Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 3:23

[1] Уӕдӕ цы фехъуыстам, уымӕ хъуамӕ здахӕм уӕлдай ӕргом, цӕмӕй ма фӕдзӕгъӕл уӕм.

[2] Зӕдты фӕрцы загъд цы ныхас ӕрцыд, уымӕн ӕнӕххӕстгӕнгӕ куы нӕ уыд, ӕмӕ-иу Ӕгъдау фехалыны ӕмӕ коммӕ нӕ бакӕсыны тыххӕй адӕймаг алкӕддӕр аккаг ӕфхӕрд куы баййӕфта,

[3] Уӕд мах куыд баззайдзыстӕм ӕнӕфхӕрдӕй, уыцы стыр ирвӕзындзинадыл ӕнувыд куы нӕ уӕм, уӕд? Ацы ирвӕзындзинады тыххӕй фыццаг дзырдта Хицау, ӕмӕ йыл мах фидарӕй баууӕндын кодтой, Уымӕй йӕ чи фехъуыста, уыдон.

[4] Уыцы уац ӕцӕг кӕй у, уый Хуыцау Йӕхӕдӕг равдыста ӕвдисӕйнӕгтӕй, диссӕгтӕй, алыхуызон домбай хъуыддӕгтӕй, Сыгъдӕг Уд цы курдиӕттӕ дӕтты, уыдонӕй Йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ бахай кӕнынӕй.

[5] Цы фидӕны дун-дунейы кой кӕнӕм, уый Хуыцау зӕдты дӕлбар нӕ бакодта.

[6] Афтӕ кӕй у, уый тыххӕй чидӕр Сыгъдӕг Фысты загъта: «Цы у адӕймаг, ӕмӕ йыл Ды тыхсай? Кӕнӕ цы у адӕймаджы фырт, ӕмӕ йыл Ды мӕт кӕнай?

[7] Цыбыр ӕмгъуыдмӕ йӕ сӕвӕрдтай зӕдтӕй дӕлдӕр, радтай йын кад ӕмӕ намыс. [Цы сфӕлдыстай, уый йын бакодтай йӕ бар.]

[8] Ӕппӕт дӕр ын ӕрӕвӕрдтай йӕ къӕхты бын». Хуыцау ын ӕппӕт дӕр йӕ дӕлбар куы бакодта, уӕд ын йӕ дӕлбар цы нӕ бакодта, ахӕмӕй ницыуал ныууагъта. Ныртӕккӕ та нӕма уынӕм, ӕппӕт дӕр йӕ дӕлбар кӕй у, уый.

[9] Фӕлӕ мах уынӕм, цыбыр ӕмгъуыдмӕ зӕдтӕй дӕлдӕр Кӕй сӕвӕрдӕуыд, уыцы Йесо Йӕ мӕлӕты руаджы кӕй схайджын кад ӕмӕ намысӕй. Уымӕн ӕмӕ хорзӕхджын Хуыцауы бафӕндыд, Йесо алкӕй сӕраппонд дӕр мӕлӕт куыд бавзара.

[10] Ӕппӕт дӕр Кӕмӕн у ӕмӕ ӕппӕт дӕр Кӕй фӕрцы фӕзынд, уыцы Хуыцауы бафӕндыд Йӕ бирӕ хъӕбулты намысмӕ ӕрхонын. Ӕмӕ уый тыххӕй хъизӕмӕртты фӕрцы Йесойы уыдонӕн скодта алцӕмӕй дӕр ӕххӕст Ирвӕзынгӕнӕг.

[11] Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕггӕнӕг дӕр, стӕй чи ссыгъдӕг, уыдон иууылдӕр иунӕг Хуыцауӕй сты. Уымӕ гӕсгӕ сӕ Йе 'фсымӕртӕ хонын Чырысти ӕфсӕрмыйагыл нӕ нымайы ӕмӕ зӕгъы:

[12] «Дӕ ном фехъусын кӕндзынӕн Ме 'фсымӕртӕн, се 'мбырды ӕппӕлдзынӕн Дӕуӕй».

[13] Ӕмӕ ноджыдӕр: «Ӕз Ыл дардзынӕн Мӕ зӕрдӕ». Ӕмӕ ноджыдӕр: «Мӕнӕ Ӕз Мӕхӕдӕг ӕмӕ Мын Хуыцау кӕй радта, Мӕ уыцы хъӕбултӕ».

[14] Уӕдӕ хъӕбултӕ туг ӕмӕ стӕгӕй кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ Чырысти дӕр сси уыдоны халдих, цӕмӕй Йӕ мӕлӕты фӕрцы мӕлӕты ӕлдары – хӕйрӕджы – ӕнӕхай фӕкӕна йӕ хъаруйӕ,

[15] Ӕмӕ ссӕрибар кӕна, сӕ цӕргӕбонты мӕлӕты тасӕй цагъар чи уыд, уыдоны.

[16] Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Уый райста зӕдты ӕрдзыхъӕд нӕ, фӕлӕ Авраамы байзӕддаджы ӕрдзыхъӕд.

[17] Йесо алцӕмӕй дӕр хъуамӕ уыдаид Йе 'фсымӕрты хуызӕн, цӕмӕй Хуыцауы раз суа уарзӕгой ӕмӕ иузӕрдион Алчер ӕмӕ ӕрхӕсса Хуыцауимӕ фидауынгӕнӕг нывонд адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй.

[18] Ӕмӕ Йӕхӕдӕг фӕлварӕнтӕ кӕй бавзӕрста, уымӕ гӕсгӕ Йӕ бон у, фӕлварӕнты чи бахауы, уыдонӕн баххуыс кӕнын.

Дзуттӕгтӕм — Chapters