[1] Ныр та мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывондты тыххӕй. Мах ӕмбарӕм, неппӕтмӕ дӕр зонынад кӕй ис, уый. Фӕлӕ зонынад адӕймаджы хиуыл ӕрвӕссын кӕны, уарзондзинад та фидаргӕнӕг у.
[2] Йӕхицӕн исты зонын ӕнхъӕл чи у, уыцы адӕймаг, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ницыма зоны.
[3] Фӕлӕ Хуыцауы чи уарзы, уыцы адӕймаджы Хуыцау нымайы хионыл.
[4] Уӕдӕ мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывондтӕй хӕрыны тыххӕй мах зонӕм: мӕнгхуыцау дунейы ницы у, иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй.
[5] Кӕд арвыл кӕнӕ зӕххыл ис, хуыцӕуттӕ кӕй хуындӕуы, ахӕмтӕ, – уымӕн ӕмӕ «хуыцӕуттӕ» ӕмӕ «хицӕуттӕ» бирӕ сты, –
[6] Уӕддӕр махӕн ис, ӕппӕт дӕр Чи сфӕлдыста ӕмӕ мах Кӕмӕн цӕрӕм, уыцы иунӕг Фыд-Хуыцау, ӕмӕ ӕппӕт дӕр Кӕй руаджы сфӕлдыстӕуыд, ӕмӕ цардӕй Кӕй фӕрцы схайджын стӕм, уыцы иунӕг Хицау Йесо Чырысти.
[7] Фӕлӕ алкӕмӕ фаг зонынад нӕй: иуӕй-иутӕ мӕнгхуыцӕуттыл афтӕ сахуыр сты, ӕмӕ уыдонӕн хаст нывондтӕй куы фӕхӕрынц, уӕд ӕй абон дӕр ма нымайынц мӕнгхуыцӕуттӕн табуйыл. Цы ӕмбӕлы ӕмӕ цы не 'мбӕлы, уый раиртасынхъом кӕй не сты, уымӕ гӕсгӕ сӕ цӕсгом фӕчъизи вӕййы.
[8] Хойраг мах Хуыцаумӕ нӕ хӕстӕг кӕны: куы нӕ хӕрӕм, уӕд дӕр нӕ ницы сӕфы; куы хӕрӕм, уӕд дӕр ныл ницы ӕфты.
[9] Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ уыцы бартӕ лӕмӕгъ уырнджыты ма фӕрӕдийын кӕной.
[10] Дӕумӕ ис зонынад, ӕмӕ дӕ исчи муртатты кувӕндоны фынгыл бадгӕ куы фена, уӕд йӕхӕдӕг лӕмӕгъ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йын йе 'фсарм мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывондтӕй хӕрыны бар нӕ ратдзӕн, ӕви?
[11] Ӕмӕ дӕ зонынадӕй бабын уыдзӕни лӕмӕгъ – Чырысти кӕй сӕраппонд амард, дӕ уыцы ӕфсымӕр.
[12] Афтӕмӕй сымах цӕут уӕ лӕмӕгъ ӕфсымӕрты тӕригъӕды, ардаут сӕ, се 'фсарм сын тӕрхон цӕй тыххӕй кӕны, уыдӕттӕ аразыныл. Ӕмӕ уымӕй цӕут Чырыстийы хъыджы.
[13] Уӕдӕ кӕд хойраг тӕригъӕды ӕфтауы ме 'фсымӕры, уӕд мыггагмӕ дӕр дзидзайы хъӕстӕ мӕхи нал фӕкӕндзынӕн, цӕмӕй тӕригъӕды ма бафтауон ме 'фсымӕры.