[1] Мӕн фӕнды, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, нӕ фыдӕлтӕ иууылдӕр ӕврагъы дӕлбазыр кӕй уыдысты, ӕмӕ сеппӕт дӕр Сырх денджызыл кӕй ахызтысты, уый.
[2] Уыдонӕн сеппӕтыл дӕр Моисеимӕ саргъуыдӕуыд ӕврагъ ӕмӕ денджызы.
[3] Сеппӕт дӕр хордтой уыциу уӕларвон хойраг.
[4] Сеппӕт дӕр нуӕзтой уыциу уӕларвон донӕй – семӕ чи уыдис, уыцы уӕларвон къӕдзӕхӕй ракӕлгӕ донӕй; уыцы къӕдзӕх та уыди Чырысти.
[5] Фӕлӕ Хуыцау сӕ фылдӕрӕй райгонд нӕ уыд, ӕмӕ фӕцагъды сты ӕдзӕрӕг бӕстӕйы.
[6] Уыдӕттӕ та махӕн зондыхос сты – фыдӕхмӕ ӕмхиц ма уӕм, уыдон ӕм куыд ӕмхиц уыдысты, афтӕ.
[7] Ма ут мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ, уыдонӕй сын бирӕтӕ куыд куывтой, афтӕ; Сыгъдӕг Фыст уыдоны тыххӕй зӕгъы: «Адӕм ӕрбадтысты хӕрд ӕмӕ нозтыл, стӕй сыстадысты ӕмӕ сын бацайдагъ хъазт».
[8] Ма хӕтӕм, уыдонӕй бирӕтӕ хӕтыныл куыд бафтыдысты, афтӕ; уый тыххӕй дзы иу бонмӕ фӕмард ӕртӕ ӕмӕ ссӕдз мины.
[9] Ма къахӕм Чырыстийы, уыдонӕй Йӕ бирӕтӕ куыд къахтой, афтӕ; уый тыххӕй фӕцагъды сты кӕлмыты хӕстӕй.
[10] Ма хъуыр-хъуыр кӕнут, уыдонӕй бирӕтӕ куыд хъуыр-хъуыр кодтой, афтӕ; уый тыххӕй сӕ фӕцагъта удхӕссӕг зӕд.
[11] Сӕ хабӕрттӕ махӕн зондыхос сты; ӕмӕ сӕ ныффыстӕуыди, цӕмӕй мах, рӕстӕджы кӕроны цӕрджытӕ, ахуыр кӕнӕм уыдоныл.
[12] Уӕдӕ кӕд исчи афтӕ ӕнхъӕл у, фидар лӕууы, зӕгъгӕ, уӕд кӕсӕд йӕхимӕ, цӕмӕй ма ахауа.
[13] Сымах бахаудтат, адӕймаг кӕм бахауы, ахӕм фӕлварӕны. Фӕлӕ Хуыцау иузӕрдион у, ӕмӕ уыл не 'руадздзӕн, тых уӕм кӕй фаг нӕ разына, ахӕм фӕлварӕн, фӕлӕ уын уӕ фӕлварӕны баххуыс кӕндзӕн, куыд ын бафӕразат, афтӕ.
[14] Уӕдӕ, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, уӕхи хизут мӕнгхуыцӕуттӕм кувынӕй.
[15] Ӕз зӕгъын, ӕмбаргӕтӕн куыд фӕзагъдӕуы, афтӕ. Ӕмӕ цы зӕгъын, ууыл уӕхӕдӕг ахъуыды кӕнут.
[16] Цы арфӕйы кӕхцы тыххӕй арфӕ кӕнӕм, уый мах Чырыстийы Тугимӕ нӕ иу кӕны, ӕви? Ӕмӕ цы дзул асӕттӕм, уый мах Чырыстийы Буаримӕ нӕ иу кӕны, ӕви?
[17] Дзул иу кӕй у, уымӕ гӕсгӕ мах, бирӕ адӕм, иу буар стӕм, уымӕн ӕмӕ иу дзулӕй райсы алчидӕр йӕ хай.
[18] Акӕсут-ма, туг-стӕгӕй израилаг чи у, уыдонмӕ – нывондӕй куы фӕхӕрынц, уӕд нывондхӕссӕны раз лӕггадгӕнджытӕ нӕ вӕййынц, ӕви?
[19] Ӕз цы зӕгъын уымӕй? Мӕнгхуыцау исты у, кӕнӕ мӕнгхуыцауӕн цы нывонд ӕрхӕссынц, уый исты у, зӕгъгӕ?
[20] Нӕ! Фӕлӕ муртаттӕ цы нывондтӕ ӕрхӕссынц, уыдоны Хуыцауӕн нӕ хӕссынц, фӕлӕ дӕлимонтӕн. Мӕн та нӕ фӕнды, ӕмӕ дӕлимонтимӕ баст уат.
[21] Хицауы кӕхцӕй дӕр нуазын ӕмӕ дӕлимонты кӕхцӕй дӕр нуазын уын не 'мбӕлы. Хицауы фынгыл дӕр бадын ӕмӕ дӕлимонты фынгыл дӕр бадын уын не 'мбӕлы.
[22] Ау, мах Хицауы мӕсты кӕндзыстӕм? Мах Уымӕй, мыййаг, тыхджындӕр стӕм?
[23] Ис алцыдӕр кӕныны бар, фӕлӕ алцы пайда нӕу. Ис алцыдӕр кӕныны бар, фӕлӕ алцы фидаргӕнӕг нӕу.
[24] Йӕхи пайдайыл мачи тыхсӕд, фӕлӕ алчидӕр тыхсӕд иннӕйы пайдайыл.
[25] Уӕййаг цыдӕриддӕр ис, уый хӕрут ӕнӕ равзар-бавзарӕй, ӕнӕзӕрдӕхсайгӕйӕ.
[26] Уымӕн ӕмӕ «зӕхх, стӕй зӕххыл цыдӕриддӕр ис, уый Хицауы у».
[27] Ӕнӕуырнджытӕй уӕ исчи куы фӕхона, ӕмӕ уӕ ацӕуын куы бафӕнда, уӕд уын цы ӕрӕвӕрой, уый бахӕрут ӕнӕ равзар-бавзарӕй, ӕнӕзӕрдӕхсайгӕйӕ.
[28] Фӕлӕ уын исчи куы зӕгъа: «Уый мӕнгхуыцауӕн хаст нывонд у», уӕд дзы ма бахӕрут уыцы адӕймаджы тыххӕй ӕмӕ ӕфсармы сӕраппонд.
[29] Ӕз сымах ӕфсармы тыххӕй нӕ зӕгъын, фӕлӕ уыцы адӕймаджы ӕфсармы тыххӕй. Мӕ сӕрибарӕн мын кӕйдӕр ӕфсарм цӕмӕ гӕсгӕ хъуамӕ уа тӕрхонгӕнӕг?
[30] Кӕд бузныгӕй хӕрын, уӕд бузныг цӕмӕй дӕн, уый тыххӕй мын цӕмӕн хъуамӕ бауайдзӕф кӕна исчи?
[31] Уӕдӕ хӕргӕ кӕнат ӕви нуазгӕ, ӕви ӕндӕр исты хъуыддаг аразат, ӕппӕт дӕр кӕнут Хуыцауы кадӕн.
[32] Цӕлхдур ма ут нӕдӕр иудейтӕн, нӕдӕр бердзентӕн, нӕдӕр Хуыцауы аргъуанӕн,
[33] Ӕз дӕр алы хъуыддаджы алкӕйы зӕрдӕ куыд ӕлхӕнын, афтӕ. Мӕхи пайдамӕ нӕ бӕллын, фӕлӕ бирӕты пайдамӕ, цӕмӕй фервӕзой.