[1] Уӕ иу иннӕйыл куы фӕхъаст кӕны, уӕд йӕ ныфс куыд хӕссы йӕ хъаст ӕнӕхуыцӕуттӕм бахӕссынмӕ, сыгъдӕджыты бӕсты йын уыдон куыд тӕрхон кӕной, афтӕ?
[2] Дунейӕн сыгъдӕджытӕ кӕй тӕрхон кӕндзысты, уый нӕ зонут, ӕви? Кӕд иугӕр дунейӕн сымах тӕрхон кӕндзыстут, уӕд хуымӕтӕг хъуыддӕгтӕ равзарыны аккаг не стут?
[3] Зӕдтӕн мах кӕй тӕрхон кӕндзыстӕм, уый нӕ зонут, ӕви? Уӕд зӕххон царды быцӕутӕ равзарын нӕ бон нӕу?
[4] Кӕд ахӕм быцӕутӕ рауайы, уӕд сын тӕрхонгӕнджытӕй цӕмӕн сӕвӕрут, аргъуанмӕ чи ницы бар дары, уыдоны?
[5] Уӕхиуыл ӕрхудыны тыххӕй уын зӕгъын: йе 'фсымӕрты быцӕу чи равзара, иунӕг ахӕм зондджын лӕг дӕр уӕм нӕй, ӕви?
[6] Сымахмӕ та ӕфсымӕр ӕфсымӕрыл хъаст кӕны, уыимӕ йӕ хъаст ӕнӕуырнджыты размӕ хӕссы.
[7] Кӕрӕдзийыл кӕй хъаст кӕнут, ӕрмӕст уый дӕр уӕ стыр ӕгадмӕ ӕртардта. Ӕфхӕрды бынаты баззайын уын хуыздӕр нӕ уаид? Куы уӕ бастыгъдӕуа, уӕд уын хуыздӕр нӕ уаид?
[8] Сымах та уӕхӕдӕг ӕфхӕрут ӕмӕ стигъут. Ӕмӕ кӕй? Уе 'фсымӕрты!
[9] Ӕви галиутӕ Хуыцауы Паддзахадмӕ кӕй нӕ бацӕудзысты, уый нӕ зонут? Уӕхи ма сайут: нӕдӕр хӕлд адӕм, нӕдӕр мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ, нӕдӕр хӕзгултӕ, нӕдӕр нӕлмойтӕ,
[10] Нӕдӕр давджытӕ, нӕдӕр кӕрӕфтӕ, нӕдӕр расыггӕнджытӕ, нӕдӕр цъыфкалджытӕ, нӕдӕр стигъджытӕ Хуыцауы Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзысты.
[11] Сымахӕй дӕр иуӕй-иутӕ ахӕмтӕ уыдысты, фӕлӕ ӕхсад ӕрцыдыстут, ссыгъдӕг ӕмӕ сраст стут нӕ Хицау Йесо Чырыстийы хъаруйӕ ӕмӕ нӕ Хуыцауы Уды руаджы.
[12] Ис мын алцыдӕр кӕныны бар, фӕлӕ мын алцы пайда нӕу. Ис мын алцыдӕр кӕныны бар, фӕлӕ хъуамӕ мацӕй цагъар суон.
[13] Хойраг гуыбынӕн у, гуыбын та – хойрагӕн, фӕлӕ Хуыцау сӕ дыууӕйы дӕр фесафдзӕни. Буар та хӕтынӕн нӕу, фӕлӕ Хицауӕн, Хицау та буарӕн дӕр хицау у.
[14] Хуыцау Йӕ хъаруйӕ райгас кодта Хицауы, райгас кӕндзӕни мах дӕр.
[15] Уӕ буӕрттӕ Чырыстийы уӕнгтӕ кӕй сты, уый нӕ зонут, ӕви? Уӕдӕ Чырыстийы буары уӕнгтӕ райсдзынӕн ӕмӕ сӕ хъахбайы уӕнгтӕ фестын кӕндзынӕн? Ницы хуызы!
[16] Кӕнӕ хъахбайимӕ чи ӕриу уа, уый йемӕ иу буар кӕй свӕййы, уый нӕ зонут, ӕви? Уымӕн ӕмӕ афтӕ загъдӕуыд: «Дыууӕ уыдзысты иу буар».
[17] Хицауимӕ чи баиу вӕййы, уый та Хицауимӕ уды ӕгъдауӕй иу у.
[18] Уӕхи хизут хӕтынӕй: адӕймаг цыдӕриддӕр тӕригъӕды бафты, уый буары ӕдде вӕййы, фӕлӕ хӕтаг йӕхи буары тӕригъӕды цӕуы.
[19] Хуыцауӕй Кӕй райстат, уӕ буар уыцы Сыгъдӕг Уды хӕдзар кӕй у, уый нӕ зонут, ӕви? Ӕмӕ уӕхиуыл уӕ бар нӕ цӕуы,
[20] Уымӕн ӕмӕ уӕ стыр аргъӕй балхӕдӕуыд. Уӕдӕ кад кӕнут Хуыцауӕн уӕ буарӕй.