[1] Ӕмӕ уӕм ӕз дӕр, ӕфсымӕртӕ, куы ӕрцыдтӕн Хуыцауы сусӕгдзинад фехъусын кӕнынмӕ, уӕд ӕй рӕсугъд ныхӕсты ӕмӕ адӕймаджы зонды руаджы нӕ хъусын кодтон.
[2] Уымӕн ӕмӕ мӕ уынаффӕ уыди, цалынмӕ сымахмӕ дӕн, уӕдмӕ Йесо Чырыстийы йеддӕмӕ, уыимӕ дзуарыл тыгъд Йесо Чырыстийы йеддӕмӕ, ницы зонын.
[3] Ӕз сымахмӕ уыдтӕн лӕмӕгъӕй, ӕнцой нӕ зыдтон, аккаг куы нӕ разынон, уымӕй тӕрсгӕйӕ,
[4] Ӕмӕ фарны уац хъусын кодтон зондджын зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕй нӕ, фӕлӕ мӕ ныхас фидаргонд уыди Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ,
[5] Цӕмӕй уӕ уырнындзинад аразгӕ уа адӕймаджы зондӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хъаруйӕ.
[6] Зондыл та ахуыр кӕнӕм алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уырнджыты, ӕрмӕст ацы дунейы зондыл, стӕй сӕ кӕрон кӕмӕн ӕрцӕуы, а дунейы уыцы ӕлдариуӕггӕнджыты зондыл нӕ,
[7] Фӕлӕ мах дзурӕм Хуыцауы сусӕг, ӕмбӕхст уӕлзондыл – махӕн намыс раттыны сӕраппонд дуне сфӕлдисыны агъоммӕ кӕй рахаста, Йӕ уыцы уынаффӕйыл.
[8] Уыцы уӕлзонд а дунейы ӕлдариуӕггӕнджытӕй иу дӕр нӕ базыдта. Куы йӕ базыдтаиккой, уӕд намысджын Хицауы дзуарыл нӕ байтыгътаиккой.
[9] Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Цӕст нӕ федта, хъус нӕ фехъуыста ӕмӕ йӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр никӕмӕн уыд, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн Хуыцау цы ӕрцӕттӕ кодта, уый».
[10] Махӕн та йӕ Хуыцау раргом кодта Йӕ Уды руаджы; Уд та ӕххӕссы алцӕмӕ дӕр, суанг Хуыцаумӕ ӕмбӕхст цы ис, уымӕ дӕр.
[11] Адӕймагмӕ цы ис, уый адӕмӕй чи зоны, адӕймаджы мидӕг чи цӕры, уыцы уды йеддӕмӕ? Афтӕ Хуыцаумӕ цы ис, уый дӕр Хуыцауы Уды йеддӕмӕ ничи зоны.
[12] Мах та схайджын стӕм ацы дунейы удӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй лӕвӕрд Удӕй, цӕмӕй зонӕм, Хуыцау нын цы ралӕвар кодта, уый.
[13] Ӕмӕ ууыл мах дзурӕм, адӕймаджы зонд нӕ цы ныхӕстыл сахуыр кодта, уыдонӕй нӕ, фӕлӕ нын Сыгъдӕг Уд цы ныхӕстӕ бацамыдта, уыдонӕй. Удӕй цы у, уый ӕмбарын кӕнӕм Удӕй хайджынтӕн.
[14] Хуыцауы Удӕй хайджын цы адӕймаг нӕу, уымӕ та, Хуыцауы Удӕй цы у, уый нӕ хъары – ӕнӕзондыл ӕй нымайы, ӕмӕ йӕ бамбарын нӕ фӕразы, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕн Уды руаджы аргъ кӕнын хъӕуы.
[15] Фӕлӕ Хуыцауы Удӕй хайджын чи у, уый аргъ кӕны алцӕмӕн дӕр, уымӕн аргъ кӕнын та никӕй бон у.
[16] Уымӕн ӕмӕ «Хицауы зонд афтӕ чи базыдта, ӕмӕ Йын амонӕг уа?» Махмӕ та Чырыстийы зонд ис.