[1] Хуыцау бирӕ хӕттыты ӕмӕ алы хуызты рагӕй-ӕрӕгмӕ нӕ фыдӕлтимӕ ныхас кодта пехуымпарты дзыхӕй.
[2] Абон та, рӕстӕджы кӕрон, немӕ дзырдта, дун-дуне Кӕй фӕрцы сфӕлдыста ӕмӕ ӕппӕтӕн дӕр бындарӕй Кӕй сӕвӕрдта, Йӕ уыцы Фырты дзыхӕй.
[3] Фырт у Хуыцауы намысы тӕмӕнкалгӕ рухс; Фыды ӕмӕ Фырты ӕрдзыхъӕд иу у. Фырт ӕппӕтыл дӕр хӕцы Йӕ тыхджын ныхасӕй; мах ссыгъдӕг кодта тӕригъӕдтӕй ӕмӕ уӕлӕрвты сбадти Дунедарӕджы рахиз фарс.
[4] Хуыцау Ын цы ном радта, уый зӕдты нӕмттӕй цас кадджындӕр у, уыйбӕрц Фырт фӕуӕлдӕр уыдонӕй.
[5] Уымӕн ӕмӕ Хуыцау зӕдтӕй кӕд кӕмӕн загъта: «Ды Мӕ Фырт дӕ, Ды Мын абон райгуырдтӕ»? Ӕмӕ ноджыдӕр: «Ӕз Йӕ Фыд уыдзынӕн, Уый та Мӕ Фырт уыдзӕн»?
[6] Йӕ иунӕг Фырты дунемӕ хонгӕйӕ та Хуыцау загъта: «Табу Йын кӕнӕнт Хуыцауы ӕппӕт зӕдтӕ».
[7] Зӕдты тыххӕй Сыгъдӕг Фысты загъд у: «Дӕ зӕдты фестын кӕныс дымгӕтӕ, Дӕ цумагӕнӕнты – пиллон арт».
[8] Фырты тыххӕй та афтӕ загъд у: «Ды, Хуыцау, паддзахиуӕг кӕндзынӕ мыггагмӕ, Ды раст ӕлдариуӕг кӕныс Дӕ Паддзахады.
[9] Ды бауарзтай рӕстдзинад ӕмӕ Дын ӕнӕуынон у тӕригъӕд. Уымӕ гӕсгӕ Дӕу, Хуыцау, Дӕ Хуыцау де 'мбӕлттӕй уӕлдӕр сӕвӕрдта; байсӕрста Дӕ циндӕттӕг зетийӕ».
[10] Ноджыдӕр загъд у: «Раздӕр Ды, Хицау, бындур ӕрӕвӕрдтай зӕххӕн, ӕмӕ арв дӕр Ды сфӕлдыстай.
[11] Уыдонӕн ӕрцӕудзӕни кӕрон, Ды та дӕ ӕмӕ уыдзынӕ мыггагмӕ. Ӕппӕт дӕр ныххӕррӕгъ уыдзӕни дарӕсау,
[12] Ды сӕ стухдзынӕ пӕлӕзау, ӕмӕ сӕ раивдӕуыдзӕн дарӕсау. Ды та цы дӕ, уымӕй баззайдзынӕ, ӕмӕ Дӕ царды бонтӕ нӕ фӕуыдзысты».
[13] Хуыцау зӕдтӕй кӕд кӕмӕн загъта: «Сбад Мӕ рахиз фарс, цалынмӕ Дын Де знӕгты Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрон, уӕдмӕ»?
[14] Зӕдтӕ сеппӕт дӕр цумагӕнӕн удтӕ не сты, мыййаг? Ӕмӕ сӕ Хуыцау ӕрвиты, чи хъуамӕ фервӕза, уыдоны сӕраппонд балӕггад кӕнынмӕ.