[1] Павелӕй, Йесо Чырыстийы апостолӕй Хуыцау кӕй сӕвзӕрста, уымӕй, ӕмӕ ӕфсымӕр Сосфенӕй
[2] Хуыцауы аргъуанмӕ Коринфы – Хуыцау кӕй ӕрхуыдта ӕмӕ Йесо Чырыстийы руаджы кӕй ссыгъдӕг кодта, уыдонмӕ; стӕй алы ран дӕр нӕ Хицау Йесо Чырыстийы, нӕ иумӕйаг Хицауы, ном чи ары, уыдонмӕ сеппӕтмӕ дӕр.
[3] Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Хицау Йесо Чырыстийӕ.
[4] Ӕз сымах тыххӕй иудадзыг арфӕ кӕнын мӕ Хуыцауӕн, Йесо Чырыстийы руаджы уӕ Йӕ хорзӕхӕй кӕй схайджын кодта, уый фӕдыл.
[5] Уымӕн ӕмӕ Йесоимӕ баиуы руаджы сымах схъӕздыг стут алцӕмӕй дӕр: алы ныхасӕй ӕмӕ алы зонынадӕй.
[6] Чырыстийы тыххӕй уын цы загъдӕуыд, уый цӕры уӕ зӕрдӕты.
[7] Уымӕ гӕсгӕ, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕгӕсгӕйӕ, иу курдиатӕй дӕр ӕнӕхай не стут.
[8] Ӕмӕ уӕ нӕ Хицау Йесо Чырысти сфидар кӕндзӕни кӕронмӕ, цӕмӕй Йӕ ӕрцыды бон уат ӕнӕфау.
[9] Йӕ Фыртимӕ, нӕ Хицау Йесо Чырыстиимӕ, сымах цӕрынмӕ Чи ӕрхуыдта, уыцы Хуыцау Йӕ дзырд никуы сайы.
[10] Нӕ Хицау Йесо Чырыстийы номӕй уӕ курын, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй уеппӕт дӕр ӕмбарат кӕрӕдзи ӕмӕ дихтӕ ма кӕнат, фӕлӕ уат ӕнгом – ӕмуд ӕмӕ ӕмзонд.
[11] Уымӕн ӕмӕ ӕз Хлойӕйы хӕдзаронтӕй фехъуыстон, ме 'фсымӕртӕ, хъаугъатӕ уӕм кӕй ис, уый тыххӕй.
[12] Ӕз уый зӕгъынмӕ хъавын, ӕмӕ сымахӕй алчидӕр дзуры: «Ӕз Павелы ахуыргӕнинаг дӕн», «Ӕз Аполлосы ахуыргӕнинаг дӕн», «Ӕз Кифӕйы ахуыргӕнинаг дӕн», «Ӕз Чырыстийы ахуыргӕнинаг дӕн».
[13] Ау, Чырысти ныддихтӕ? Ау, Павелы байтыгъдӕуыд уӕ сӕраппонд? Кӕнӕ уыл Павелы номыл саргъуыдӕуыд?
[14] Бузныг дӕн Хуыцауӕй, Крисп ӕмӕ Гайы йеддӕмӕ сымахӕй кӕй никӕуыл саргъуыдтон, уый тыххӕй.
[15] Афтӕ никӕй бон у зӕгъын, ӕмӕ уыл мӕ номыл саргъуыдӕуыд.
[16] Саргъуыдтон ма Стефаны хӕдзаронтыл дӕр. Ӕндӕр ма искӕуыл саргъуыдтон, уый нӕ хъуыды кӕнын.
[17] Чырысти мӕ аргъауынмӕ нӕ рарвыста, фӕлӕ фарны уац хъусын кӕнынмӕ, уыимӕ зондджын къӕбӕлдзыг ныхӕстӕй нӕ, цӕмӕй ма фесӕфа Чырыстийы дзуары тых.
[18] Сӕфты фӕндагыл цӕуджытӕ дзуары тыххӕй ныхас ӕнӕзондыл нымайынц, махӕн та, фервӕзыны фӕндагыл цӕуджытӕн, Хуыцауы тых у.
[19] Афтӕ зӕгъы Сыгъдӕг Фыст дӕр: «Зондджынтӕн фесафдзынӕн се стыр зонд, ӕмбаргӕтӕ нал ӕмбардзысты».
[20] Кӕм и зондджын? Кӕм и динамонӕг? Кӕм ис ацы дунейы хъуыдыгӕнӕг? Хуыцау ацы дунейы зонд ӕнӕзонд не скодта, мыййаг?
[21] Хуыцау Йӕ зондмӕ гӕсгӕ куыд снысан кодта, афтӕ дуне йӕхи зондӕй Хуыцауы кӕй нӕ базыдта, уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы бафӕндыди дзуары тыххӕй «ӕнӕзонд» ныхасы фӕрцы уырнджыты фервӕзын кӕнын.
[22] Уымӕн ӕмӕ иудейтӕ диссӕгтӕ домынц, бердзентӕ зонд агурынц,
[23] Мах та хъусын кӕнӕм дзуарыл тыгъд Чырыстийы тыххӕй, ӕмӕ нӕ ныхас иудейтӕн цӕлхдур у, муртаттӕ та йӕ ӕнӕзондыл нымайынц.
[24] Иудейтӕй ӕмӕ бердзентӕй Хуыцау кӕй ӕрхуыдта, уыдонӕн та Чырысти Хуыцауы тых ӕмӕ Хуыцауы зонд у.
[25] Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы «ӕнӕзонд» ми адӕмы зондӕй уӕлдӕр у, ӕмӕ Хуыцауы «лӕмӕгъ» ми адӕмы хъаруйӕ домбайдӕр у.
[26] Ӕркӕсут-ма, ӕфсымӕртӕ, Хуыцау уӕ куы ӕрхуыдта, уӕд цавӕртӕ уыдыстут: зӕххон барӕнтӕй баргӕйӕ, уе 'хсӕн бирӕ нӕ уыди зондджынтӕ, бирӕ уӕм нӕ уыди тыхджынтӕ, бирӕ уӕм нӕ уыди уӕздӕттӕй.
[27] Фӕлӕ Хуыцау сӕвзӕрста, дунейы цӕсты ӕнӕзонд чи у, уыдоны, цӕмӕй фӕхудинаг кӕна зондджынты, ӕмӕ дунейы цӕсты лӕмӕгъ чи у, уыдоны сӕвзӕрста Хуыцау, цӕмӕй фӕхудинаг кӕна тыхджынты.
[28] Дунейы цӕсты ницӕйаг, ӕгад ӕмӕ ӕнахадгӕ чи уыди, Хуыцау уыдоны сӕвзӕрста, цӕмӕй ахадгӕты скӕна ӕнахадгӕ,
[29] Ӕмӕ иу адӕймаг дӕр Хуыцауы раз йӕхицӕй ма раппӕла.
[30] Хуыцау уӕ баиу кодта Йесо Чырыстиимӕ – Уый махӕн фестад Хуыцауӕй лӕвӕрд зонд, ссӕрибар, сраст ӕмӕ нӕ ссыгъдӕг кодта,
[31] Цӕмӕй уа, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Йӕхицӕй чи ӕппӕлы, уый ӕппӕлӕд Хицауӕй».