Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 2:30

[1] Нӕ ныхасы сӕр та мӕнӕ уый у: махӕн ис, уӕлӕрвты Дунедарӕджы рахиз фарс Чи сбадт, ахӕм Алчер.

[2] Уый лӕггад кӕны ӕцӕг кувӕндоны – адӕймаг нӕ, фӕлӕ Хуыцау кӕй сарӕзта, уыцы Сыгъдӕг Цатыры.

[3] Алы алчеры дӕр сӕвӕрдӕуы хуынтӕ ӕмӕ нывондтӕ ӕрхӕссынӕн. Уымӕ гӕсгӕ хъуыди, цӕмӕй Уымӕ дӕр уыдаид, нывондӕн цы ӕрхастаид, уый.

[4] Уый зӕххыл куы уаид, уӕд Алчер дӕр нӕ уыдаид. Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нывондтӕ чи хӕссы, ам, зӕххыл, ахӕм алчертӕ ис.

[5] Уыдон лӕггад кӕнынц, уӕларвы цы ис, уымӕн ӕрмӕстдӕр йӕ фӕлгонц ӕмӕ йӕ аууон чи у, уыцы кувӕндоны – Моисей Сыгъдӕг Цатыр аразынмӕ куы бавнӕлдта, уӕд ын Хуыцау куыд загъта, афтӕ: «Хъусыс, ӕппӕт дӕр сараз, хохыл дын куыд равдыстӕуыд, уымӕ гӕсгӕ».

[6] Фӕлӕ Йесо цы Алчеры куыст райста, уый уыдоны куыстӕй уӕлдӕр у, уымӕн ӕмӕ Йесо хуыздӕр фидыды Ӕхсӕнылӕг у ӕмӕ уыцы фидыд хуыздӕр зӕрдӕвӕрдыл ӕнцой кӕны.

[7] Уымӕн ӕмӕ фыццаг фидыд куы ницы хъуаг уыдаид, уӕд дыккаджы сӕр нӕ бахъуыдаид.

[8] Фӕлӕ сын Хуыцау уайдзӕф кӕны: «Мӕнӕ ралӕудзӕн рӕстӕг, зӕгъы Хуыцау, ӕмӕ Израилы байзӕддагимӕ ӕмӕ Иудӕйы байзӕддагимӕ Ӕз сараздзынӕн ног фидыд.

[9] Уый нӕ уыдзӕн, мысыраг зӕххӕй ракӕныны тыххӕй сын сӕ фыдӕлты къухыл куы рахӕцыдтӕн, уӕд уыдонимӕ цы фидыд сарӕзтон, ахӕм. Уымӕн ӕмӕ уыдон Мӕ уыцы фидыдмӕ гӕсгӕ нӕ цардысты, ӕмӕ сӕ Ӕз ныууагътон, зӕгъы Хуыцау.

[10] Мӕнӕ, зӕгъы Хуыцау, уыцы бонты фӕстӕ Израилы байзӕддагимӕ кӕй сараздзынӕн, уыцы фидыд: сӕ зонды сын нывӕрдзынӕн ӕмӕ сӕ зӕрдӕтыл ныффысдзынӕн Ме 'гъдӕуттӕ, ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та уыдзысты Мӕ адӕм.

[11] Уӕд алчи йе 'мбӕстаджы ӕмӕ йе 'фсымӕры нӕ ахуыр кӕндзӕн ӕмӕ йын нӕ дзурдзӕн: „Базон Хуыцауы", уымӕн ӕмӕ иууылдӕр, стырӕй-чысылӕй, зондзысты Мӕн.

[12] Уымӕн ӕмӕ сын Ӕз ныббардзынӕн сӕ галиу митӕ, сӕ тӕригъӕдтӕ сын нал ӕрымысдзынӕн».

[13] Уыцы фидыд ног схонгӕйӕ, Хуыцау фенын кодта, фыццаг фидыд кӕй базӕронд, уый. Цы ныххӕррӕгъ ӕмӕ базӕронд уа, уымӕн та йе сӕфт ӕрӕввахс вӕййы.

Дзуттӕгтӕм — Chapters