[1] Павелӕй, Йесо Чырыстийы сӕраппонд ахӕстӕй, ӕмӕ ӕфсымӕр Тимофейӕ – нӕ уарзон ӕмкусӕг Филимонмӕ,
[2] Нӕ [уарзон] хо Апфиамӕ, не 'мтохгӕнӕг Архиппмӕ, ӕмӕ дӕ хӕдзары цы аргъуан ӕмбырд кӕны, уымӕ.
[3] Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Хицау Йесо Чырыстийӕ.
[4] Ӕз ӕдзух бузныг фӕзӕгъын мӕ Хуыцауӕн, мӕ куывды дӕу тыххӕй дӕр куы фӕкувын, уӕд.
[5] Уымӕн ӕмӕ ӕз хъусын, Хицау Йесойыл куыд тынг ӕууӕндыс, ӕппӕт сыгъдӕджыты цы уарзтӕй уарзыс, уый тыххӕй.
[6] Ӕз кувын, немӕ дын иумӕйаг цы уырнындзинад у, цӕмӕй уый ахъаз уа, Чырыстийы сӕраппонд хорзӕй саразын нӕ бон цы у, уый базонынӕн.
[7] Дӕ уарзт нын ӕрхаста стыр цин ӕмӕ нӕ ныфс бауагъта, уымӕн ӕмӕ ды, ме 'фсымӕр, барӕвдыдтай сыгъдӕджыты зӕрдӕтӕ.
[8] Уымӕ гӕсгӕ, дӕуӕн цы саразын ӕмбӕлы, кӕд мӕм Чырыстийӕ уыцы бардзырд раттыны бар ис,
[9] Уӕддӕр дӕ уарзондзинады сӕраппонд хуыздӕрыл нымайын дӕумӕ ӕрхатын. Ӕз, зӕронд Павел, ныр та ма Йесо Чырыстийы сӕраппонд ахст лӕг дӕр,
[10] Хатын дӕумӕ, ахӕстоны куы уыдтӕн, уӕд мӕ хъӕбул чи сси, уыцы Онисимы тыххӕй.
[11] Кӕддӕр дын уый пайда нӕ уыди, ныр та дӕуӕн дӕр ӕмӕ мӕнӕн дӕр пайда у. Ӕмӕ дӕм ӕй ӕрвитын фӕстӕмӕ,
[12] Цыма дын мӕ зӕрдӕ дӕттын, афтӕ.
[13] Хъавыдтӕн ӕй мемӕ ныууадзынмӕ, фарны уацы сӕраппонд цалынмӕ ахӕстоны дӕн, уӕдмӕ мын дӕ бӕсты ӕххуыс куыд кодтаид.
[14] Фӕлӕ мӕ де 'вастӕй ницы бакӕнын бафӕндыди, цӕмӕй дӕ уыцы хорз хъуыддаг ӕнӕбары ма рауайа, фӕлӕ барвӕндонӕй.
[15] Дӕуӕй цыбыр ӕмгъуыдмӕ, чи зоны, уый тыххӕй фӕхицӕн, цӕмӕй йыл сӕмбӕлай ӕхсызгонӕй ӕмӕ мыггагмӕ уа демӕ,
[16] Ӕмӕ дын цагъар мауал уа, фӕлӕ цагъарӕй уӕлдӕр – уарзон ӕфсымӕр. Ӕз ӕй бирӕ уарзын, ды та йӕ ноджы фылдӕр бауарздзынӕ, канд адӕймагау нӕ, фӕлӕ Хицауимӕ кӕй ис, уый тыххӕй дӕр.
[17] Уӕдӕ кӕд мемӕ ӕмзӕрдӕ дӕ, уӕд ыл баузӕл, мӕныл куыд баузӕлис, афтӕ.
[18] Кӕд истӕмӕй дӕ хъыджы бацыди, кӕнӕ дӕ исты дары, уӕд ӕй нымай мӕ хӕсыл.
[19] Ӕз, Павел, фыссын мӕхи къухӕй: бафиддзынӕн дын ӕй. Ды мӕнӕй цы дарыс – уый дӕхӕдӕг дӕ, ӕмӕ дын уыцы хӕсы кой нӕ кӕнын.
[20] Уӕдӕ, ме 'фсымӕр, мӕн фӕнды, Хицауимӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ дӕуӕй пайда райсын; Чырыстийы сӕраппонд барӕвдау мӕ зӕрдӕ.
[21] Ӕз дӕм ныффыстон, кӕй мӕм байхъусдзынӕ, ууыл фидарӕй ӕууӕндгӕйӕ. Цӕй тыххӕй дын загътон, уымӕй фылдӕр кӕй сараздзынӕ, уый зонын.
[22] Уыимӕ ма мын ӕрцӕттӕ кӕн уат дӕр. Уымӕн ӕмӕ мӕ зӕрдӕ дарын, Хуыцау дзуапп кӕй ратдзӕн уӕ куывдӕн ӕмӕ мӕ кӕй балӕвар кӕндзӕн сымахӕн.
[23] Саламтӕ дын дӕттынц, Йесо Чырыстийы сӕраппонд мемӕ ахӕстоны чи ис, уыцы Эпафрас,
[24] Стӕй ме 'мкусджытӕ Марк, Аристарх, Димас ӕмӕ Лука.
[25] Нӕ Хицау Йесо Чырыстийы хорзӕх уемӕ уӕд.