[1] Уӕдӕ, мӕ сыгъдӕг ӕфсымӕртӕ, уӕларвмӕ хуындтытӕ, уӕ зӕрдӕ саразут Хуыцауы Минӕвармӕ – ӕргомӕй кӕуыл хӕцӕм, нӕ уыцы уырнындзинады Алчер Йесомӕ.
[2] Моисей Хуыцауы ӕппӕт хӕдзары куыд иузӕрдион уыд, афтӕ Йесо дӕр иузӕрдион у, Алчерӕй Йӕ Чи сӕвӕрдта, Ууыл.
[3] Фӕлӕ хӕдзар саразӕг хӕдзарӕй куыд кадджындӕр у, афтӕ Йесо дӕр Моисейӕ стырдӕр намысы аккаг у.
[4] Уымӕн ӕмӕ алы хӕдзарӕн дӕр ис аразӕг, фӕлӕ ӕппӕт дӕр Хуыцау сарӕзта.
[5] Моисей иузӕрдион уыди Хуыцауы ӕппӕт хӕдзары, фӕлӕ лӕггадгӕнӕгау, цӕмӕй ӕвдисӕн уа, фидӕны цы загъд уыдзӕн, уымӕн.
[6] Чырысти та Фыртау ӕнувыд у. Ӕвӕрд ӕрцыд Хуыцауы ӕппӕт хӕдзары сӕргъы, уыцы хӕдзар та мах стӕм, ныфсджын куы уӕм ӕмӕ цы зӕрдӕдарӕнӕй ӕппӕлӕм, ууыл ӕнувыд куы разынӕм, уӕд.
[7] Сыгъдӕг Уд афтӕ зӕгъы: «Абон Хуыцауы хъӕлӕс куы фехъусат,
[8] Уӕд уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут, уӕ фыдӕлтӕ ӕдзӕрӕг бӕстӕйы Йӕ ныхмӕ куы сыстадысты ӕмӕ Йӕ куы фӕлвӕрдтой, уӕдау.
[9] Фӕлвӕрдтой Мӕ уым, къахтой Мӕ, ӕмӕ дыууиссӕдз азы дӕргъы уыдтой Мӕ хъуыддӕгтӕ.
[10] Уымӕ гӕсгӕ Ӕз смӕсты дӕн уыцы фӕлтӕрмӕ ӕмӕ загътон: сӕ зӕрдӕтӕ ӕдзух адзӕгъӕл вӕййынц, нӕ базыдтой Мӕ фӕндӕгтӕ.
[11] Ӕмӕ Ӕз мӕстӕлгъӕдӕй расомы кодтон: уыдон Мӕ фӕлладуадзӕнмӕ никуы бацӕудзысты».
[12] Уӕдӕ кӕсут уӕхимӕ, ӕфсымӕртӕ, ахӕм ӕвзӕр ӕмӕ хивӕнд зӕрдӕ уӕ макӕмӕн разынӕд, ӕмӕ Цардӕгас Хуыцауы ныууадза.
[13] Фӕлӕ ма цалынмӕ «абон» дзурӕн ис, уӕдмӕ ӕрвылбон ныфс дӕттут кӕрӕдзийӕн, цӕмӕй тӕригъӕд макӕй асайа сымахӕй ӕмӕ йӕ зӕрдӕ макӕмӕн ныддур уа.
[14] Уымӕн ӕмӕ мах Чырыстиимӕ ӕмхайджынтӕ стӕм, райдианы нӕм цы уырнындзинад уыди, ууыл кӕронмӕ фидарӕй куы хӕцӕм, уӕд.
[15] Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Абон Хуыцауы хъӕлӕс куы фехъусат, уӕд уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут, уӕ фыдӕлтӕ Йӕ ныхмӕ куы сыстадысты, уӕдау».
[16] Уымӕн ӕмӕ Моисей Мысырӕй кӕй ракодта, уыдон Хуыцауы хъӕлӕс куы фехъуыстой, уӕд Йӕ ныхмӕ сыстадысты, ӕрмӕст сеппӕт нӕ.
[17] Дыууиссӕдз азы дӕргъы Хуыцауы маст кӕмӕ фыхти? Тӕригъӕды чи бафтыд ӕмӕ се стджытӕ ӕдзӕрӕг бӕстӕйы кӕмӕн баззадысты, уыдонмӕ Йын нӕ фыхти, ӕви?
[18] Ӕгоммӕгӕстӕй дарддӕр кӕмӕн расомы кодта Хуыцау, Мӕ фӕлладуадзӕнмӕ никуы бацӕудзысты, зӕгъгӕ?
[19] Уӕдӕ мах уынӕм: хивӕнд кӕй уыдысты, уый тыххӕй сын нӕ бантыст бацӕуын.