Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 3:30

[1] Уӕдӕ ныууадзӕм Чырыстийы ахуырады абетӕ ӕмӕ не 'ргом аздахӕм, хъомылӕн цы ӕмбӕлы, уымӕ. Ма бавналӕм ногӕй бындур ӕвӕрынмӕ – мауал ахуыр кӕнӕм мӕлӕтхӕссӕг хъуыддӕгтыл ӕрфӕсмон кӕныныл ӕмӕ Хуыцауыл ӕууӕндыныл,

[2] Алыхуызон аргъуыдтыл, къухтӕ ӕрӕвӕрыныл, мӕрдты райгасыл ӕмӕ мыггагмӕйы тӕрхон рахӕссыныл.

[3] Нӕ фӕлӕ Хуыцау фадат куы ратта, уӕд нӕ къухы бафтдзӕни дарддӕр ацӕуын.

[4] Уымӕн ӕмӕ иу хатт рухс кӕй зӕрдӕйы ссыгъдӕуыд, уӕларвон хорзӕхы ад чи базыдта ӕмӕ Сыгъдӕг Удӕй чи схайджын,

[5] Хуыцауы ныхас куыд арфӕйаг у, уый чи базыдта, фидӕны дунейы цы тых ӕвдыст ӕрцӕудзӕн, уый чи банкъардта,

[6] Ӕмӕ уый фӕстӕ уырнындзинад чи ныууагъта, уыдонӕн дыккаг хатт фӕсмонмӕ ӕркӕнӕн нал ис, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Фырты ногӕй сӕ зӕрдӕты байтындзынц дзуарыл ӕмӕ Йӕ ӕгад кӕнынц.

[7] Бирӕ къӕвдатӕй ӕфсӕст ӕмӕ йӕм чи зилы, уыдонӕн цардыхосы зайӕгхал дӕттӕг зӕхх арфӕгонд вӕййы Хуыцауӕй;

[8] Сындз ӕмӕ пыхсы бын чи фӕвӕййы, уыцы зӕхх та ницӕмӕн бӕззы ӕмӕ у ӕлгъыстӕввонг, ӕппынфӕстаг арты амӕддаг бауыдзӕн.

[9] Ӕниу, кӕд дзургӕ афтӕ кӕнӕм, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, уӕддӕр ӕууӕндӕм, сымах хуыздӕр уавӕры кӕй стут ӕмӕ ирвӕзындзинады фӕндагыл кӕй цӕут, ууыл.

[10] Уымӕн ӕмӕ Хуыцау раст у, ӕмӕ Дзы нӕ ферох уыдзӕн, сыгъдӕджытӕн цы лӕггад бакодтат ӕмӕ кӕнут, уымӕй Йӕ кадӕн цы фӕллой ӕмӕ уарзондзинад равдыстат, уый.

[11] Мах бӕллӕм, цӕмӕй уӕ алчидӕр кӕронмӕ баззайа ахӕм ӕнувыдӕй ӕмӕ ӕххӕстӕй райса, йӕ зӕрдӕ цӕуыл дары, уый.

[12] Ма сут зивӕггӕнаг, фӕлӕ фӕзмут, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕры, уый уырнындзинады ӕмӕ фӕразоны фӕрцы чи райсы, уыдоны.

[13] Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ куы ӕвӕрдта, уӕд ын Йӕхицӕй сомы кодта, уымӕн ӕмӕ Йӕхицӕй уӕлдӕр кӕмӕй расомы кодтаид, ахӕм нӕ уыди.

[14] Хуыцау загъта: «Ӕцӕгӕй дӕ Мӕ арфӕты бын фӕкӕндзынӕн ӕмӕ дын ратдзынӕн тынг бирӕ цот».

[15] Ӕмӕ фӕразонӕй бирӕ фенхъӕлмӕ кӕсыны фӕстӕ Авраам райста, Хуыцау ын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый.

[16] Адӕм сомы кӕнынц сӕхицӕй уӕлдӕрӕй, ӕмӕ сӕ ныхас раст кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн вӕййы сӕ уыцы сомы, ӕмӕ уӕд алы быцӕуӕн дӕр ӕрцӕуы кӕрон.

[17] Афтӕ Хуыцау дӕр Йӕ зӕрдӕвӕрд сфидар кодта сомыйӕ; зӕрдӕ сын цӕмӕй бавӕрдта, уый чи хъуамӕ райстаид, уыдонӕн Йӕ сомыйӕ бӕлвырд равдыста, Йӕ фӕндон кӕй никуы аивдзӕн, уый.

[18] Хуыцауы зӕрдӕвӕрд ӕмӕ сомыйӕн ивӕн нӕй, ӕмӕ дзы Хуыцауы бон мӕнг зӕгъын нӕу. Йӕ уыцы дыууӕ хъуыддаджы махӕн дӕттынц стыр ныфс, ӕмӕ мах, Хуыцауы дӕлбазыр ӕмбӕхсӕн ссарджытӕ, фидар хӕцӕм, зӕрдӕ нын цӕмӕй бавӕрдта, ууыл.

[19] Уыцы зӕрдӕдарӕн махӕн у науӕнгуырау ӕдас ӕмӕ фидар, ӕмӕ кӕны фӕсӕмбӕрзӕнмӕ – Иууылсыгъдӕг Бынатмӕ,

[20] Мелхиседекы хуызӕн Алчер мыггагмӕ Чи сси, уыцы Йесо нӕ сӕраппонд фӕндагамонӕгӕй кӕдӕм бацыди, уырдӕм.

Дзуттӕгтӕм — Chapters