Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 3:43

[1] Базонгӕ ут нӕ хо Фивӕимӕ, Кенхрейы аргъуаны диакъонимӕ.

[2] Сыгъдӕджытӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ йыл баузӕлут Хицауы кадӕн, ӕмӕ хъуаг цӕмӕй ӕййафа, уымӕй йын баххуыс кӕнут. Йӕхӕдӕг бирӕтӕн баххуыс кодта, уыимӕ мӕнӕн дӕр.

[3] Саламтӕ раттут Прискиллӕ ӕмӕ Акилӕйӕн – Йесо Чырыстийы кадӕн ме 'мкусджытӕн.

[4] Уыдон мӕ сӕрвӕлтау кастысты мӕлӕты цӕстытӕм. Ӕрмӕст ӕз сӕ нӕ дӕн бузныг, фӕлӕ раздӕры муртатты ӕппӕт аргъуантӕ дӕр. Саламтӕ раттут, сӕ хӕдзары цы аргъуан ӕмбырд кӕны, уымӕн дӕр.

[5] Саламтӕ раттут мӕ уарзон Эпенетӕн, Чырыстийыл Асийы фыццаг чи баууӕндыд, уымӕн.

[6] Саламтӕ раттут Мариайӕн; уый сымахӕн бирӕ бакуыста.

[7] Саламтӕ раттут мӕ хӕстӕджытӕ Андроник ӕмӕ Юнийӕн. Уыдон ахӕстоны уыдысты мемӕ, апостолты ӕхсӕн сты зындгонд, Чырыстийыл баууӕндыдысты мӕнӕй раздӕр.

[8] Саламтӕ раттут Амплиатӕн, чырыстон уарзтӕй кӕй уарзын, уымӕн.

[9] Саламтӕ раттут Урбанӕн – Чырыстийы кадӕн не 'мкусӕгӕн, ӕмӕ мӕ уарзон хӕлар Стахийӕн.

[10] Саламтӕ раттут, Чырыстийыл йӕхи ӕнувыдӕй чи равдыста, уыцы Апеллесӕн. Саламтӕ раттут Аристовулы хӕдзаронтӕн.

[11] Саламтӕ раттут мӕ хӕстӕг Иродионӕн. Саламтӕ раттут, Наркиссы хӕдзаронтӕй Хицауимӕ чи ис, уыдонӕн.

[12] Саламтӕ раттут Трифенӕйӕн ӕмӕ Трифосӕн, Хицауы зӕрдиаг кусджытӕн. Саламтӕ раттут уарзон хо Персидӕйӕн. Уый бирӕ бакуыста Хицауӕн.

[13] Саламтӕ раттут Руфӕн, Хицауы уӕлдай зӕрдиаг кусӕгӕн, стӕй мӕнӕн дӕр мад чи сси, йӕ уыцы мадӕн.

[14] Саламтӕ раттут Асинкритӕн, Флегонтӕн, Гермесӕн, Патровӕн, Гермасӕн, стӕй семӕ чи ис, уыцы ӕфсымӕртӕн.

[15] Саламтӕ раттут Филолог ӕмӕ Юлиайӕн, Нирей ӕмӕ йӕ хойӕн, Олимпасӕн, стӕй Хуыцауы адӕмӕй семӕ чи ис, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр.

[16] Кӕрӕдзийӕн салам дӕттут ӕфсымӕрон байӕ. Саламтӕ уын дӕттынц Чырыстийы ӕппӕт аргъуантӕ.

[17] Курын уӕ, ӕфсымӕртӕ, уӕхи хизут, цӕуыл сахуыр стут, уыцы ахуырад чи ницӕмӕ дары, афтӕмӕй аргъуантӕ чи дих кӕны ӕмӕ фӕкӕлыны хос чи у, уыдонӕй – ӕмгӕрон сӕм ма цӕут.

[18] Ахӕмтӕ нӕ Хицау Чырыстийӕн нӕ кусынц, фӕлӕ сӕ чъизи мондӕгтӕн, рӕсугъд ӕмӕ козбау ныхӕстӕй фӕливынц, ӕнӕхин чи у, уыдоны.

[19] Фарны уацӕн коммӕгӕс кӕй стут, уый алкӕмӕн дӕр зындгонд у. Уымӕ гӕсгӕ ӕз цин кӕнын сымах тыххӕй. Фӕнды мӕ, цӕмӕй хорз аразынмӕ уат зондджын, ӕвзӕрмӕ та ма арӕхсат.

[20] Ӕмӕ уын уӕд фарндӕттӕг Хуыцау рӕхджы уӕ къӕхты бын ныцъцъист кӕндзӕн хӕйрӕджы. Нӕ Хицау Йесойы хорзӕх уӕд уемӕ. Амен.

[21] Саламтӕ уын дӕттынц ме 'мкусӕг Тимофей, мӕ хӕстӕджытӕ Луций, Иасон ӕмӕ Сосипатр.

[22] Чырыстон салам уын дӕттын ӕз дӕр, Тертий, Павелы ацы ныхӕстӕ ныффыссӕг.

[23] Салам уын дӕтты мӕ фысым, ӕппӕт аргъуан кӕй хӕдзары ӕрӕмбырд вӕййы, уыцы Гай. Саламтӕ уын дӕттынц Эраст, сахары ӕхцафснайӕг, ӕмӕ не 'фсымӕр Кварт.

[24] Нӕ Хицау Йесо Чырыстийы хорзӕх уеппӕты дӕр уӕд. Амен.

Ромӕгтӕм — Chapters