Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 2:13

[1] Ӕз адӕймаджы ӕмӕ зӕдты ӕвзӕгтыл куы дзурон, фӕлӕ мӕм уарзт куы нӕ уа, уӕд ӕз дӕн зыланггӕнаг мырмыраг кӕнӕ зылангзӕл ӕрхуытӕбӕгъ.

[2] Кӕд мӕм ис пехуымпар ныхас, зонын ӕппӕт сусӕгдзинӕдтӕ, ис мӕм алы зонынад, стӕй хӕхты ӕндӕр ран ӕрӕвӕрын кӕй бон у, ахӕм уырнындзинад, уарзт та мӕм нӕй, – уӕд ӕз ницы дӕн.

[3] Ӕз меппӕт мулк дӕр куы байуарон, мӕ буар басудзынмӕ куы раттон, уарзт та мӕм куы нӕ уа, – уӕд мын уыдӕттӕй ницы пайда ис.

[4] Уарзт у бирӕбыхсаг, зӕрдӕхӕлар, уарзт хӕлӕг нӕ кӕны, уарзт нӕу хиппӕлой, нӕу сӕрыстыр,

[5] Нӕу ӕнӕуаг, нӕ бӕллы хи пайдамӕ, нӕу мӕстыгӕр, фыдӕх йӕ зӕрдӕмӕ нӕ хӕссы,

[6] Ӕвзӕрдзинадыл нӕ райы, фӕлӕ цин кӕны рӕстадыл;

[7] Хатыр кӕны ӕппӕт дӕр, алцӕуылдӕр ӕууӕнды, алцӕуылдӕр йӕ зӕрдӕ дары, фӕразы алцӕмӕн дӕр.

[8] Уарзтӕн кӕрон никуы уыдзӕни, пехуымпарад та банцайдзӕн, алыхуызон ӕвзӕгты курдиат нал уыдзӕни, зонынадӕн ӕрцӕудзӕни кӕрон.

[9] Уымӕн ӕмӕ нӕ зонынад ӕххӕст нӕу, ӕмӕ нӕ пехуымпарад ӕххӕст нӕу.

[10] Алцӕмӕй дӕр ӕххӕсты дуг куы ралӕууа, уӕд ӕххӕст цы нӕу, уый нал уыдзӕн.

[11] Ӕз саби куы уыдтӕн, уӕд сабиау дзырдтон, сабийы хъуыдытӕ мӕм уыди, алцӕмӕ дӕр кастӕн сабийы цӕстӕй. Лӕджы кары куы бацыдтӕн, уӕд та ныууагътон, сабийӕ мӕм цы уыди, уыдӕттӕ.

[12] Абон мах уынӕм, рӕстмӕ кӕм ницы зыны, ахӕм кӕсӕнмӕ кӕсӕгау, уӕд та фендзыстӕм комкоммӕ. Ныртӕккӕ мӕ зонынад ӕххӕст нӕу, уӕд та базондзынӕн ӕххӕстӕй, мӕн Хуыцау ӕххӕстӕй куыд базыдта, афтӕ.

[13] Ныр та сты ӕртӕйӕ: уырнындзинад, зӕрдӕдарӕн, уарзт. Фӕлӕ уыдонӕй тӕккӕ ахъаззагдӕр уарзт у.

1 Коринфӕгтӕм — Chapters