Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 5:08

[1] Фӕзмут мӕ, ӕз Чырыстийы куыд фӕзмын, афтӕ.

[2] Ӕппӕлын уӕ, ӕфсымӕртӕ, мӕнмӕ цы федтат, ӕппӕт уыдӕттӕ уӕ зӕрдыл кӕй лӕууынц ӕмӕ уӕм цы ахуырад ӕрхастон, ууыл ӕнӕхъӕнӕй дӕр фидар кӕй хӕцут, уый тыххӕй.

[3] Ноджы ма мӕ фӕнды, цӕмӕй сымах зонат: алы нӕлгоймагӕн дӕр йӕ хицау Чырысти у, сылгоймаджы хицау нӕлгоймаг у, Чырыстийы хицау та Хуыцау у.

[4] Кувгӕйӕ кӕнӕ пехуымпариуӕг кӕнгӕйӕ бӕгъӕмсар цы нӕлгоймаг нӕ уа, уый йӕхи ӕмӕ йӕ Хицауы ӕгад кӕны.

[5] Бӕгъӕмсарӕй цы сылгоймаг кувы кӕнӕ пехуымпариуӕг кӕны, уый дӕр йӕхи ӕмӕ йӕ хицауы ӕгад кӕны – ахӕм сылгоймаг сӕрдастӕй уӕлдай нӕу.

[6] Кӕд сылгоймаг сӕрбӕттӕн нӕ дары, уӕд йӕ сӕр алвынӕд; фӕлӕ сылгоймагмӕ кӕд йӕ сӕр алвынын кӕнӕ адасын худинаг кӕсы, уӕд сӕрбӕттӕн дарӕд.

[7] Нӕлгоймаг бӕгъӕмсар хъуамӕ уа, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау Йӕхимӕ гӕсгӕ сфӕлдыста ӕмӕ йӕ намыс Уымӕй у; сылгоймаджы намыс та нӕлгоймагӕй у.

[8] Уымӕн ӕмӕ нӕлгоймаг сылгоймагӕй нӕ рацыд, фӕлӕ сылгоймаг рацыд нӕлгоймагӕй;

[9] Нӕлгоймаджы не сфӕлдыстӕуыди сылгоймагӕн, фӕлӕ сылгоймаджы сфӕлдыстӕуыди нӕлгоймагӕн.

[10] Ӕмӕ сылгоймаг дӕлбар кӕй у, уый равдисынӕн зӕдты сӕраппонд хъуамӕ дара сӕрбӕттӕн.

[11] Ӕниу, Хицауы раз сылгоймагӕн нӕлгоймаг куыд ахсджиаг у, афтӕ ахсджиаг у сылгоймаг дӕр нӕлгоймагӕн.

[12] Уымӕн ӕмӕ кӕд сылгоймаг нӕлгоймагӕй рацыд, уӕддӕр нӕлгоймаг сылгоймагӕй райгуыры. О, фӕлӕ ӕппӕт дӕр Хуыцауӕй у.

[13] Ахъуыды-ма кӕнут уӕхӕдӕг, сылгоймагӕн бӕгъӕмсарӕй Хуыцаумӕ кувын фидауы?

[14] Ӕрдз уӕ йӕхӕдӕг ахуыр кӕны: нӕлгоймагӕн сӕрыхъуынтӕ уадзын ӕгад у;

[15] Сылгоймаг та сӕрыхъуынтӕ куы уадза, уӕд ын уый кад у, уымӕн ӕмӕ йын сӕрыхъуынтӕ ӕрдзон ӕмбӕрзӕнау лӕвӕрд сты.

[16] Фӕлӕ кӕд уыдӕтты тыххӕй искӕй быцӕу кӕнын фӕнды, уӕд мах дӕр ӕмӕ Хуыцауы аргъуантӕ дӕр ахӕм ӕгъдауыл хӕст не стӕм.

[17] Ныр та уын цы зӕгъдзынӕн, уымӕй уӕ ӕппӕлгӕ нӕ кӕнын, уымӕн ӕмӕ уе 'мбырдтӕ пайдайы бӕсты зиан ӕрхӕссынц.

[18] Фыццаджыдӕр, ӕз хъусын, зӕгъгӕ, аргъуанмӕ куы ӕрцӕут, уӕд фӕкъордтӕ вӕййут, ӕмӕ афтӕ кӕй у, уый мӕ иуырдыгӕй уырнгӕ дӕр кӕны.

[19] Ӕцӕг уӕм алыхуызон зондахаст дӕр хъуамӕ уа, уе 'хсӕн фӕлтӕрд чи у, уыдон куыд сбӕлвырд уой, афтӕ.

[20] Сымах иумӕ куы ӕрӕмбырд вӕййут, уӕд уын дзы Хицауы ӕхсӕвӕр нӕ рауайы –

[21] Алчидӕр батагъд кӕны йӕ ӕхсӕвӕр бахӕрыныл, ӕмӕ иу ӕххормагӕй баззайы, иннӕ та расыг свӕййы.

[22] Хӕрынӕн ӕмӕ уын нуазынӕн хӕдзӕрттӕ нӕй, мыййаг? Ӕви Хуыцауы аргъуан ницӕмӕ дарут ӕмӕ мӕгуыртыл дӕлӕмӕ хӕцут? Цы уын зӕгъон? Уый тыххӕй уӕ раппӕлон? Нӕ уӕ раппӕлдзынӕн.

[23] Уымӕн ӕмӕ ӕз Хицауӕй цы базыдтон, сымахӕн дӕр уый бацамыдтон: гадзрахатӕй Йыл куы рацыдӕуыд, уыцы ӕхсӕв Хицау Йесо райста дзул,

[24] Арфӕ ракодта, асаста йӕ ӕмӕ загъта: «[Айсут ӕмӕ хӕрут –] ай Мӕ Буар у, ӕмӕ саст цӕуы уӕ сӕраппонд. Афтӕ кӕнут Мӕ ӕрымысынӕн».

[25] Ӕхсӕвӕры фӕстӕ райста сӕны кӕхц дӕр ӕмӕ загъта: «Ацы кӕхц у, Мӕ Тугӕй фидаргонд чи цӕуы, уыцы ног фидыд. Кӕдфӕнды дӕр дзы ма нуазат – уый кӕнут Мӕ ӕрымысынӕн».

[26] Уӕдӕ ацы дзул куы фӕхӕрут ӕмӕ ацы сӕн куы фӕнуазут, уӕд уымӕй хъусын кӕнут Хицауы мӕлӕты тыххӕй, цалынмӕ ӕрцӕуа, уӕдмӕ.

[27] Аккаг аргъ сын чи нӕ кӕны, афтӕмӕй ацы дзул чи хӕра ӕмӕ ацы сӕн чи нуаза, уый бацӕудзӕни Хицауы Буары ӕмӕ Туджы тӕригъӕды.

[28] Уӕдӕ алы адӕймаг дӕр ныккӕсӕд йӕ зӕрдӕмӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ хӕрӕд ацы дзулӕй ӕмӕ нуазӕд ацы сӕнӕй.

[29] Хицауы Буарӕн аргъ чи нӕ кӕны, афтӕмӕй чи хӕры ӕмӕ нуазы, уымӕн уыцы дзул ӕмӕ сӕн уыдзысты тӕрхонӕн.

[30] Уымӕ гӕсгӕ сымахӕй бирӕтӕ сты лӕмӕгъ ӕмӕ рынчын; чи амарди, уыдон дӕр дзӕвгар сты.

[31] Уымӕн ӕмӕ нӕхӕдӕг нӕхицӕн тӕрхон куы кӕниккам, уӕд тӕрхонгонд нӕ уаиккам.

[32] Хицау нын куы фӕтӕрхон кӕны, уӕд та баййафӕм ӕфхӕрд, цӕмӕй дунеимӕ тӕрхонгонд ма уӕм.

[33] Уымӕ гӕсгӕ, ме 'фсымӕртӕ, ӕхсӕвӕрмӕ куы ӕрӕмбырд вӕййут, уӕд-иу банхъӕлмӕ кӕсут кӕрӕдзимӕ.

[34] Кӕд исчи ӕххормаг у, уӕд бахӕрӕд йӕ хӕдзары, цӕмӕй уӕ уыцы ӕмбырд ма ӕркӕна тӕрхонмӕ. Иннӕ хъуыддӕгтӕ банывыл кӕндзынӕн, куы уӕм ӕрцӕуон, уӕд.

1 Коринфӕгтӕм — Chapters