[1] Сымах мӕм цӕй тыххӕй фыстат, ныр та уый фӕдыл: хорз у, нӕлгоймаг сылгоймаджы ӕмгӕрон куы не 'рцӕуа, уӕд.
[2] Фӕлӕ хӕтынӕй хи бахизыны тыххӕй алы нӕлгоймагӕн дӕр уӕд йӕхи ус, ӕмӕ алы сылгоймагӕн дӕр уӕд йӕхи мой.
[3] Мой хъуамӕ ӕххӕст кӕна, йӕ усы раз ыл цы хӕс ӕвӕрд ис, уый; афтӕ ус дӕр.
[4] Усы буарыл цӕуы йӕхи бар нӕ, фӕлӕ йӕ мойы бар. Афтӕ мойӕн дӕр йӕ буарыл йӕхи бар нӕ цӕуы, фӕлӕ йӕ усы бар.
[5] Уӕ дыууӕйы дӕр куы фӕнда, уӕд ӕнӕ кӕрӕдзи ут ӕрмӕстдӕр рӕстӕгмӕ – [ком даргӕйӕ ӕмӕ] кувгӕйӕ, уый фӕстӕ ут иумӕ, цӕмӕй уӕ хӕйрӕг ма мондаг кӕна, уӕхиуыл фӕхӕцын кӕй нӕ фӕразут, уый аххосӕй.
[6] Ӕниу ӕй бардзырды хуызы нӕ зӕгъын, фӕлӕ уын ахӕм бар ис.
[7] Мӕн та фӕнды, цӕмӕй адӕм иууылдӕр уой мӕ хуызӕн, фӕлӕ алкӕмӕ дӕр йӕхи сӕрмагонд курдиат ис Хуыцауӕй: иумӕ – ахӕм, иннӕмӕ – ӕндӕр.
[8] Къай кӕмӕн нӕй, уыдонӕн ӕмӕ идӕдз устытӕн та зӕгъын: мӕнау иунӕгӕй куы баззайой, уӕд сын хуыздӕр у.
[9] Фӕлӕ кӕд сӕхиуыл хӕцын нӕ фӕразынц, уӕд курӕнт устытӕ ӕмӕ цӕуӕнт моймӕ. Уымӕн ӕмӕ монцы арты судзынӕй лӕг ӕмӕ усӕй цӕрын хуыздӕр у.
[10] Усджын ӕмӕ моймӕдзыд чи у, уыдонӕн та ӕз нӕ, фӕлӕ Хицау фӕдзӕхсы: ус йӕ мойы ма ныууадзӕд;
[11] Куы йӕ ныууадза, уӕд та мой мауал скӕнӕд, кӕнӕ йӕ моимӕ бафидауӕд; мой дӕр йӕ усӕй ма ахицӕн уӕд.
[12] Иннӕтӕн та Хицау нӕ, фӕлӕ ӕз зӕгъын: кӕд ӕфсымӕртӕй искӕмӕн ис ӕнӕуырнӕг ус, ӕмӕ усы фӕнды йемӕ цӕрын, уӕд ӕй лӕг ма ныууадзӕд.
[13] Ӕмӕ устытӕй дӕр ӕнӕуырнӕг лӕг кӕмӕн ис, уымӕн кӕд йӕ мойы йемӕ цӕрын фӕнды, уӕд ӕй ус ма ныууадзӕд.
[14] Уымӕн ӕмӕ ӕнӕуырнӕг лӕг йӕ уырнӕг усы фӕрцы сыгъдӕг кӕны, ӕмӕ ӕнӕуырнӕг ус дӕр йӕ уырнӕг мойы фӕрцы сыгъдӕг кӕны. Науӕд уӕ цот сыгъдӕг нӕ уаиккой, ныр та сыгъдӕг сты.
[15] Кӕд ӕнӕуырнӕджы ахицӕн фӕнды – ахицӕн уӕд; ахӕм уавӕры ӕфсымӕр кӕнӕ хо сӕрибар сты. Хуыцау уӕ фидыдӕй цӕрынмӕ ӕрхуыдта.
[16] Ды кӕцӕй зоныс, ус, ӕмӕ дӕ мойы нӕ фервӕзын кӕндзынӕ? Кӕнӕ ды кӕцӕй зоныс, лӕг, ӕмӕ дӕ усы нӕ фервӕзын кӕндзынӕ?
[17] Ӕрмӕст алчидӕр цӕрӕд, Хицау ын куыд снысан кодта, афтӕ, ӕмӕ баззайӕд, Хуыцау ӕй цы уавӕры ӕрхуыдта, уыцы уавӕры. Ӕз уый фӕдзӕхсын ӕппӕт аргъуантӕн дӕр.
[18] Сунӕтгондӕй дӕ ӕрхуыдта Хуыцау – ма йӕ сусӕг кӕн; ӕнӕсунӕтӕй дӕ ӕрхуыдта – сунӕт ма скӕн.
[19] Сунӕт скӕнын дӕр ницы у, сунӕт не скӕнын дӕр ницы у – ӕрмӕст Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрын у ахсджиаг.
[20] Алчидӕр баззайӕд, Хуыцау ӕй куы ӕрхуыдта, уӕд цы уыди, уымӕй.
[21] Цагъайрагӕй дӕ ӕрхуыдта – ма йыл тыхс; фӕлӕ кӕд дӕ бон сӕрибар райсын у, уӕд дын хуыздӕр уыдзӕни уыцы фадатӕй спайда кӕнын .
[22] Уымӕн ӕмӕ Хицау кӕй ӕрхуыдта, уыцы цагъары Хицау ссӕрибар кодта; сӕрибарӕй кӕй ӕрхуыдта, уый та Чырыстийы цагъар у.
[23] Сымах стыр аргъӕй балхӕдӕуыд – ма сут цагъартӕ адӕймагӕн.
[24] Ӕфсымӕртӕ, кӕй цы уавӕры ӕрхуындӕуыд, алчидӕр уыцы уавӕры баззайӕд Хуыцауы раз.
[25] Ӕнӕцыд чызджыты ӕмӕ ӕнӕус лӕппуты тыххӕй мын Хицау нӕ бафӕдзӕхста, фӕлӕ Хицау кӕй схорзӕхджын кодта ӕмӕ ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм адӕймагау уын уынаффӕ кӕнын.
[26] Мӕ хъуыды ахӕм у: абоны зынтӕм гӕсгӕ адӕймагӕн хуыздӕр у, цы уавӕры ис, уыцы уавӕры баззайын.
[27] Дӕ усимӕ къайадӕй баст дӕ? Йӕ фехалыныл ма архай. Усимӕ баст нӕ дӕ? Ус ракурыныл ма архай.
[28] Ӕниу, ус куы ракурай, уӕд уымӕй тӕригъӕды не 'фтыс; ӕмӕ чызг мой куы скӕна, уӕд уый дӕр уымӕй тӕригъӕды не 'фты. Фӕлӕ ахӕмтӕ сӕ царды ӕвзардзысты зынтӕ, ӕмӕ уыл мӕ зӕрдӕ риссы.
[29] Ӕз уын зӕгъын, ӕфсымӕртӕ: рӕстӕг бирӕ нал баззад, ӕмӕ устытӕ кӕмӕн ис, уыдон нырӕй фӕстӕмӕ хъуамӕ уой, цыма сын устытӕ нӕй, афтӕ.
[30] Кӕуджытӕ хъуамӕ ма уой кӕуджытау; цингӕнджытӕ – цингӕнджытау; ӕлхӕнджытӕ хъуамӕ уой, цыма сӕ къухы ницы бафтыд, уыйау.
[31] Ацы дунейы хорзӕхтӕй чи пайда кӕны, уыдон хъуамӕ уой афтӕ, цыма дзы нӕ пайда кӕнынц. Уымӕн ӕмӕ мах цы дуне уынӕм, уымӕн йӕ кӕрон ӕрцӕуы.
[32] Мӕн та фӕнды, цӕмӕй сымах уат ӕнӕмӕт. Ӕнӕус мӕт кӕны Хицауы хъуыддагыл, Хицауы зӕрдӕ балхӕныныл.
[33] Усджын та мӕт кӕны зӕххон хъуыддӕгтыл, йӕ усы зӕрдӕ балхӕныныл. Моймӕдзыд ӕмӕ ӕнӕцыд чызг ӕмхуызон не сты.
[34] Ӕнӕмой мӕт кӕны Хицауы хъуыддагыл, [Хицауы зӕрдӕ балхӕныныл,] цӕмӕй буарӕй дӕр ӕмӕ удӕй дӕр уа сыгъдӕг. Моймӕдзыдӕн та йӕ мӕт у зӕххон хъуыддӕгтыл, йӕ мойы зӕрдӕ балхӕныныл.
[35] Ӕз уын уӕ бартӕ байсынмӕ нӕ хъавын, фӕлӕ зӕгъын уӕ пайдайӕн, цӕмӕй Хицауӕн кусат нывыл, ӕнувыдӕй, ӕмӕ уӕ мацы къуылымпы кӕна.
[36] Кӕд искӕмӕн йӕ чындздзон чызг моймӕдзыд кӕй нӕма у, уый йӕм худинаг кӕсы, уӕд йӕ бар йӕхи – йӕ чызджы раттӕд моймӕ; уымӕй тӕригъӕды нӕ бафтдзӕн.
[37] Фӕлӕ йӕ бар йӕхи кӕмӕн у, афтӕмӕй йӕ чызджы ӕнӕцыдӕй ныууадзыны фӕнд фидарӕй чи скодта, ӕмӕ йӕ фӕнд нӕ аивыны тых кӕмӕ ис, уый раст кӕны.
[38] Уӕдӕ йӕ чызджы моймӕ чи дӕтты, уый раст кӕны; чи йӕ нӕ дӕтты, уый та ноджы хуыздӕр кӕны.
[39] Усӕн цалынмӕ йӕ лӕг удӕгас у, уӕдмӕ йемӕ баст у. Йӕ лӕг куы амӕла, уӕд кӕмӕ ӕрцӕуа, уый йӕхи бар у, ӕрмӕст Хицауыл ӕууӕндӕгӕй хъуамӕ смой кӕна.
[40] Фӕлӕ уыцы ус, мӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ, куы нал смой кӕна, уӕд тӕхудиагдӕр уыдзӕн. Мӕнмӕ та афтӕ кӕсы, ӕмӕ ӕз дӕр хайджын дӕн Хуыцауы Удӕй.