕм ис, уым мах уыдонӕй барджындӕр не стӕм, ӕви? Уыцы бартӕй мах уӕвгӕ дӕр нӕ пайда кодтам, фӕлӕ быхсӕм алцӕмӕн дӕр, цӕмӕй Чырыстийы фарны уацӕн мацы цӕлхдур сӕвӕрӕм.
[13] Хуыцауы хӕдзары чи лӕггад кӕны, уыдон сӕ хӕлц уырдыгӕй кӕй исынц, ӕмӕ нывондхӕссӕны раз лӕггадгӕнджытӕн нывондтӕй хай кӕй ис, уый нӕ зонут, ӕви?
[14] Афтӕ Хицау фарны уац хъусынгӕнджытӕн дӕр бафӕдзӕхста фарны уац хъусын кӕнынӕй цӕрын.
[15] Фӕлӕ ӕз уыцы бартӕй не спайда кодтон; мӕ фыстӕг дӕр уӕм уый тыххӕй нӕ фыссын, ӕмӕ сӕ пайда кӕнын райдайон. Уый бӕсты мӕ амӕлӕт хуыздӕр уаид! Раппӕлинагӕй мӕм цы ис, уымӕй мӕ ӕнӕхай ничи фӕкӕндзӕн.
[16] Ӕз фарны уац адӕммӕ кӕй хӕссын, уымӕй мӕхицӕй нӕ раппӕлдзынӕн – уый мӕ хӕс у, ӕмӕ додой мӕ сӕр, фарны уац адӕммӕ куы нӕ хӕссон, уӕд!
[17] Уыцы куыст барвӕндонӕй куы кӕнин, уӕд мын уаид мызд; фӕлӕ йӕ ӕз барвӕндонӕй нӕ кӕнын – ӕз ӕрмӕст аразын, цы хъуыддаг мын бафӕдзӕхстӕуыд, уый.
[18] Уӕдӕ мӕ мызд цы у? Мӕ мызд уый у, ӕмӕ фарны уац хъусын кӕнын лӕвар, ӕмӕ афтӕмӕй фарны уац хъусынгӕнӕджы бартӕй нӕ пайда кӕнын.
[19] Ӕз никӕй дӕлбар дӕн, уӕддӕр алкӕмӕн дӕр мӕхицӕй скодтон цагъар, цӕмӕй ӕрхонон фылдӕр адӕм.
[20] Иудейты ӕрхоныны сӕраппонд иудейтӕн ӕз сдӕн иудейау; Моисейы Ӕгъдауы дӕлбар уӕвджыты ӕрхоныны сӕраппонд ӕз уыдонӕн сдӕн Ӕгъдауы дӕлбар адӕймагау, кӕд Ӕгъдауы дӕлбар нӕ дӕн, уӕддӕр.
[21] Ӕгъдау кӕмӕн нӕй, уыдонӕн сдӕн, Ӕгъдау кӕмӕн нӕй, ахӕмау, – афтӕмӕй та Хуыцауы раз ӕнӕ ӕгъдау нӕ дӕн, фӕлӕ дӕн Чырыстийы ӕгъдауы дӕлбар, – цӕмӕй ӕрхонон, Ӕгъдау кӕмӕн нӕй, уыдоны.
[22] Лӕмӕгъты ӕрхоныны сӕраппонд лӕмӕгътӕн сдӕн лӕмӕгъау. Ӕппӕтӕн дӕр ӕз сдӕн алцы, цӕмӕй цыфӕндыйӕ дӕр фервӕзын кӕнон иуӕй-иуты.
[23] Ӕз ӕппӕт уыдӕттӕ фарны уацы сӕраппонд кӕнын, йӕ хорзӕхӕй мӕ хай куыд райсон, афтӕ.
[24] Згъорӕн фӕзы сеппӕт дӕр фезгъорынц, фӕлӕ хӕрзиуӕг иу адӕймагмӕ кӕй ӕрхауы, уый нӕ зонут, ӕви? Уӕдӕ згъоргӕут, ӕмӕ райсат хӕрзиуӕг.
[25] Ерысты архайджытӕ хиуылхӕцгӕ сты алцӕмӕй дӕр. Уыдонӕн сӕ нысан у, рӕстӕг кӕй бахӕрдзӕн, ахӕм хӕрзиуӕг райсын; махӕн та нӕ нысан у мыггагмӕйы хӕрзиуӕг райсын.
[26] Уымӕ гӕсгӕ ӕз не згъорын, бӕлвырд нысан кӕмӕн нӕй, уыйау; уӕлдӕф тымбылкъухӕй цӕвӕгау нӕу мӕ цӕф.
[27] Хъизӕмарӕй марын мӕ буар, аразын дзы цагъар, цӕмӕй ма разынон, иннӕтӕм фарны уац чи ӕрхаста, афтӕмӕй фӕлварӕнтӕ раттын кӕй бон нӕ баци, ахӕм.